Не ‘взаг —нӕ сагъӕс, нӕ мӕт

0
250

 

Ӕз газет «Рӕстдзинад» рагӕй кӕсын. ӕнувыд ыл дӕн ме ‘взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ. Йӕ алы номыр, йӕ алы ӕрмӕг дӕр ын тынг ӕхсызгонӕй фӕкӕсын. Мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй газеты хайады сӕргълӕууӕг Цгъойты Хазби цы ӕрмӕджытӕ фӕфыссы, уыдонӕй иуы тыххӕй мӕ бафӕндыд мӕ хъуыдытӕ зӕгъын.

Бахатыр кӕн, Хазби. ӕз бакастӕн дӕ фыстӕг газет «Рӕстдзинад»-ы 2020 азы 18 августы. Йӕ сӕргонд «Кӕд нӕ хӕзна у, уӕд ыл цӕуылнӕ дзурӕм?!»

Бузныг, ирон ӕвзагыл дӕ зӕрдӕ тынг кӕй риссы, уый тыххӕй. Мӕхӕдӕг кӕсын куы базыдтон, уӕдӕй абонмӕ нӕ хицӕн кӕнын газет «Рӕстдзинад»-ӕй, ӕмӕ дзы алкӕддӕр бакӕсын дӕ фыстытӕ. Кӕддӕриддӕр архайыс, цӕмӕй ма фесӕфой, нӕ фыдӕлтӕ нын цы хорз ӕгъдӕуттӕ ныууагътой, уыдон. Кусыс ууыл, цӕмӕй, йӕхи ирон чи хоны, уыдон зоной сӕ мадӕлон ӕвзаг. Уыцы адӕм бузныг сты дӕуӕй. Иттӕг хорз та ныффыстай, уӕлдӕр цы ӕрмӕджы кой скодтон, уый. Мӕнмӕ гӕсгӕ дӕр, фыццаджы-фыццаг, ныййарджытӕ сты аххосджын, сӕ сывӕллӕттӕ иронау кӕй нӕ дзурынц, уым. Фӕлӕ Хазби  хуым цы дыууӕ галы фӕкӕнынц, уыдонӕн сӕрбос куы нӕ уа, уӕд  ауӕдзы нӕ цӕуынц, фӕйнӕрдӕм хӕцынц.  Не ‘взаг, кӕд бынтон хорз уавӕры нӕй, уӕддӕр, фӕстаг рӕстӕг, йӕ рӕзтыл нӕ республикӕйы Хицауад бирӕ ахадгӕ мадзӕлттӕ аразы. Ӕз дӕр нӕ республикӕйы разамындмӕ арӕх ныффыссын куырдиат, цӕмӕй газет «Рӕстдзинад»-ы тираж фӕфылдӕр уа, уый тыххӕй.  «Рӕстдзинад»-ы тираж  ныллӕгӕй-ныллӕгдӕр кӕны, уымӕн ӕмӕ  нӕ адӕм нӕ зонынц сӕ мадӕлон ӕвзаг, стӕй йыл сӕ кӕстӕрты нӕ ахуыр кӕнынц.

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты фӕстӕ адӕм цардысты тынг мӕгуыр. Ӕххормаг азтӕ скодта. Зымӕг дӕр тынг уазалтӕ хаста. Сывӕллӕттӕй сӕ фылдӕрӕн сӕ фыдӕлтӕ хӕсты быдыры баззадысты. Фӕлӕ уӕддӕр алы ирон хӕдзар дӕр иста газет «Рӕстдзинад».

Мӕнӕн мӕ фыд фӕмард 1942 азы Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг. Баззадыстӕм мах, цыппар сывӕллоны, ӕнӕ фыдӕй. Нӕ мад та ӕхсӕвӕй-бонӕй куыста колхозы. Мах-иу ӕй нӕхӕдӕг дӕр нӕ базыдтам, нӕ мады фӕллойбонтӕн-иу колхозы разамынд, газеттӕ куыд рафыста, уый.

Махӕн, хӕсты сывӕллӕттӕн, скъолайы лӕвӕрдтой хорз зонындзинӕдтӕ. Ӕрвылбон нӕ фарстой, газеты цы бакастыстӕм, уымӕй  дӕр. Афтӕ уыд, фӕскомцӕдис ӕмӕ Коммунистон партимӕ куы цыдтӕн, уӕд  дӕр. Газет «Рӕстдзинад»-ы фӕзминаг хъуыддӕгтӕй уӕлдай мыхуыр кодтой расыггӕнджыты, ӕгъдаухалджыты нӕмттӕ ӕмӕ мыггӕгтӕ дӕр. Ӕмӕ -иу алчидӕр тарсти фыдракӕнд саразынӕй ӕмӕ худинагӕй. Афтӕ уыд нӕ архайд   гартамхорты ӕмӕ гӕртамисджыты ныхмӕ дӕр. Ныр та, закъон куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ гӕртамхорӕн ӕмӕ закъонхалӕгӕн тӕрхон не скӕной, уӕдмӕ йын йӕ мыггаг ӕмӕ ном фыссӕн нӕй.

Ӕз республикӕйы Хицауадӕй куырдтон, цӕмӕй 1-ӕм къорды инвалидтӕн бюджеты хардзӕй рафыссой газет «Рӕстдзинад». Уымӕй уӕлдай ма мӕ фӕндон уыд, цӕмӕй, газет чи нӕ рафыста, уыцы адӕмӕн уайдзӕф кӕной бынӕттон хиуынаффӕйады администрациты кусджытӕ. Тынг мӕ фӕнды, цӕмӕй газет «Рӕстдзинад» исой ӕмӕ кӕсой Ирыстоны ӕппӕт цӕрджытӕ дӕр ӕмӕ йӕ уарзын кӕной кӕстӕртӕн.

Ирыстоны фӕсивӕд ахуыр кӕнынц скъолаты, училищӕты, институтты ӕмӕ университетты. Кӕд газет «Рӕстдзинад» нӕ исынц ӕмӕ нӕ кӕсынц, уӕд сын хъӕуы ӕргом уайдзӕф кӕнын.

Газет «Рӕстдзинад»-ы бирӕ хорз хабӕрттӕ фыссынц. ӕрмӕстдӕр ды кӕй фыссыс, Хазби,  нӕ фыдӕлты ӕгъдӕутты, стӕй Багаты Аврам кӕй фыссы, Ирыстоны уыцы хъӕбатырты тыххӕй, уыдон иттӕг зӕрдиагӕй фӕкӕсын. Уыдон мад йӕ сывӕллонӕн куы кӕса, уӕд уыдон дӕр разӕнгардӕй кӕсдзысты газет «Рӕстдзинад», хуыздӕр зондзысты сӕ мадӕлон ӕвзаг.

Ӕз цӕрын мӕхи хӕдзары. Дарын кӕрчытӕ ӕмӕ гогызтӕ. Иу бон сӕ рауагътон кӕрдӕгмӕ. Иу ӕрыгон сылгоймаг йӕ сывӕллонимӕ ӕрбацӕйуад мӕ рӕзты. Сывӕллоныл цыдаид иу-фондз азы ӕмӕ фӕрсы йӕ мады: «Мама, что это за животные» Сывӕллоны мад ныхъхъус, стӕй мӕнмӕ ӕрбакаст ӕмӕ зӕгъы: «Я забыла что это за животные”. “Это индюки, — загътон ын ӕз”. Уый фӕстӕ йӕ бафарстон: «Вы кто по нации?». Уый мын дзуры: «Мы осетины».

Хазби, дӕ хъуыдытӕ ӕмӕ дӕ фыстытӕ раст сты. Бӕргӕ фӕдис хъӕр кӕныс, фӕлӕ не ‘взаджы хъысмӕтыл мах хъуамӕ иумӕ бацархайӕм, ӕмдыхӕй, ӕмхъуыдыйӕ, ӕмхъаруйӕ.

Гӕлӕбуты Махарбег,

Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг, фӕллойы ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here