Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг БИТАРТЫ Вячеславæн кусæг фембæлд уыд республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг ХЪЕСАТЫ Игоримæ. Ныхасы архайдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Александр РЕУТОВ.
Хъесайы-фырт республикæйы разамонæгæн радзырдта, Мæскуыйы, кусæг балцы уæвгæйæ, йын цы фембæлдтытæ уыд, уыдоны тыххæй. Министры ныхасмæ гæсгæ, УФ-йы Фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады уыд федералон оргкомитет «Уæлахиз»-ы цур кусæг сæрмагонд къорды радон æмбырд. Уым ныхас цыд Цæгат Ирыстоны Ветеранты хæдзары куысты тыххæй. «Нæ республикæйы ветеранты организацийы архайд банымадтой æнтыстджын æмæ фæзминагыл, къорды уæнгтæ иннæ уæрæсейаг регионтæм дæр бахатыдысты, цæмæй нæ республикæйы Ветеранты советы фæлтæрддзинадæй спайда кæной», — загъта Хъесаты Игорь. Куыд радзырдта, афтæмæй йын фембæлд уыд, Царды зын уавæрты чи бахауд, уыцы сывæллæттæн æххуысы фонды сæрдар Маринæ Гордееваимæ дæр. Ацы фондимæ республикæ æнгом æмгуыстад кæны, иумæ цы проекттæ æххæст кæнæм, уыдоны аргъ хæццæ кæны 40 милуан сомммæ. «Фондимæ нын ис хорз ахастдзинæдтæ. Фонд цы программæтæ æххæст кæны, уыдонмæ фæнд кæнæм муниципалон органты æргом раздахын дæр — уæд не ‘мгуыстад ноджы æнтыстджындæр уыдзæн», — адарддæр кодта йæ ныхас министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг. 2016-2017 азты Цæгат Ирыстон цы федералон проектты архайдзæн, уыдоныл та Хъесайы-фырт æрдзырдта УФ-йы Фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Максим Топилинимæ. «2016 азы кæронмæ хъуамæ лыггонд æрцæуа Мæздæджы хæдзар-интернат саразыны фарста. Уымæй уæлдай, федералон министримæ æрныхас кодтам хæдзаринтернат «Милосердие»-йы æххæстæй сифтонг кæныныл дæр. Нæ зæрдæ дарæм, фидæн азы нын УФ-йы Пенсион фонд 43 милуан сомы кæй радих кæндзæн, ууыл. Уыцы фæрæзтæй бындурон цалцæг скæндзыстæм хæдзар-интернат «Забота»-йы бæстыхæйттæй иу», — загъта республикæйы Фæллой æмæ социалон рæзты разамонæг. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй сентябры Максим Топилин кусæг балцы ссæудзæн Цæгат Ирыстонмæ. Дзæуджыхъæуы министр сараздзæн, адæмæн уæлæмхасæн куысты бынæттæ гом кæнын æмæ паддзахадон социалон политикæйы æндæр фарстатыл ныхас кæм цæудзæн, ахæм уæрæх æмбырд. Кæронбæттæны Хъесаты Игорь республикæйы разамонæгæн радзырдта, сывæллæтты сæрдыгон фæлладуагъды кампани куыд цæуы, уый тыххæй. Уыцы куыст республикæйы райдыдта 8 июны, сæрды мæйты дæргъы дзæбæхгæнæн æмæ фæлладуадзæн лагертæм хъуамæ арвитой 55 мин сывæллоны бæрц. Сывæллæттæ сæ фæллад уадзынц æрмæст нæхи республикæйы нæ, фæлæ æндæр уæрæсейаг регионты дæр. Зæгъæм, Краснодары крайы Сау денджызы былгæрон лагерты. Ацы бонты дзæбæхгæнæн æмæ фæлладуадзæн лагерты ис 4 мин сывæллоны. Фембæлды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй Фæллой æмæ социалон рæзты министрад фæнд кæны сывæллæтты дзæбæхгæнæн æмæ фæлладуадзæн системæйы рæзты фæдыл сæрмагонд программæ саразын. Битарты Вячеслав ахæм уынаффæ растыл банымадта, æмæ куыд загъта, афтæмæй «сывæллæттæ хъуамæ сæ фæллад уадзой æмæ се ‘нæниздзинад фидардæр кæной æппæты хуыздæр, сæйрагдæр та — æдас, уавæрты. Нæхи бынæттон фæлладуадзæн лагерты хицæуттæ та хъуамæ ахъуыды кæной, фæллад уадзынæн сæ цы уæлæмхасæн уавæртæ саразын хъæуы, ууыл, цæмæй сæм контролгæнæг органты ‘рдыгæй фарстатæ ма уа», — фæнысан кодта республикæйы разамонæг.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы
æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ