Тæхгæ стъалыйау ферттывта

0
1932

Поэт Дзаболаты Хазбийы райгуырдыл сæххæст 85 азы

Ирон литературæйы зынгæ бынат ахсы зындгонд поэт ДЗАБОЛАТЫ Хазбийы бирæвæрсыг сфæлдыстад. Фидæны стыр поэт райгуырд 1931 азы, 16 апрелы Ногхъæуы. Уым скъола каст фæуыны фæстæ службæ кодта Æфсады рæнхъыты. Уырдыгæй куы сыздæхт, уæд куыста Садоны геологты сгарæн къорды, 1956-1960 азты та — Буроны æрзæткъахæнты шахтерæй. 1960 азы Дзаболаты Хазби ахуырмæ бацыд Мæскуыйы Максим Горькийы номыл Литературон институтмæ æмæ йæ каст фæцис æнтыстджынæй. Царды стыр фæлтæрддзинад райсыны фæстæ Хазби йе ‘ппæт цард дæр снывонд кодта поэзийæн. Цы бирæ поэтикон уацмысты æмбырдгæндтæ рауагъта, уыдон уæрæх фæндаг ссардтой мингай поэзиуарзджыты зæрдæтæм, æмæ нæ уарзон поэт абон кæд не ‘хсæн нал ис, 1969 азы йе ‘нусон дунемæ ацыд, уæддæр йæ фæстæ цы бирæ æвæджиуы поэтикон бынтæ ныууагъта, уыдон адæм нымайынц стыр хъæздыгдзинадыл æмæ йын йæ ном алкæддæр æрымысынц стыр æхсызгонæй, зæрдиагæй кæсынц йæ уацмыстæ дæр.

Рухс фæндтæ хæссæг

Зарæг нывæндгæйæ Зæрдæ цæмæн риссы? Хорз зарæг афтæ арф Риумæ цæмæн хизы? Уыдон кæрæдзийы Хуылфы цæвæрдæ и. Зæрдæ ис зарæджы, Зарæг та — зæрдæйы. 1969 азы æнæнхъæлæджы æмæ бынтон æнафоны йæ цардæй ахицæн ирон поэт Дзаболаты Хазби. Фæцис поэты зæххон биографи æмæ райдыдта йæ цард дзыллæйы зæрдæйы. Æз æй хорз зыдтон, уымæ гæсгæ мын Хазбийы сфæлдыстадыл дзурын иуæй зын у, иннæмæй — æхсызгон. Зын уымæн, æмæ кæддæриддæр æнцон нæ вæййы, зæрдæйæ дæм æввахс чи уа, ахæм адæймаджы хъуыддæгтыл адæмы раз дзурын; æхсызгон та уымæн, æмæ Хазбийы уацмыстæ лæмбынæг кæсгæйæ мæнæн ногæй фадат фæцис поэтимæ æмсагъæсæн, йемæ зæрдæйæзæрдæмæ фæныхас кæнынæн, йæ поэзийы мидхъару йын ноджы арфдæр банкъарынæн. Ацы фæтк ирдæй зыны поэты æппæт сфæлдыстадыл дæр æмæ йын дæтты диалектикон хъомыс. Хазби хъыгзæрдæйæ фыста: «Иуæйиутæ поэзи раздæхтой хынджылæгмæ æмæ сæгад кодтой поэты цытджын ном. Чиныгкæсæг нал æууæнды æмдзæвгæты рæстдзинадыл. Адæмы иу хай та сахуыр уæлæнгай фыстытыл æмæ нал æмбары æцæг арф хъуыды, рæстылдзурæг æмдзæвгæтæ — уый нæ, фæлæ ма сæ тæрсын дæр райдыдта. Нæ литературон фыдæлтæ ахæм хъуыддæгтæ сæ сæрмæ нæ хастой. Уыдон никуы кодтой цæстмæфыстытæ, цæстмæныхæстæ, сæ дзырды уыд стыр уæз, стыр фарн, адæмы ‘хсæн уыдысты нымаддæр лæгтæ. Цæмæн афтæ уыд? Уымæн æмæ поэт фыццагдæр хъуамæ уа лæг. Чъизизæрдæ, хахуыргæнæг, æдзæсгом, цæстмæмиты фæрцы бынæттæм тырнæг адæймаг хорз поэт никуы суыдзæн. Фыссæг цæуыл фыссы, уыдон цæуынц йæ миддунейæ, æвзæрынц йæ зæрдæйы тæгтæй. Фæлæ цъымарайæ сыгъдæг суадон нæ гуыры». («Поэзийы бон», Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад, 1966 аз, 78,79 фæрстæ). Суанг йæ фыццаг æмдзæвгæтæ фыссын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ Хазби зæрдиагæй æмæ сыгъдæгзæрдæйæ архайдта ацы карз домæнтæ æххæст кæныныл. Хазби хæрзæрыгонæй æнкъарын байдыдта дзырды «ад», дзырды фидыц. Поэт йæ биографийы мысы: «Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдтон иу — фынддæсаздзыдæй, фæлæ сæ мыхуыр кæнын мæ зæрды нæ уыд. Фыстон бирæ. Æфсады службæ кæнгæйæ ныффыстон бирæ лирикон æмдзæвгæтæ æмæ æртæ стыр кадæджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бæззыдысты æмæ сæ фæстæдæр басыгътон. Ныртæккæ йыл фæсмон кæнын, фæлæ 1956 азæй размæ цыдæриддæр ныффыстон, уыдон сыгъд æрцыдысты…» 1956 азæй фæстæмæ поэты æмдзæвгæтæ зынын байдыдтой Ирыстоны газетты æмæ журналты. Йæ уацмыстæ адæмы рæгъмæ хæссыныл æнæхъуаджы тагъд никуы кодта. Уымæ гæсгæ йын йæ удæгасæй цы æртæ поэтикон æмбырдгонды бантыст рауадзын, уыдонæн сæ иуæй сæ иннæйы ‘хсæн ис дзæвгар рæстæг: «Хæс» (1960), «Артдзæст» (1963), «Къахуынæр» ( 1967). Дзаболаты Хазби раджы базонгæ æцæг аивады культурæимæ. Сфæлдыстадон скъолайау ын уыдысты классикон литературæйы хъомысджын традицитæ. Уый ирдæй зыны суанг йæ фыццаг æмдзæвгæтыл дæр: сты æлвæст, техникон æгъдауæй — æмбæлгæ æмвæзадыл, агайынц зæрдæ, зыны сыл, лæппу æрдзæй кæй фæци цырддзаст æмæ къæрцхъус, кæй æмбары æцæг сфæлдыстадон кусæджы бæрзонд нысаниуæг: Дæ хæс цытджын æмæ егъау у, Дæ фæндаг — даргъ æмæ дæрзæг… Зæххыл дæм иу царды бар хауы, Æмæ у рухс фæндтæ хæссæг!.. Нæй фæивддзаг кæнæн Хазбийы сфæлдыстады æууæлтæн æндæр поэты æрмдзæфимæ. Йæ темæтæ, йе ‘нкъарæнтæ йæ поэтикæйы авналæнтæ (бæлвырд бæрцæй суанг йæ уацмысты спецификон дзырдуат дæр) тæдзынц йæхи цардæй, йæхи зæрдæйæ, йæхи биографийæ. Æмæ дыууæ хъысмæты та æмхалдих никуы вæййынц… Мæ фыст — мæ сонт улæфт, Мæ тугдадзинты схуыст, Мæ сагъæсты фæдис-хъæр… Поэзи хиирхæфсæн кæнæ мулкамалгæнæн мадзал кæй нæу, уæхскуæз фæллой дзы кæй хъæуы удуæлдайæ, уый никæд рох кодта Хазбийæ. Аивад фæлдисыны хъуыддагмæ уæлæнгай цæстæй чи кæсы, ахæм адæймæгтæн поэт йæ дзырды фарны руаджы хæссы карз моралон тæрхон. Адæймаг сфæлтæры зындзинæдты, йæ ном æнусон свæййы сыгъдæгзæрдæ фæллойы руаджы, иудадзыг бæрзонд нысанмæ тырныны фæрцы. Поэт æрымысы, кæддæр йæ фыдæй цы ныхæстæ фехъуыста, уыдон: æддаг бакаст ницы мары, лæгдзинад хъуыддаджы рабæрæг вæййы, цæмæй дæ адæм уари рахоной, уый тыххæй хъуамæ арвмæ стæхай (æмдз. «Мæ фыд йæ ивгъуыд бонты цытæн»). Уыцы хъуыды ноджы бæлвырддæрæй, аивадон æгъдауæй ноджы æххæстдæрæй загъд æрцыди йе ‘мдзæвгæ «Фын»-ы. Лирикон хъайтар цæуы фæндагыл. Æваст йæ размæ февзæрдис егъау хох. Фæлæ нæ барызт бæлццоны уæнг æнæнхъæлæджы цæлхдур фенгæйæ, ныфсджынæй атындзыдта размæ, тухигæнгæ тырны айнæг къулыл хохы рындзмæ… Нырма у тигъ бæрзонд… Æваст мæ къух фæбыры… Фæхæцæн дур — тæссонд… Сæрсæфæн ком — мæ быны… Æрбайсæфт фын… Кæм дæн?.. Ысхызтæн, нæ, — нæ зонын, Фæлæ мæ фæндты мæн Цыдæр тых размæ хоны… «Ысхызтæн, нæ, — нæ зонын…» — ацы хъизæмайраг дызæрдыг фыдæй фыртмæ уыди æмæ у сфæлдыстадон куысты æмбæлццон. Уыцы гуырысхойæ хызт нæ уыди нæ поэт дæр. Æмæ йæхиуыл кæй никæд фервæссыди, «хорз» фыссын райдыдтон, зæгъгæ, ахæм сæфтдзаг хъуыды йæ фæсонæрхæджы дæр кæй никæд æрцыди, уый тыххæй рæзыди азæй-азмæ Дзаболаты Хазбийы дæсныйад, йæ поэтикон культурæ, уымæн кодта арфæй-арфдæр йæ дунеæмбарынад. Йæ алыварс цы фæзындтытæ æмæ цаутæ уыдта, уыдонмæ Дзаболаты Хазби касти нывгæнæджы цæстæй, æвзæрста сæ æмæ сын аргъ кодта диалетикон хуызы. Зæрдæйы æмæ зонды хъаруйæ æххæст кæй уыди, уымæ гæсгæ æмбæрста, зæххыл нырма рæстдзинадимæ æмдзу кæй кæнынц сау тыхтæ, незамантæй фæстæмæ карз тохы кæй бацыдысты уарзт æмæ фыдæх, фидыд æмæ хæст… Уыцы знæт æмæ змæст дунейы адæймагæй рацæрынмæ чи хъавы, уæлдайдæр та поэты ном чи хæссы, уый хъуамæ лæууа йæхи фидар принциптыл. Æмæ уыцы принциптæ Хазбийæн бæлвырд уыдысты: рæстыл дзурын, рухс фидæны сæраппонд удуæлдай тох кæнын, уыцы тохы, фыдæлтыккон мæсыгау, Ирыстоны хæхтау, æнæфæцудгæ уæвын. Фæндыры тæгтæй иунæгыл нæ цагъта Хазби. Афтæ чи кæны, уыдонæн сæ зарæг вæййы иугъæдон æмæ æдзæлгъæд. Уыцы азарæй хызт у Дзаболыфырты сфæлдыстад. Парахат у йæ поэтикон диапазон: æнкъард, трагикон мотивтæ; царды нысаниуæгыл уæззау сагъæстæ, сфæлдыстадон кусæджы удхайраг дызæрдыг; хæрзаив худæнбыл зарджытæ уарзондзинадыл; хæларзæрдæ юморы бындурыл нывæст уацмыстæ; карз сатирикон æмдзæвгæтæ… Æмæ уыдонæй алкæцыйæн дæр Хазби агуырдта æмæ фылдæр хатт ардта æмбæлгæ арæзтадон æрмæг. Уымæн æвдисæн сты æмдзæвгæтæ «Хинæйдзаг нуазæг», «Сонет», «Сагъæс æнæзонгæ æмбæлæгыл», «Чи зоны», «Ацæргæ лæджы сагъæс», «Тæрсын æз иу хуызы мæлæтæй», «Хæрæг æмæ бирæгъ» æмæ бирæ æндæртæ. Хазбийы хуыздæр æмдзæвгæтæн сæ зæрдыуаг, æмæ ахаст, сæ иумæйаг мидис кæддæриддæр æнгом баст вæййы уацмысы æддаг бакастыл, йæ азæлдыл, йæ формæйыл. Æмæ афтæмæй алы компоненттæ басгуыхынц (æмгуыст кæнгæйæ) æцæг поэзи (æмдзæвгæтæ «Бадæг чызджы сагъæс», «Дидинæг», цикл «Нæртон удыхъæд» æмæ æндæртæ). Уыцы хъуыддагæн стыр ахъаз у поэт дæсны æмæ рæстдзæф пайда кæй кæны æвзаджы авналæнтæй, уый дæр. Дзаболы-фырты уацмысты органикон æгъдауæй сиу сты ирон æвзаджы ахадгæ-фольклорон здæхтытæ æмæ нырыккон ирон литературон æвзаджы тæккæ хъомысджындæр мадзæлттæ. Дзаболаты Хазбийы поэзийы характерондæр миниуджытæй иу у йе ‘мдзæвгæты нывты, хъуыдыты, фæлгонцты æмæ æнкъарæнты бæлвырддзинад. Суанг ма шахтæйы куы куыста, уæды уацмыстыл дæр зыны, нæ поэт кæй архайдта, цы предметыл кæнæ фæзындыл фыссы, уымæн йæ социалон-философон кæнæ аивадон-эстетикон æууæлтæ бамбарыныл, йæ апп ын феныныл, ома — цардмæ нывгæнæджы цæстæй кæсыныл. Чи фæгуырысхо уыдзæн, зæгъæм, мæнæ ахæм абарстыты æмæ фæлгонцты реалистондзинадыл: «Мад!.. йæ дæрдджын къабайы фæдджийæ уый мæнæн цыбыр хæлаф хуыдта», «фæлмæндзаст зæронд ус», «дæрзæгдзаст зæронд лæг», «хыссæ, хаст фысау, арынджы рафæлдæхт», «фынгыл дзагæй бæркадхъуыр графин æфсæрмыгæнгæ рахид», Терчы «æрсбæрзæй гуылфæнтæ», «мæсыгтигъ хæххон хъæу» æмæ афтæ дарддæр. Махæн æнæгуырысхойæ у нæ бон зæгъын: Дзаболаты Хазби суанг хæрзæрыгонæй фæхæст поэзийы æфсургъы сыгъзæрин барцыл, йæхи нывзылдта йе рагъмæ, ауагъта йæ сфæлдыстады æгæрон æмæ гуыргъахъхъ тъæпæнтыл æмæ куыддæр æфсургъ йæ тæккæ гæпп-дугъыл фæцалх и, афтæ барæг асхъиудта æбæрæг æмæ раууаты дунемæ… Йæ хуыздæр æмдзæвгæтæй иуы («Зæрдæ! Ды æвдисæн…») поэт фыста: Зæрдæ! Ды æвдисæн Дæ мæ цин, мæ зынæн. Æз цæгъдын дæ хъистыл, Æмæ кæд сæ зыланг Искæйы рæвдауа, Уæд рæстмæ стæм, науæд Сты дзæгъæл нæ зæлтæ, Æмæ зон, мæ зæрдæ: Цас уой ‘лвæстдæр хъистæ, Уыйбæрц тонынц тагъддæр. Фæлæ уыйбæрц искæй Агайы сæ цагъд дæр… Мæн нæ фæнды æгæр дæргъвæтин дзурын. Стæй уый сæр, æвæццæгæн, хъæугæ дæр нæ кæны. Афтæ мæм кæсы, цыма ирон чиныгкæсæг йæхæдæг аккаг аргъ скæндзæн Дзаболаты Хазбийы зæрдæбын ныхасæн.

ХОДЫ Камал

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here