Фæрнæйдзаг фæд

0
1095

скачанные файлы (2)Историмæ бацыд 2015 аз. Æмæ мæн иунæг удæй раарфæ кæнын фæнды, нæхи мадæлон æвзагыл цы æрвылбонон газет цæуы, уый кусджытæн уыцы азы хорз куысты тыххæй. Æргомæй йæ зæгъын, «Рæстдзинад»-ы коллектив та дысвæлдæхтæй бафæллой кодта ивгъуыд азы дæр. Газетыл афтæ тынг сахуыр дæн æмæ æнæ уый мæ бон иунæг бон дæр нæу. Хатгай, фæлладуадзæн бонтæ куы бабирæ вæййынц, æмæ газет куы нæ фæцæуы, уæд сагъæс фæкæнын, уал боны куыд цæрдзынæн æнæ мæхи «Рæстдзинад», зæгъгæ. Фарон дæр та бирæ мидисджын æрмæджытæ бакастæн газеты фæрстыл. Фæлæ мæ газеты коллективæн уæлдай стырдæр арфæ ракæнын фæнды 2015 азы фæстаг номыры тыххæй. Ахæм цин ыл бакодтон æмæ диссаг. Мæхицæн загътон: ног азы фæлладуадзæн бонты цы кæсон, уый мын ис. Уæлдай бузныг газеты кусджытæн «Рæстдзинад»-ы бæзджын номыры тыххæй. Ныр дыккаг хатт рацыд газеты ногазон номыр афтæ бæзджынæй. Уымæй размæ ахæм хабар нæ хъуыды кæнын. 2016 азы уын ноджы фылдæр бантысæд, «Рæстдзинад»-ы кусджытæ!

pavelАбон мæн сæрмагондæй зæгъын фæнды, фарон 29 декабры газеты мыхуыргонд чи ‘рцыд, уыцы уац «Ирон фарнæй æххæст адæймаг»-ы тыххæй. Йæ автортæ Цыбырты Людвиг, Къæбысты Никъала, Джиоты Мурат æмæ Багаты Аврам æй ныффыстой Ирыстоны зындгонддæр хъæбултæй иу Тедеты Резойы фырт Павелы райгуырды 90 азы бонмæ. Æз дæр тынг хорз зыдтон Павелы. Куыстон ПМК-224-ы прорабæй æмæ арæзтон Горæтгæрон районы Тарскæйы æмæ Сунжæйы хъæуты Культурæйы хæдзæрттæ, стæй Сунжæйы колхозы правленийы хæдзар. Сунжæйы Культурæйы хæдзарæн йæ бындур скодтам, пъадвалы пъолтæ слæгъз кодтам лыстæг хуырæй. 1967 азы январы уыд æви февралы, уый нæ хъуыды кæнын, изæрæй адæм куысты фæстæ ацыдысты сæ хæдзæрттæм, æз ма цыдæртæ фыстон æмæ афæстиат дæн. Боныхъæд уыд хорз, фæлæ изæрырдæм мит тынг уарын райдыдта, æрбауазал кодта, афтæмæй мæ хъустыл æрцыд уæзласæн машинæты хъæр. Нæ арæзтады раз æрлæууыдысты бирæ машинæтæ бетонимæ. Æз шофырты афарстон, цæмæн æрбаластат бетон, æз куы никæмæй куырдтон, уæд, зæгъгæ. Уыдон мын радзырдтой, æндæр арæзтæдтæм æй ластой, фæлæ мит ныууарыд, æрбауазал кодта, æмæ йæ райсын сæ бон нæ бацис, уымæ гæсгæ, дам, æй ардæм æрбаластам, арæзтад стыр у, æмæ йын кæд ды исты амал скæнис. Нæ кусджытæй иу — Козаты Къузма хæстæг цард уым, æмæ йæм фæдзырдтон, арвыстон æй кусæг адæмы æрбамбырд кæнынмæ. Кусджытæ æнæзивæгæй пъадвалты мит сыгъдæг кæнынмæ бавнæлдтой, мæхæдæг хъуыды кæнын, бетон цæмæй ма ныссæла, уымæн цы бакæнон. Кæсын æмæ арæзтадмæ рог машинæ æрбатылд, рахызтис машинæйæ бæрзонд, хæрзконд лæг, кусджытæй кæйдæртимæ аныхæстæ кодта, стæй мæнмæ æрбацыд, бафарста мæ, кæд мыййаг истæмæй тыхсын. Радзырдтон ын мæ тыхсты тыххæй, стæй йæ бафарстон, чи у, уымæй. Афтæ базонгæ дæн Тедеты Павелимæ. Куы йæ базыдтон, уæд мын куыддæр фенцондæр. Бафарста мæ, ацы уазалы бетон нæ фесæфдзæн, зæгъгæ. «Бæргæ нæ фесæфид, фæлæ дукани дæр куы нал кусы, уырдыгæй райсин цæхх, байзæрин æй, æмæ сæлын нæ бауадзид бетон». Уæзласæн машинæтæй иуы арвыста, æмæ рæвдз фæстæмæ цæххимæ æрбаздæхт. Бетон йæ бынатыл сæмбæлын кодтам. Павел дæр нæ ацыд, цалынмæ куыст фестæм, уæдмæ. Иуварсæй æрбакæсгæйæ, æз æмæ Павелæй прораб чи уыд, уый бæрæг нæ уыд. Æхсæвы дæс сахатыл куыст куы фестæм, уæд мæ йæ машинæйы арвыста нæхимæ горæтмæ. Уый фæстæ арæх æмбæлдыстæм арæзтæдты. 1969 азы райдыдтон кусын районы капиталон арæзтады хайады. Фыццаг фæсмон кодтон, уырдæм кусынмæ кæй бацыдтæн, ууыл, цалынмæ Павел Резойы фырты бамбæрстон, уæдмæ. Йæхæдæг дæр куыста æмæ адæмы дæр кусын кодта. Адæм æй бирæ уарзтой, уымæн æмæ алкæмæн дæр районы йе ‘ххуысы хай кодта. Тедеты Павелы хъæппæрисæй Октябрыхъæуы цыбыр рæстæгмæ æрцыд зынгæ ивддзинæдтæ. Районы хицауады администрацийы бæстыхай арæзт куы ‘рцыд, уæд æрбаласта гыццыл наз бæлæстæ æмæ администрацийы кусджыты ракодта бæлæстæ садзынмæ бæстыхайы кæрты, æз дæр уыдтæн семæ. Срæсугъд кодтам кæрт. Зымæг-иу мит бирæ куы ныууарыд, уæд-иу райкомы фыццаг секретарь Тедеты Павел райсомæй раджы сæ хæдзарæй рацыд æмæиу наз бæлæстæн сæ миттæ æрцагъта. Абон дæр ма уыцы наз бæлæстæ лæууынц æмæ аив кæнынц районы центр. Бирæ хорз хъуыддæгтæ сарæзта Тедеты Резойы фырт Павел Горæтгæрон районы. Совхоз «Россия» (Майскийы хъæуы) дыргътæ æмæ халсарты куыст кодта. Иу хатт мæ йемæ акодта Майскийы хъæумæ. Быдыры иу ран бауромын кодта машинæ æмæ мæ бафарста: — Ацы ран цæмæй 120 стурæн бынат скæнæм, уый тыххæй цы хъæуы? — Фыццаджыдæр уал скæнын хъæуы проект. Уый мæм æрбакаст, бахудт, стæй хъазгæйæ афтæ: — Цæттæ хъуыддаг бабар кæн аразæгæн, æмæ йæ бабын кæндзæн. Проект ын кæй хъæуы, уый бæлвырд у, фæлæ æртæ мæйы фæстæ фос æрбаласдзыстæм, æмæ сын бынат нæй, ахъуыды кæн æмæ мын райсом зæгъ, куыд тагъддæр саразæн ис хъомдон, уый. Æртæ мæймæ зын саразæн уыд æнæ проектæй, фæлæ арæзт æрцыд Тедеты Резойы фырт Павелы хъæппæрисæй. Уым чи куыста, уыдонæн се’ппæтæн дæр саккаг кодта премитæ. Тыхст адæмæн Тедеты Павел уыдис стыр ныфс. Иу уалдзæг Джызæлдон тынг раивылд. Горæты хицауадæй бирæтæ æрбацыдысты хъæумæ æмæ архайдтой, дон цæмæй Джызæл æмæ Æрхонкæйы станицæйы ма батыхсын кодтаид, ууыл. Мæхæдæг дæр уым, афтæмæй машинæтæй хуыр ластам, бульдозертæй дамбæтæ фидар кодтам, фæлæ ныл дон тых кодта. Уалынмæ Тедеты Павел æрбахæццæ. Куы йæ федтам, уæд нæ ныфс, нæ хъарутæ фæдывæр сты. Куы бамбæрста, хъуыддаг хорз нæу, уый, уæд мæнæн афтæ зæгъы, дæлæ, дам, фермæйы уæле ис зæронд стыр бæлæстæ æмæ уыдон калын хъæуы, бæлæстæй йæ бауромдзыстæм. Æцæгдæр, дон нæ бауагътам ракæлын дамбæйы сæрты бæлæсты руаджы. Хорз фæд ныууагъта Павел йæ фæстæ æрмæст Горæтгæрон районы нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстоны дæр. 1973 азы Тедейы-фырты снысан кодтой республикæйы хъæууон хæдзарады министрæй, æз дæр райдыдтон уым кусын. 1981 азы г. Дзæуджыхъæуы змæстытæ куы уыдис, уæд, цæмæй адæм æрсабыр уыдаиккой, ууыл Тедеты Павел тынг бацархайдта. Мах, министрады кусджыты, Павел æрæмбырд кодта къуырисæры æмæ нын дружинникты сырх хæцъилæй уаццæгтæ бабæттын кодта нæ цæнгтыл. Æрлæууыдыстæм обкомы алыварс, уым трибунæйæ Тедеты Павел раныхас кодта адæмы раз. Иннæ бон, дыццæджы, адæмæй бирæтæ дружинникты сырх хæцъилтæ сæ цæнгтыл бакодтой æмæ æрлæууыдысты нæ фарсмæ. Ирыстоны колхозтæ æмæ совхозты алкæмдæр Павелы фæрцы сарæзтой фосдарæн комплекстæ. Мæй иу хатт колхозтæ æмæ совхозты разамонджыты æмбырд кодта йæхимæ, зыдта, кæцы совхозы кæнæ колхозы фæкъаддæр æхсыры æрдыгъд, кæнæ февзæрдæр йæ хæрзхъæддзинад, æмæиу уыдонæн тынг бауайдзæф кодта. Нæ зыдта йæхицæн æнцой, быдыртæ æмæ фермæтыл-иу фæлладуадзæн бонты æрзылд æмæ зыдта, кæм цы хъæндзинæдтæ ис, уый. Быдырты-иу куы федта электрон тыхдæттæн телыхъæдты алыварс кæрдæг æрзайгæ, уæддæр-иу бауайдзæф кодта зæххы хицауæн. Министрады аппараты кусджытæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кодтой сæ размæ æвæрд хæстæ, уымæн æмæ Павел йæхæдæг дæр афтæ куыста. Куыстмæ дæр раджы цыд, нæ уарзта æрæджы кæнын. Тедеты Павел цы бирæ хорз хъуыддæгтæ сарæзта Ирыстонæн, уыдонæн рохгæнæн нæй. Советон рæстæджы адæм сæ куысты истой фатертæ, фæлæ-иу рады бирæ азты лæууыдысты. Æз рады нæ лæууыдтæн, кæд мын фатер нæ уыд, уæддæр. Æз куыстон министрады капиталон арæзтады сæйраг инженерæй, æмæ мын бабар кодта фосæн гуырдзуадзæн станцæ-комплекс саразын. Цас рæстæгмæ срæвдз уыдзæн, зæгъгæ, мæ куы бафарста, уæд ын загътон мæ фæндон, дыууæ азмæ цæттæ кæй уыдзæн, уый. «Дыууæ азмæ куы скуса комплекс, уæд ды райсдзынæ фатер», — загъта министр. Тедеты Павел загъта, уæд дзы гæххæтт нæ хъуыд, йæ ныхасæн хицау уыд. Сарæзтам комплекс иу аз æмæ аст мæймæ, фæлæ мæнæн фатер радта раздæр — иу афæдз æмæ æхсæз мæймæ. Гъе, ахæм хорз лæг уыдис Тедеты Резойы фырт Павел.

ГÆЛÆБУТЫ Мухарбег,
фæллойы ветеран, Дзæуджыхъæу

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here