Зæрдæйы тæгтæй нывæзт урок

0
1241

Фыдæлтæ æнахуыргондæй бирæ дæсны ныхæстæ ныууагътой сæ фæстæ. Мæнæ дзы иу ахæм ныхас: «Æцæг лæг йæ адæмæй хæс дары». Уый æцæгдæр афтæ у. Уæдæ ма æркæсæм, цавæр хæс дардта, Заманхъулы сыгъдæг уæлдæфмæ чи схъомыл, йæ хъæубæстæн, сыхбæстæн адджынæй чи фæцард, йæ фæстæ литературæйы арф фæд чи ныууагъта, уыцы адæмæн уарзон, зындгонд поэт Чеджемты Æхсар?

18 мартъийы йыл хъуамæ сæххæст уыдаид æвдай фараст азы. Уый фæдыл Дзæуджыхъæуы астæуккаг иумæйагахуырадон интернаты уыд номарæн мадзал — ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг ДзитойтыДзгойты Аллæйы гом урок. Уазджытæ сæм уыдысты телеуынынады æмæ радиойы зындгонд диктор, преми «Сыгъзæрин микрофон»-ы лауреат, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Мамсыраты Тасолтан, Æхсарæн йæ хорз хæлар, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Уататы Зелим, республикæйы скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, Ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты специалисттæ, медицинон наукæты доктор, профессор ÆмбалтыДзгойты Симæ æмæ иннæтæ. Уыдон раарфæ кодтой интернаты директор Течиаты Нинæ æмæ йæ кусджытæн. Уалынмæ дзæнгæрæг ныццагъта, æмæ урок «Ныййарæгæй амонд» — Чеджемты Æхсары мысæн урок — райдыдта. 6-æм къласы ахуырдзаутæ аив бакастысты Æхсары фыст æмдзæвгæтæ, къулыл интерактивон фæйнæгыл æвдыст цыдысты Чеджемы-фырты царды нывтæ. Мæнæ райхъуыст Чеджемты Æхсары фыст зарæг «Ныййарæгæй амонд» — Мыстулаты Иринæйы фыст музыкæйыл æй зарыд Илурты Риммæ. Сывæллæттæ йæ афтæ тынг æнкъардтой, æмæ сæ иу сыбыртт нал хъуыст. Ныхъхъуыстой поэты фыст ацы рæнхъытæм дæр: «Мæн адæм уарзын Сахуыр кодтой азтæ, Æмæ уыдтæн æргомзæрдæ, рæдау. Æз-иу мæхимæ амондджын уæд кастæн, Куы-иу радтон ирон лæгæн æгъдау». Æхсар тынг иузæрдион уыд йæ мад, йæ фыдыл, йе ‘фсымæртыл, йæ хъæубæстыл. Бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста йæ хорз æмгæрттыл, Заманхъулы хъæубæстæйы фæсивæдыл.

— Æхсарæн йæ сыгъзæрин дыууæ базыры уыдысты йæ мад Верычкæ æмæ йæ фыд Зæкæриа. Заманхъулы цæрæг адæмы æхсæн фæцардысты уæздан æмæ кæрдзындæттонæй, — дзырдта йæ раныхасы Аллæ. — Йæ мад æмæ йæ фыд цы фарны фæд ныууагътой, Æхсар уыцы фæдæй æндæрæрдæм нæ фæзылд, сæ кад, сæ намыс сын ахæццæ кодта йæ царды фæстаг бонтæм. Мæнæ куыд зæгъы йæ зарæг «Сыгъзæрин базыртæ»-йы Æхсар йæ мад æмæ йæ фыды тыххæй:

«Мæ рагуалдзæг мæм ивгъуыд бонтæй нал зыны,
Мæн та зæгъын æдзухæй дæр фæнды:
Мæ зæрдæйы дыууæ сыгъзæрин базыры
Сымах стут, мæ мад æмæ мæ фыд».

— Нал сты Æхсарæн йæ мад æмæ йæ фыд, нал ис абон не ‘хсæн Æхсар йæхæдæг дæр, — йæ ныхас кодта дарддæр Аллæ, — фæлæ уый цы фарны фæд ныууагъта Ирыстоны поэзийы, Иры культурæйы, уымæн ферохгæнæн нæй. Чеджемты Æхсары фыст 100 зарæгæй фылдæр зарынц абон нæ дæсны зарæггæнджытæ. Мах дисы бафтыдта ацы сывæллæтты зæрдæмæхъаргæ æмæ аив ныхас. Æнæ зæгъгæ нæй, мах, залы бадджытæ, сценæйыл æвæрд цы гыццыл равдыст «Нырыккон ирон æвзаг» федтам, уый тыххæй. Баллаты Линæ æмæ Дзебысаты Орнеллæ, сæ рольты хъазгæйæ, уайдзæфхуызæй равдыстой, ирон æвзаг дæлдзиныг чи кæны æмæ йыл аив чи нæ дзуры, уыцы «уæрæседзауты» сурæттæ.

— Мах арæх цæуæм адæмы æхсæнмæ æмæ хъусæм æмхæццæ ныхас, бирæтæ иронау дзурын сæ сæрмæ нал хæссынц. Æмæ уый мæнмæ раст нæ кæсы, — дзырдта Мамсыраты Тасолтан. — Æхсар та уыдис адæмæн уарзон, хъæубæсты ‘хсæн кад æмæ намыс хæссæг, йе ‘мдзæвгæтæ сты æнцонæмбарæн, зарджыты аккаг. Сæдæйæ фылдæр сты йæ зарджытæ, абон дæр æй адæм мысынц. Аллæ, стыр бузныг дын зæгъын, ногæй та нын Æхсары нæ зæрдыл кæй æрлæууын кодтай, уый тыххæй.

— Æз мæ ныхас райдайдзынæн, мæнæ нæ абон чи суазæг кодта, уыцы рæсугъд сылгоймаг, интернаты уæхскуæзæй ацал-ауал азы чи фыдæбон кæны, ацы рæсугъд бæстыхай афтæ аив чи сцалцæг кæнын кодта, æмæ нын йæ дуæрттæ парахатæй чи байгом кодта, уыцы æвæллайгæ директор Течиаты Нинæйæ, — загъта Уататы Зелим. — Дæ куыст арвæй бæрæгдæр у, æмæ ма дын бирæ бантысæд. Мах Æхсаримæ æфсымæрты цард кодтам. Уый уыд зæрдæхæлар, адæмæн уарзон адæймаг. Бирæ зæрдæмæхъаргæ уацмыстæ ныффыста мады тыххæй, æмæ сæ абон нæ зарæггæнджытæ зарынц. Йæ цардæмбал Ларисæимæ «а» æмæ «о»-йæ фæцардысты. Йæ ахицæны фæстæ Ларисæ æрæмбырд кодта Æхсары къухфыстытæ æмæ сæ рауагъта хицæн чиныгæй. Абон æмбырд кæны дыккаг чиныг, æмæ йын бантысæд. Аллæ йæ урочы тынг хорз равдыста, Æхсар ирон æгъдау, ирон намыс, ирон дзырд куыд бирæ уарзта, уый. Мæнæ куыд фыста Æхсар йе ‘мдзæвгæ «Ирон дзырд», зæгъгæ, уым: «Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæйы уарзыс, Гъе уый у дæ хъысмæт, дæ ном. Ирон дзырд у махæн нæ фыдæлты намыс, Ирон дзырд — нæ Иры цæсгом». Ацы гом урок сæ зæрдæмæ тынг фæцыд нæ горæты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн. Стыр бузныг нæ республикæйы Ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты сæйраг специалист Хозиты Эльвирæйæн æмæ Томайты Зæлинæйæн, Аллæйы куыстæн ахæм хорз аргъ кæй скодтой, уый тыххæй.

ТАУТИАТЫ Минтæ,

Промышленнон районы Сылгоймæгты комитеты сæргълæууæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here