Хæрзгæнæг хорз нæ ары

0
648

Фæззæг. Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут ирон хъæуы ныллæг æлыгсæр хæдзар. Хæдзары рахиз фарс æртæкъахыг бандоныл бинонты хистæр бады æмæ бæхы саргъ хуыйы. Галиуæрдыгæй, сылгоймæгтæ кæм фæархайынц, уым хæдзары чындз хæххон дзæбидыры фыдæй бинонтæн æхсæвæр цæттæ кæны. Йæ сæрмæ бындзытæ ныттыгуыр сты æмæ йæ архайын нæ уадзынц. Уыцы рæстæг тохынайы галиуварсæй хæлуарæг бындзыты фыдмитæм каст æмæ сæм мæсты кодта. Уæд бавдæлд æмæ сфæнд кодта а хæдзары бинонтæн балæггад кæнын. Йæ зæрдæ дардта ууыл, æмæ сын куы балæггад кæна, уæд хæлуарджытæ æмæ адæм цæрын райдайдзысты хæларæй. Хæлуарæг сбыдта бындзахсæн тынтæ. Цыбыр рæстæгмæ хæдзары цы бындзытæ уыд, уыдоны мыггаг сыскъуыд. Хæлуарæджы цинæн нал уыд кæрон. Сфæнд кодта хæдзаронтæн, бындзытæ куыд скуынæг кодта, уый радзурын. Хъуамæ бамбæрстаиккой, бындзытæ кæй фæрцы фесæфтысты, уый. Лæггадгæнæг цингæнгæйæ фынгмæ йæхи тыныл æруагъта. Фæлæсы… Мæнæ-мæнæ зæгъдзæн хицæуттæн: «Уæ бон хорз», афтæ йæ чындз газет «Рæстдзинад»-æй амардта æмæ скуывта: «О, Хуыцау, бындзыты фесæфтай, фæлæ нæ хæлуарджытæй дæр бахъахъхъæн!». Зæрæдтæ-иу афтæ загътой, дæ куыстæн дын аргъ чи нæ кæны, уымæн ма кус æмæ, кæм нæ хъæуы, уым дæ фындз ма тъысс.

ЗЫКЪУЫРТЫ Георги, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты 1-æм курсы студент

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here