
Зындгонд Зындгонд ирон кафæг æмæ хореограф хореограф БИТАРТЫ БИТАРТЫ Зауырбеджы Зауырбеджы райгуырдыл райгуырдыл сæххæст сæххæст 100 азы
Адæмы зæрдæ æмæ зондахаст дæ базонын куы фæнда, уæд сын сæ кафтмæ бакæс. Ацы хъуыдытæ йæ рæстæджы загъта номдзыд балетмейстер, Советон Цæдисы адæмон артист Игорь Моисеев. Æмæ цыма æххæстæй дæр зындгонд ирон кафæг æмæ хореограф Битарты Зауырбегмæ хауынц, афтæ нæм кæсы. Уый кæд бирæ нæ фæцард, уæддæр ирон аивады ныууагъта йæхи сæрмагонд, рæсугъд фæд. Йæ адæмæн уый цы хæрзты бацыд! Кафты сусæгдзинæдтæ кæмæн амыдта, уыцы фæлтæрты минæвæрттæ йын йæ ном кæддæриддæр дарынц сæ зæрдыл æмæ йын йæ фарн хæссынц дарддæр фидæнмæ. Кæстæртæ та ахæм хистæрты тыххæй цас фылдæр зоной, уыйас сæ царды фæндаг уыдзæн рухсдæр æмæ бæллиццагдæр.
Битарты Василийы фырт Зауырбег райгуырд 1917 азы Садоны. Йæ фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ акодта цирчы. Уый фæстæ райдыдта кусын Грознайы, Цæцæны кафты паддзахадон ансамблы. Уым базонгæ фидæны номдзыд кафæг, Советон Цæдисы адæмон артист Махмуд Эсамбаевимæ. Зауырбег Цæцæны ансамблы цы кæфтытæ сæвæрдта, уыдоны сæйраг архайæг, солист уыди Махмуд. Цæцæны паддзахадон ансамблæн Зауырбег кæфтыты концертон программæ куы бацæттæ кодта, уæд æй бахуыдтой Челябинскы трактортæаразæн заводы Культурæйы галуаны кафджыты ансамблы разамонæгæй. Уым кæй акуыста, уый ацы сфæлдыстадон коллективыл тынг хорз сахадыдта. Сæвæрдта дзы ног кæфтытæ æмæ сын сарæзта концертон программæ. Уымæй размæ та Зауырбег куыста профессионалон-техникон ахуырады адæмон кафты сгуыхт ансамбль «Терчы» аивадон разамонæгæй.
1964 азы Зауырбеджы ногæй нæ республикæйы уæды культурæйы министр Гапбаты Иван æрбахуыдта адæмон кæфтыты сгуыхт ансамбль «Терк»-мæ. Цы концертон программæ бацæттæ кодта Зауырбег, уыимæ (1966 азы) ансамбль архайдта Цæгат Кавказы аивадон коллективты æркасты. Уым сын скодтой иттæг хорз аргъ. Нæхи ирон кафджытæ æркасты равдыстой Зауырбеджы æвæрд «Нæртон симд»-ы дыууæуæладзыгон кафт. Кæд æркасты иннæ архайджытæн бар лæвæрд уыд сценæйы кафт равдисынæн дыууææртæ минуты, уæд ирон кафæг фæсивæдæн та сæ кафт равдисынæн радтой фондз минуты. 1967 азы Зауырбеджы бахуыдтой Хъалмыхъхъы республикæйы адæмон кæфтыты паддзахадон ансамбль «Тюльпан»-мæ. Ацы сфæлдыстадон артдзæсты дæр Зауырбег фæкуыста кад æмæ радæй. Сæвæрдта сын бирæ ног кæфтытæ. Скодта сахат æмæ æртын минуты чи цыд, ахæм сæрмагонд концертон программæ. Уый фæстæ Зауырбег ссыд йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ йæ царды фæстаг бонтæм фæкуыста адæмон кæфтыты сгуыхт ансамбль «Терчы».
Битарты Зауырбег сценæйы цы хореографион композицитæ сæвæрдта, уыдон зындгонд æмæ зынаргъ сты нæ аивадуарзджытæн. Нæ ирон хореографийы хæзнадоны ахсынц зынгæ æмæ ахадгæ бынат. Уыдон та сты: «Хъаматимæ кафт», «Дыууæ хæлары кафт», «Джигитты кафт», «Дыууæуæладзыгон симд» æмæ æндæртæ. Зындгонд кафæг, дæсны æмæ курдиатджын хореограф Битарты Зауырбег 1973 азы фæмард æвирхъауæй фæндаггон фыдбылызы, фæлæ йæ рухс ном рох нæу, лæггад кæнынæй кæмæн нæ бафсæст, уыцы аивадуарзджытæй æмæ, ирон кафты сусæгдзинæдтæ иттæг арæхстджынæй, цæстуарзонæй кæмæн амыдта, йæ уыцы бирæ ахуыргæнинæгтæй.
Битарты Зауырбеджы бирæвæрсыг сфæлдыстадон архайды тыххæй сæ хъуыдытæ, сæ зæрдæагайгæ мысинæгтæ зæгъынц йæ ахуыргæнинæгтæ:
КАЛОТЫ Земфирæ, ирон кафты академион ансамбль «Алан»-ы раздæры солисткæ, ЦИАССР-ы адæмон артисткæ:
— Æз ме сфæлдыстадон фæндаг райдыдтон адæмон кæфтыты сгуыхт ансамбль «Терчы». Зауырбегимæ базонгæ дæн 1966 азы. Ирон кафты аивады уый ныууагъта стыр фæд. Хорз сфæлдыстадон фæд ныууагъта Цæгат Ирыстоны кæфтыты æмæ зарды ансамблы кусгæйæ. Æз дзы куы райдыдтон кафын, уæд ма дзы цы хистæрты æрæййæфтон, уыдоны фарстон Зауырбегæй, æмæ дзы се ‘ппæт дæр иттæг разæнгардæй æмæ æхсызгонæй æппæлыдысты. Æз та йæ базыдтон, адæмон кафты сгуыхт ансамбль «Терчы» аивадон разамонæгæй куы куыста, уæд. Уыд хæрзконд, хæрзуынд, хиуылхæцгæ. Уынджы дæр ыл куы амбæлыдаис, уæддæр æй æнцонтæй рахатыдаис, кафты аивадмæ бар кæй дары, уый. Йæ цæстæнгас уыд кæддæриддæр хъуыдыдзаст. Уыцы рæстæгмæ кæд йæ кары бацыдис, уæддæр уыдис æлвæст, уынд æмæ кондæй, йе уæнгтæй алы æрдыгæй дæр иттæг аив лæг. Ансамбль «Терчы» нын «Чызджыты кафт» æвæрдта, æмæ дзы йæ сюжетмæ гæсгæ, мах хъуамæ нымæт æууæрстаиккам. Æмæ нын уыцы архайды æууæлтæ, фезмæлдтытæ, нæ уæнгты айст æмæ сценикон архайд афтæ рæсугъд амыдта, æмæ йæм-иу диссагмæ кæсæгау кастыстæм, æфсармы уылæнты уацары дæр-иу бахаудыстæм. Нæхи мидæг-иу тыхсгæ дæр бакодтам, нæ буц хистæр, разамонæг нын куыд амоны, афтæ нын куы нæ рауайа, зæгъгæ. Фæлæ-иу нæхиуыл цас фылдæр куыстам, уый бæрц-иу нæ тыхстытæ сабыргай-сабыргай сæфын райдыдтой. Фæстæмæ фæкæсын дæр æм никуы бауæндыдтæн, æфсæрмы дзы кодтон. Репетициты рæстæг та-иу афтæ сабыр уыдыстæм, æмæ-иу бындз куы атахтаид, уæддæр-иу йæ базырты хъæр махæй алчидæр фехъуыстаид. Иннæ ахæм, кæд Зауырбег бирæ рæстæг Ирыстонæй дард рæтты цард, уæддæр йæ мадæлон æвзаг никуы рох кодта, дзырдта йыл тынг аивæй æмæ æдæрсгæйæ. Ирон кафтæй уæлдай Зауырбег йæ удæй фылдæр уарзта ирон зарæг. Нæ ансамблимæ-иу гастрольты куы цыдыстæм, уæд-иу автобусы бадгæйæ чызджытимæ райдыдтам зарын. Уыцы рæстæг нæм-иу Зауырбег афтæ лæмбынæг хъуыста, æмæ ма-иу суанг йæ цæстытæ доны дæр разылдысты. Фæстæдæр æй куыд базыдтон, афтæмæй уый йе ‘рыгонæй Цæгат Ирыстоны кафты æмæ зарды ансамблы хоры дæр зарыдис.
Профессионалон-техникон ахуырады кусджыты Культурæйы хæдзары та нын ирон зарды сусæгдзинæдтæ æргом кодта Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист, ирон зарæджы дæсны Баллаты Валодя. Ансабль «Терчы» æмрæнхъ аивады æнтыстджын къахдзæфтæ кодтой Хъæууонхæдзарадон институты æмæ Медицинон институты адæмон кафты ансамбльтæ. Зауырбег уыцы уаг зыдта, æмæ-иу конкурсты кæнæ фестивальты рæстæг загътаид: «Фæсивæд, ис нын ерысхъом «ныхмæлæуджытæ» æмæ нæ аккаг хуызы нæхи равдисын хъæуы». Искæй ныхмæ дзы исты æфхæрæн, гуымиры ныхас скæна, уый никуы уыд. Уымæн æмæ Зауырбег уыд цæстуарзон, æцæг нæртон, ирон æгъдауджын хистæр. Цæмæй нæ уæлæдарæс дæр аив уыдаид кафты мидæг æмæ дзы цух ма æййафæм, уымæ дæр тынг лæмбынæг касти Зауырбег. Суанг нæ костюмтæн эскизтæ дæр йæхæдæг кодта. Цæмæй концертон дарæсы хъуымацы иу уадздзаг дæр дзæгъæлы сæфт ма æрцыдаид, ууыл æппæт хъарутæй архайдта. Уыцы хъуыддаджы йын фидар æнцой уыдысты ансамблы директор, раздæры зындгонд кафæг Дзеранты Виктор æмæ йæ хæдивæг Реуазты Георги. Мæ ныхас хъыг макæмæ фæкæсæд, фæлæ нын нæ концертон уæлæдарæсмæ паддзахадон ансамбль хæлæг кодта, афтæ аив æмæ рæсугъд хуыд уыдысты. Ацы æртæ хистæрыл лæууыд ансабль «Терчы» фарн, уыдон уыдысты нæ хистæртæ, æмæ сын абон дæр сæ нæмттæ хорзæй кæд не ‘рхъуыды кæнын, ахæм рæстæг никуы вæййы.
ХЪАРАТЫ Фатимæ, адæмон кафты сгуыхт ансамбль «Терчы»-ы раздæры кафæг:
— Битарты Зауырбег фæрнджын лæг уыдис. Мах ансамблы кафджытæ дзы кæд бирæ кæстæр уыдыстæм, уæддæр нæ мæнæ карк йæ дæлбазыр йæ чысыл цъиуты куыд бакæна, афтæ ныл тынг аудыдта, амыдта нын канд ирон кафты сусæгдзинæдтæ нæ, фæлæ ирон адæймаг сæрыстыр æмæ буц цæмæй у, æппæт уыцы фыдæлтыккон æгъдæуттæ. Гастрольты-иу куы ацыдыстæм, уæддæр нæм лæмбынæг йæ цæст дардта, галиу митæй нæ тынг хъахъхъæдта. Зауырбеджы удыхъæды миниуджытыл куыд ирон лæг æмæ курдиатджын хореограф, афтæ тынг бирæ дзурæн ис. Уый аккаг хорз ныхæстæ ссарын тынг зын у ныртæккæ дæр. Фæлæ уæ бауырнæд, æз дзы кæддæриддæр тынг сæрыстыр уыдтæн æмæ дæн ныртæккæ дæр. Нæ ансамблы разамонæг куы сси, уæд нæм фæзынд бирæ ног кæфтытæ, нæ аивадон коллективæн райдыдта йæ ног сфæлдыстадон, æнтыстытæй æххæст цард. Сæвæрдта «Акушинаг кафт» «Чызджыты кафт», «Ирон вальс» æмæ бирæ æндæр кæфтытæ æмæ хореографион композицитæ. Стыр ныхас макæмæ фæкæсæд, фæлæ, уый хуызæн дæсны æмæ арæхстджын хореограф æз дыккаг нæ зонын. Ансамбль «Терчы» чи кафыд, уыцы фæсивæдæй бирæтæ æнтыстджынæй кафыдысты паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы. Уыдон сты Къозаты Зелим, Плиты Нодар, Калоты Земфирæ æмæ иннæтæ. Зæгъын-ма мæ фæнды уый, æмæ куыд дæсны фæндырдзæгъдæг, афтæ Зауырбегæн стыр æххуыс кодта Цæгат Ирыстоны адæмон æмæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артисткæ Мыстулаты Иринæ. Уый кафæгæн афтæ дæсны цагъта, æмæ йын хуымæтæг ныхæстæй зæгъæн дæр нæй. Кафæджы алы змæлд дæр Зауырбег, куыд хорз æмбæрста, афтæ йæ зæрдæйæ æнкъардта Иринæ дæр. Се сфæлдыстадон æмгуыстады ахъаззаджы фæстиуæг та — ансамблы кафджытæ кæм архайдтой, уыцы конкурсты æмæ фестивальты бирæ хæрзиуджытæ æмæ аивадуарзджыты сыгъдæгзæрдæ къухæмдзæгъд æмæ цинæйдзаг цæстытæ. Битарты Зауырбеджы хуызæн курдиатджын æмæ æгъдауджын лæгты ном кæддæриддæр мысинаг у, рохгæнæн сын нæй…
БУЛАЦАТЫ Таймураз, Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист, кафты паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы раздæры солист:
— Битарты Зауырбеджы кафты сгуыхт ансамбль «Терк»-мæ аивадон разамонæгæй æрбахуыдта ансамблы директор Дзеранты Виктор. Уый размæ та Зауырбег куыста Дагестаны. Йæ бакастмæ гæсгæ уыд къæсхуыртæ, æлвæст, йæ фезмæлдæй та — цырд лæг. Æрыгонæй Зауырбег кафыд номдзыд хореограф, Советон Цæдисы адæмон артист Игорь Моисеев разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы ансамблы. Мах ансамбль «Терчы» Зауырбег бакуыста цыппар азы. Цыдæриддæр базыдтон æз ирон кафты аивады, ирон æгъдауы, уыдон иууылдæр Зауырбеджы фæрцы. Йæхæдæг куыд рæвдз æмæ цырд адæймаг уыди, йæ кæфтытæ дæр уыцы уагыл иттæг хорз æвæрдта, стæй сæ махæн дæр уыцы хуызы амыдта. Уæздан ирон кафт дæр уарзта, фæлæ йæ удæн уæлдай адджындæр уыдысты цырд кæфтытæ. Сæвæрдта нын иуахæмы «Кахфындзтыл кафт». Кафыдыстæм æй дæс лæппуйæ. Уыцы хореографион композици сæвæрынмæ Ирыстоны фыццаг йæ ныфс бахаста Зауырбег. Афтæ уыд йе сфæлдыстадон истори «Хъаматимæ кафт»-æн дæр. «Къахфындзтыл кафт»-æн та йæ хъуыдыйы апп уый мидæг уыд, æмæ йæ чи кафыд, уыдон хъуамæ сценæмæ къахфындзтыл кафгæ рахызтаиккой æмæ цалынмæ сценæйæ нæ ацыдаиккой, уæдмæ сæ архайд æмæ змæлд уыдаид къахфындзтыл. Уымæй уæлдай, Ирыстоны хореографтæй фыццаг Битарты Зауырбег ам нæхимæ æвæрын райдыдта æндæр адæмты кæфтытæ. Дзырдта нын-иу, зæгъгæ, дæ кафты алы змæлды дæр хъуамæ æвæрай, дзыхæй зæгъын дæ бон кæй нæу, фæлæ аивады æвзаджы фæрцы равдисынмæ кæмæ хъуамæ сарæхсай, ахæм хъуыды. Де змæлдæй, дæ уæнгты аив айстæй æз, зæгъы, Таймураз хъуамæ æмбарон, цы мын зæгъынмæ хъавыс, дæ кафтæй, уый. Артист, кафæг цухъхъа куы скæна, уæд хъуамæ уый дæр адæймаджы уæнгты змæлдимæ кафгæ кæна, уа йын æххуысгæнæг кафты æххæст цавæрдæр бæлвырд ныв, фæлгонц равдисынмæ.
1968 азы нæ ансамбль «Терек»-æй, кафты паддзахадон ансамбль «Алан»-мæ стыр конкурс ацæугæйæ, райстой Калоты Земфирæйы, Зассеты Валентинæйы, (рухсаг уæд) Къозаты Зелимы, Джыккайты Тотрадзы, Æбиты Виктор æмæ мæн. Кæй дзы рох кæнын, уыдонæй хатыр курын. Зауырбег Ирыстонæй уæлдай куыста Дагестаны, Цæцæны æмæ Хъæрæсе Черкесты, стæй ма æндæр рæтты. Æмæ алкæмдæр йæ цыбыр царды ныууагъта ном рæсугъд фæд æмæ æцæг ирон лæджы тырысайау бæрзонд хаста кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр. Аууон æппарын ыл никуы никæй бауагъта. Афтæ-иу дзырдта, зæгъгæ, хорз адæймаг куы уай, æмæ дæм рæсугъд æмæ фæзминаг æгъдау куы уа, уæд дæ рауайдзæн æцæг кафæг, хореографийы дæсны. Æмæ цы фæндаг равзæрстай, ууыл цæудзынæ æдæрсгæйæ, фидар къахдзæфтæй. Йæ уыцы хъуыдытæ йын царды уадзын дæр хорз кæй æнтыстис, уый бæрæг у ныр дæр йæ бирæ хъомылгæнинæгтæй — абоны зындгонд кафджыты æнтыстджын сфæлдыстадон куыстæй. Уый та у æцæг хорзæх æмæ æнусон амонд.
КЪОЗАТЫ Зелим, РЦИ-Аланийы æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист, кафты паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы раздæры солист:
— Ме ‘фсымæримæ мæ кафыныл фыццаг мæ фыд ахуыр кодта. Фæлæ астæуккаг скъолайы 8 къласы каст куы фæдæн, уæд ахуыр кæнынмæ бацыдтæн Дзæуджыхъæуы профессионалон-техникон училищетæй иумæ. Уым бахæлар дæн ансамбль «Терчы» кафæг Джыккайты Тотрадзимæ. Репетицитæм дæр-иу йемæ арæх бауадтæн ансамбльмæ. Иуахæмы та сæм куы бацыдтæн, уæд ансамблы разамонæг Битарты Зауырбеджы баййæфтон кафæг фæсивæдæн ног кафты фезмæлдтытæ амонгæ. Æз æм иуцасдæр лæмбынæг фæкастæн, æмæ йын йæ фезмæлдтытæ мæхæдæг фæлхат кæнын райдыдтон, уый мæ куыд нæ бафиппайа, афтæ. Фæлæ мæ уæддæр федта, æмæ мæм фæдзырдта, цæй ма, зæгъы, лæппу, ды та мын мæ амындтытæ дæ зæрдыл куыд бадардтай, уый ма мын равдис. Æз дæр ын уæд йæ ныхасыл дыууæ нал загътон, йæ фæнд йын сæххæст кодтон. Дыккаг бон æз райдыдтон ансамблы кафын. Уымæй дыууæ къуыри куы рацыд, уæд ацы аивадон коллективимæ ацыдтæн Мæскуымæ профессионалон-техникон ахуыргæнæндæтты студентты аивады фестивальмæ. Æмæ уырдыгæй ансамбль «Терчы» кафджытæ ссыдысты лауреаты дипломимæ. Афтæ райдыдта мæ фæндаг ирон профессионалон кафты аивады дунейы. Уымæ гæсгæ, абон дæр æз нæ кадджын хистæр æмæ курдиатджын хореограф Битарты Зауырбегæй дæн бузныг… Цæмæдæр мæм афтæ кæсы, цыма йæ райгуырæн Ирыстонæн æмæ Цæгат Кавказы цæрæг адæмты хореографийы рæзтæн номдзыд хореограф Битарты Зауырбег цы хорздзинæдты бацыд, уыдон нымайгæйæ йын фаг аргъ æмæ кад не скодтам йæ рæстæджы, стæй абон дæр цыма йæ рухс ном рохуаты аззад. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уыцы рæдыд сраст кæнынæн нын ис ахъаззаджы гæнæн. Ацы аз йæ райгуырдыл 100 азы кæй сæххæст, уый тыххæй йын йæ ном æрхъуыды кæнын у нæ алкæй хæс дæр. Йæ зæрдæйы хъармæй, йæ курдиаты рухсæй кæй фæхайджын кодта, уыдон ныртæккæ сты зындгонд кафджытæ æмæ сæ тынг фæнды ирон кафты пехуымпарæн аккаг хуызы скад кæнын. Æмæ хорз уаид, уыцы хъуыддаджы сæм нæ республикæйы хицауад куы фæкæсиккой. Уыцы хъуыддагыл куы бацархаиккой æмвæндæй æмæ æмзондæй!
Ацы æрмæг мыхуырмæ цæттæ уыд, афтæмæй ныхас кодтон РЦИ-Аланийы Культурæйы министрады традицион культурæйы æмæ этнотуризмы центр «Фарн»-ы сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт архайæг Цæриаты Валериимæ, Куыд нын радзырдта, афтæмæй ацы аз, 29 апрелы — кафты дунеон боны нæ республикæйы арæзт æрцæудзæн хореографион фестиваль. Æмæ йæ ацы аз сараздзысты Битарты Зауырбеджы райгуырды сæдæ азы юбилейы кадæн.
Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ГАСАНТЫ Валери














