Ерыстæй рауад бæрæгбон

0
1037

Бæрæгбонау зæрдæмæдзæугæ æмæ цымыдисаг рауад 27-28 февралы Цæгат Ирыстоны чемпионат уæззау атлетикæйæ Хъуылаты Бадзийы номыл Спортивон Галуан «Манеж»-ы.

Ерыстæ гом кæнгæйæ нæ республикæйы физкультурæ æмæ спорты министр Бæройты Хасан йæ арфæйы ныхасы загъта: «Уæззау атлетикæйæ Ирыстоны спортсменты æнтыстытæ зындгонд сты æгас дунейы дæр. Нæ зæрдæ дарæм, ацы аз дæр та Олимпаг хъæзтыты нæ фæсивæд сæрæнæй кæй архайдзысты, ууыл. Нæ абоны чемпионаты архайынц, Уæрæсейы Олимпаг командæмæ чи тырны, уыдонæй дыууæ — Хуыгаты Хетæг æмæ Наниты Тимур. Уырны нæ, уыдон Æлбегаты Руслан æмæ Тъуриты Тимæимæ Олимпаг балцæгтæ кæй райсдзысты, уый!» Æфсæйнаг штангæимæ тохы цы 150 спортсмены бацыдысты, уыдонимæ уыдысты 11 чызджы дæр. Се ‘хсæн нæ уыдысты дунейы чемпионкæ Тъуриты Тимæ æмæ Æлбегаты Руслан. Ныртæккæ Уæрæсейы иугонд командæимæ сты сæрмагонд ахуырты. Нæ чызджытæн сæ фылдæр кæд нырма хæрзæрыгæттæ сты, уæддæр сæхи равдыстой сæрæнæй, æмæ фидæны сæ бæрæггæнæнтæ хуыздæрæй-хуыздæр кæй кæндзысты, уый гуырысхойаг нæу. Сæ уæзты уæлахиздзаутæ систы: 48 кг — Гаситы Маринæ (спортивон клуб «Ковчег», йæ тренер Гаситы Руслан), 53 кг — Челæхсаты Мæдинæ (СК «Дедал», тренер Тогойты Æхсар), ацы уæзы 2-аг бынатмæ рацыди Кристинæ Ерж (Хæххон аграрон университет, тренер Сохиты Мæирбег). 58кг — Медойты Регинæ (ХАУ, тренер Сохиты Мæирбег). 2-аг бынат бацахста Виктория Костова (Ногир, тренер Мерденты Уырызмæг). 63кг — Къæбулты Мæдинæ (ХАУ, тренер Сохиты Мæирбег), 2-аг бынатмæ рацыди Дриаты Лаурæ (СК «Ковчег», тренер Гаситы Руслан), 69кг — Хъайтыхъты Аллæ (СК «Дедал», тренер Тогойты Вадим), 2-аг бынаты Соттиты Янæ (Горæтгæрон район, тренер Дзгойты Олег), 75кг — Секъойты Дианæ (СК «Ковчег», тренер Гаситы Руслан). Нæлгоймæгты ерысы æппæты рогдæр уæзты (56кг, 62кг) архайдтой хæрзæрыгон лæппутæ æмæ кæд стыр уæзтæ нæ систой, уæддæр сæ хъæбатыр архайдæй сæхи бауарзын кодтой спортуарзджытæн. 56 кг уæзы 1-аг бынат бацахста Бидеты Сослан («Динамо», тренер Бидеты Алан), 2-аг бынатмæ рацыд Тогойты Виктор (Æрыдон, тренер Тогойты Владимир), 62кг уæзы фæуæлахиз Хæххон-аграрон университеты студент Куымæриттаты Феликс (тренер Сохиты Мæирбег). 2-аг бынат та бацахста Дзæгъойты Георги (Ногир, тренер Наниты Руслан). 69 кг уæзы 1-аг бынатыл тох цыди Тогойты Вадимы хъомылгæнинаг Медойты Адам (Дигора) æмæ Æлборты Русланы ахуыргæнинаг Тедеты Русланы ‘хсæн (Грекъаг-ромаг хъæбысхæсты скъола). Сæ ерысы æппынфæстаг фæуæлахиз Медойты Адам. Уый дыууæ хуызы систа 249 кг (119 + 130). Тедеты Руслан ацы хатт бацахста 2-аг бынат. 232 кг (107 + 125). Сæ уæзы 3-аг бынатмæ рацыди Дзылыхты Артур 200 кг (87 + 113, тренер Æлборты Руслан). 77 килограммы онг уæзы Æлборты Русланы хъомылгæнинаг Джиголаты Сæрмæт зынгæ тыхджындæр уыд йæ ныхмæлæуджытæй æмæ фæуæлахиз, кæд дыууæ хуызы истæй йæ хуыздæр бæрæггæнæнæй къаддæр равдыста, уæддæр. Сæрмæт систа 255 (120 + 135). Йæ фæстæ 2-аг бынатмæ рацыд спортивон æхсæнад «Юность России»йы хъомылгæнинаг Сохиты Асаф 233 кг (113 + 120). Асафы тренер у Лазарты Владимир. Хорз рауад 85 килограммы онг уæзы Александр Сафарян æмæ Дмитрий Петровы ерыс дæр. Ацы дыууæ спорты мастеры сæ иннæ ныхмæлæуджытæй тыхджындæр кæй уыдысты, уый бæрæг уыд ерысты райдайæнæй дæр, фæлæ сæ 1-аг бынат чи бацахсдзæн, уый цымыдисаг уыди спортуарзджытæн. Динамовон Сафарян фæразæй ис фыццаг хуызы ерысты фæстæ. Уыцы-иу истæй йын бантыст 145 кг. Петров æрлæууыд 130 кг. (Йæ тренер Æлборты Руслан куыд загъта, афтæмæй, йæ хъомылгæнинаджы бахъыгдардта, иуцасдæр рынчын кæй уыд, уый). Дыккаг хуызы Петров æмæ Сафарян систой æмхуызон уæз — 160 кг æмæ афтæмæй Сафарян бацахста 1-аг бынат (305кг), Дмитрий Петров та — 2-аг (290кг). Ерыстæ æцæг спорты бæрæгбон скодтой нæ курдиатджын домбай лæппутæ Хуыгаты Хетæг æмæ Наниты Тимур. Ацы дыууæ ногираг лæппуйы Ирыстоны чемпионаты архайынмæ сæрмагондæй ссыдысты Уæрæсейы иугонд командæйы ахуыртæй Кисловодскæй. Раздæр куыд хъусын кодтам, афтæмæй уыдон сты нæ бæстæйы Олимпаг иугонд командæмæ кандидаттæ. Уый та стыр бæрнон хъуыддаг у, æмæ нæ республикæйы чемпионаты кæй архайдтой, уымæй срæсугъд кодтой æгас ерыстæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, се ‘мзæххонты ‘хсæн (Хетæг ерыс кодта 94 кг уæзы, Тимур та — 105 кг), уыдон уыдысты зынгæ тыхджындæр, фæлæ уый ерысты цыдыл фæзынд хорзæрдæм. Семæ цы лæппутæ ерыс кодтой, уыдонæн Хетæг æмæ Тимуры фæзынд уыди ныфсы хос æмæ уæндонæй архайдтой сæ раздæры бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр кæныныл. Уæззау штангæимæ хъæбатыр тохы бацыдысты иннæ лæппутæ дæр. 94 килограммы онг уæзы æрыгон штангисттæ Наниты Арсен, Дзгойты Таймураз, Мерденты Арсен, Тыбылты Сæрмæт ерыс кодтой призон бынат бацахсыныл. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хуыгаты Хетæг фыццаг бынат кæй бацахсдзæн, ууыл гуырысхо ничи кодта æмæ йæ фæстæ 2-аг æмæ 3-аг уæвын дæр бæллиццаг хъуыддаг уыд. Уый бакæнын бантыст 17-аздзыд ногираг лæппу Наниты Арсенæн (йæ тренер Наниты Руслан). Арсен дыууæ хуызы систа 269 кг (124+145). Йæ фæстæ 3-аг бынатмæ рацыди Дзгойты Таймураз (246 кг). Хуыгаты Хетæг штангæ исынмæ куы рацыд, уæд ын залы бадджытæ тыхджын къухæмдзæгъд сарæзтой. Уый фæд-фæдыл уыцы-иу истæй йæ сæрмæ систа 145, 155 æмæ æртыккаг истæн та 165 кг. Риуæй сæхсойгæйæ та равдыста 200 кг, иумæ та 365 кг. Уый, кæд Хетæгæн йæ хуыздæр бæрæггæнæнтæй зынгæ къаддæр у, уæддæр дзурæг у йе стыр авналæнтыл. Раст афтæ рауад Наниты Тимуры рацыд дæр. Тимур йæ фыццаг рацыды уыцы-иу ист скодта 150 кг, уый фæстæ та — 160 кг æмæ 170 кг. Риуæй сæхсойгæйæ та æнцонæй 220 килограммы куы систа, уæд залы уæвджыты къухæмдзæгъдмæ йæ мидбылхудгæйæ йæ сæрæй адæмæн кувгæйæ арфæ ракодта. Тимуры фæстæ 2-аг бынатмæ рацыд спартаковон Къæбысты Артур (йæ тренер Карсанаты Владимир). Артур дыууæ хуызы систа 330 кг (140+190). Ерысты кæрон сæ хъару æвзæрстой æппæты уæззаудæр атлеттæ. Æхсызгон уыди ерысгæнджытимæ дунеон къласы мастер Къуыдзилты Альберты фенын. Альберт ныр цалдæр азы дунеон ерысты архайы Гуырдзыстоны номæй æмæ Ирыстоны чемпионаты архайдта æнæ конкурсон уавæры. Альбертæн ацы ерыстæ, йæхи загъдау: «Уыдысты иуæй мæхи цæттæгæнынæн пайдайы хос, иннæмæй та мæ уарзон райгуырæн бæстæйы кæй рацыдтæн уæззæуттæ исæн сценæмæ, уый мæ зæрдæйæн цыдæр рухсдзинад дæтты». Куыдзилты Альберт систа 380 кг (180+200). Уæззау уæзы 1-аг бынат бацахста Къозонты Алан. 370 кг (170+200) Аланы тренер у Карсанаты Владимир («Спартак»). 2-аг бынатмæ рацыд æрыгон спортсмен, грекъаг-ромаг хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинаг Гæбуаты Мурат 325 кг (145+180) йæ тренер Æлборты Олег). 3-аг бынат бацахста Бидеты Аланы хъомылгæнинаг Годжыцаты Дмитри 310 кг (135+175 кг). Ерыстæй тынг разыйæ баззадысты спортуарзджытæ. Уæззау атлетикæйы скъолаты кусæг тренертæ æмхъæлæсæй бузныг дзырдтой нæ республикæйы уæззау атлетикæйы федерацийы президент Тасойты Æхсарæн. Уый та ацы хатт дæр тынг бацархайдта, цæмæй ерыстæ æппæтæй дæр рæвдзæй ацæуой, ууыл. Ныр 23-30 майы Дзæуджыхъæуы уыдзæн Уæрæсейы чемпионат, Олимпаг хъæзтытæм балцæгтæ чи райсдзæн, уыдон сбæлвырдгæнæн ахъаззаджы фæлварæн. Æмæ йæм хъуамæ нæ уæйыг фæсивæд сæхи хорз бацæттæ кæной.

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here