Ног рæвдауæндон — Зилгæйы

0
1087

Знон Зилгæйы хъæуы уыд уæлдай бæрæгбонхуыз. Кадджын уавæры дзы байгом, хъæуы цæрджытæ рагæй кæмæ бæллыдысты, сывæллæтты уыцы рæвдауæндон. Хъомылады артдзæст йæ дуæрттæ байгом кодта ацы хъæуы цæрæг нæуæдз сывæллонæн. Кæд ныридæгæн сæ нанатæ, дадатæ æмæ ныййарджыты фарсмæ æрвыстой сæ рæстæг, уæд ацы бонæй фæстæмæ сæ уавæр цæхгæр аивдзæн, сæхи кары сывæллæттимæ зæрдæрайæ уайдзысты ног цалцæггонд рæвдауæндонмæ æмæ хъомыл кæндзысты ахуырад æмæ хъомылады паддзахадон домæнтæм гæсгæ. Уый та æнæфæзынгæ нæ фæуыдзæн сæ дарддæры ахуырыл скъолайы.

Сывæллæттæн ацы хорз хъуыддаг саразыныл бацархайдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав, Парламенты депутаттæ Уататы Зелим æмæ Гуытъиаты Вячеслав, Зилгæйы хъæуы хицау Итазаты Уырызмæг æмæ иннæ фæрнæйдзаг æмæ хъæппæрисджын адæм. Бæрæгбонмæ æрбацыдысты æмæ хъæубæсты циныл бацин кодтой РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Тотраты Вячеслав, Парламенты депутат Гуытъиаты Вячеслав, Рахизфарсы районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Беркъаты Константин, районы ахуырады хайады сæргълæууæг Людмила Афанасьева, «Иры Стыр Ныхас»-ы советы уæнг Хæмыцаты Раман, хъæуы хистæртæ æмæ дзыллонхабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ. Ирон адæммæ иунæг бæрæгбон дæр æнæ æртæ уæливых æмæ ирон бæгæныйæ нæ фидауы. Æнæ хистæры ракуывдæй та иунæг ахсджиаг хъуыддаг дæр нæ рæзы. Ныр дæр бæрæгбон байгом хъæуы хистæртæй иу, Хъариаты Тугъаны арфæйаг куывдæй. — Абон нæ хъæубæстыл цы хорздзинад æрцыд, уымæ мах бæллыдыстæм æхсæз азы, — загъта Тугъан. Зилгæйы хъæуæй рацыд бирæ хорз адæм: Борыхъуаты Елæмырзæ, Азиаты Арсен, Мелыкаты Хадзыбатыр, Хæблиаты Сафар, Болиаты Гæлинæ, Моргуаты Чермен, Моргуаты Зелим, Хæмыцаты Раман, Итазаты Бубу, Азиаты Батрадз æмæ иннæтæ. Нæ кæстæрты размæ абон цы ног дуæрттæ байгом, уым сæ царды фæндагмæ зæрдæйы фæндиаг куыд бацæттæ кæной æмæ уæлдæр кæй ранымадтон, уыдонæй сæ кад дæлдæр куыд нæ уа, ахæм арфæ нын иунæг кадджын Хуыцау ракæнæд! Нæ кæстæртæ нæ хъару сты, æмæ нæ хъару куыд никæд басæтта, ахæм амонд нæ алкæй дæр уæд! Амондимæ бахъомыл ут! Дарддæр хъæубæсты цæрджытæн, уæлдайдæр та ныййарджытæ æмæ сывæллæттæн нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сæлбиты Зитæйы номæй арфæ ракодта Тотраты Вячеслав. Куыд загъта, афтæмæй рæвдауæндонмæ рады чи лæууы, уыдоны нымæц фæкъаддæр кæнынæн 2015 азы байгом кодтой 1 200 ног бынаты. Дарддæр дæр кусдзысты ууыл, цæмæй ацы фарста кæронмæ лыггонд æрцæуа. Хæмыцаты Раман арфæ ракодта бæрæгбоны архайджытæн æмæ ма йæхи номæй бузныг загъта, хъæубæсты кæстæртæн ацы бæллиццаг уавæртæ чи сарæзта, уыцы хорз адæмæн. Ног цалцæггонд бæстыхаймæ бахизæны сырх лент алыг кодтой Тотраты Вячеслав, Беркъаты Константин æмæ, ацы рæвдауæндонмæ чи бацæудзæн, уыцы сывæллæттæ. Къæсæрæй мидæмæ фыццаг бакъахдзæф кæныны бар радтой рæвдауæндоны сæргълæууæг Æхсараты Светланæ æмæ сабитæн. Уазджытæн бæрæгбоны концерт равдыстой Беслæны сывæллæтты галуаны кæфтыты ансамбль «Ныфс». Йæ аивадон разамонæг — Кокуаты Зæирæ. Сывæллæттæ кастысты æмдзæвгæтæ, зарыдысты. Уый фæстæ сæ ныййарджытимæ æрзылдысты, амæй фæстæмæ сæ рæстæг хъæлдзæг æмæ амондджынæй кæм æрвитдзысты, уыцы бæстыхайы агъуыстыты, хъазыдысты ног хъазæнтæй сæ хъомылгæнджытимæ. — Æнæ рæвдауæндонæй ныййарджытæ æмæ сывæллæттæн дæр тынг зын уыд. Бирæтæн сæ бон куыстмæ рацæуын не ‘нтыст. Сывæллон дæр йæхи цахъхъæнтимæ куы нæ рæза, уæд уый хорз нæу. Ныр ныл æрцыд стыр хорздзинад. Чи ныл батыхст, уыдонæн та сæ цард сæ зæрдæйы фæндиаг уæд, — загъта дыууæ хъæлдзæг саби Батрадз æмæ Викæйы мад Куымæриттаты Аннæ. Уæрæх рухс агъуыстытæ, аив хуыссæнуаттæ, медицинон æххуысы кабинет, музыкалон зал, сывæллæттæ сæхи кæм æхсой, ахæм нырыккон домæнтæм гæсгæ ифтонггонд хицæн бынæттæ, алы агъуысты дæр хæрзхъæд ифтонггæрзтæ. Алы мадзалæй дæр рæвдауæндон у æххæст. Кæрты цы ног хиирхæфсæнтæ ис, уыдон та сты хицæн ныхасы аккаг. Æрмæст ис бабæллæн ахæм уавæртæм. Фæрнæй дзы кусут!

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

Къамт систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here