Кафт — йæ уды хай

0
785

Цымæ ма адæймагæн йæ зæрдæ цæмæй барайдзæн хуыздæр, искуы цины хабары фæдыл куы уа, æмæ уым хъазты ирон лæппутæ, саухохы цæргæс йæ базыртæ арвыл зилдух кæнгæйæ куыд сисы, афтæ сæ цæнгтыл куы схæцынц, чызджытæ та доны хъазтау уæздан, сæ цæстытæ бынмæ уагъдæй куы фæкафынц, уæд. Ахæм цардбæллон фæсивæд цы адæмыхæттыты минæвæрттæ сты, уыдонæн ис стыр фидæн, уыдонæн цæрдзæн сæ ном æнусты. Кад Хуыцауæн, йæ фæдзæхстæй мах, цытджын алайнæгты цот — ирæтты æхсæн, хуры фендау зæрдæ кæмæй райы, ахæм фæсивæд бирæ ис. Фæлæ, хъыгагæн, се ‘ппæт бæрæг нæ дарынц. Сæ уæздандзинад, сæ хæрзæгъдау сæ нæ уадзы хи æппæлæн митæ кæнын. Фæлæ иугæр куы райхъуысы сæ кой, уæд сæм адæймаг кæсынæй нал фефсæды. Уыдон фидарæй сæ зæрдыл дарынц фыдæлтыккон æмбисонд: «Дæхицæй ма раппæл, исчи дæ раппæлæд». Æмæ уый хорз у. Уымæн æмæ хуымæтæгдзинад адæймагæн йæ фидауц у.

Хуымæтæгдзинадæй чи фидауы, йæ алы змæлды дæр арт кæмæн ис, йæ сæр сæрмæ чи хæссы, ахæм ирыстойнаг æрыгон чызджытæ æмæ лæппуты куырдадзтæй иу у РЦИ-Аланийы адæмон кафты паддзахадон академион ансамбль «Алан». Уыцы хæрзæуд фæсивæд сты Хуыгаты Аслан, Сатцаты Ацæмæз, Владимир Пицхилаури, Гуыцмæзты Алан, Баликъоты Æхсар, Тедеты Леван, Гамаонты Азæмæт, Туаты Зæлинæ, Нартыхты Зæринæ, Гиоты Дзерассæ, Лолаты Викæ, Нонæ Зюзина, Дзæгъойты Майя, Мамыкъаты Анетæ æмæ æндæртæ.

Атæппæт æрыгæтты ‘хсæн кусы æмæ йæ фыдæбонæй дзыллæтæн цин хæссы бæзæрхыгтæ арæзт ирон сагсур лæппу Гуылæрты Владимиры фырт Радион. Йæ хæлæрттæ йæ уарзгæйæ Радик хонынц.

Райгуырд Дзæуджыхъæуы. Ахуыр кодта æмæ фараст къласы каст фæцис 30æм астæуккаг скъолайы. Чысыл лæппуйæ иннæ сывæллæттау Радик дæр уарзта уынджы атезгъо кæнын. Уæлдай фылдæр уарзта пуртийæ хъазын. Æмæ сфæнд кодта спорты ацы хуызæй профессионалон хъазт кæнын. Суанг ма йæхицæн фидæны нысантæ дæр сæвæрдта. Фæлæ, куыд фæзæгъынц — фæндтæ Хуыцаумæ. Уалынмæ Радик, пуртийæ хъазынæй фылдæр чи ницы уарзта, уый йе ‘ргом аздæхта кафынмæ. Стыр цымыдисæй кастис телевизормæ, ансамбльтæ æмæ хицæн кафджытæ куыд кафынц, уымæ. Йæхицæн балхæнын кодта алы видеокассетæтæ ирон кæфтытимæ. Уыдонмæ кæсгæйæ-иу лæппу, йæ бон куыд уыд, афтæ кафыд, фæзмыдта кафджыты алы къахайст, сæ къухты алы фезмæлд дæр. Афтæмæй лæппу пуртийæ хъазын æвзæр фынау ферох кодта. Йæхи æппæтæй дæр аздæхта кафты аивадмæ. Ныййарджытæ сæ лæппуйы тырнындзинад банкъардтой æмæ йæ бахуыдтой Сывæллæтты æмæ фæсивæды райрæзты республикон центр «Заря»-йы кафджыты ансамбль «Терек»мæ. Уыцы рæстæг ансамблы ном хъуыстгонд уыд айдагъ Ирыстоны æмæ Уæрæсейы нæ, фæлæ Турчы, Данийы, Финляндийы, Англисы, Италийы, Польшæйы æмæ æндæр рæтты. Къордæн разамынд лæвæрдта Нодар Кабисошвили.

Радик зæрдæргъæвдæй райдыдта кафты сусæгдзинæдтæ ахуыр кæнын. Йæ ахуыргæнæг ын-иу цы амыдта, уыдон-иу уайтагъд йæ зæрдыл бадардта æмæ-иу сæ иннæ ахуырмæ æнæ рæдигæйæ афæзмыдта. Гуылæры-фырт къæрцхъус уыд музыкалон зæлтæм, уымæ гæсгæ æнæ искæй æххуысæй, нотæтæ нæзонгæйæ райдыдта цæгъдын фæндыр æмæ гуымсæгæй дæр. Афтæмæй сывæллон скъолайы дæр ахуыр кодта æмæ кафгæ дæр кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын скъолайы æнцондæр ахуыр кæнæн уыдысты гуманитарон предметтæ, уæлдайдæр истори. Уарзгæ дæр фылдæр кодта истори. Бонтæ цыдысты æмæ фарн хастой. Фараст къласы каст фæуыны фæстæ Радик бацыд ахуыр кæнынмæ РЦИ-Аланийы Культурæйы колледжмæ. Æртæ азы дзы куы фæцахуыр кодта, уæд æй колледжы директор Цехъоты Ларисæйы æххуысæй аивтой Мæскуыйы областон аивæдты колледжмæ. Колледжы сахуыргæнгæйæ, æмбæлгæ æвдисæндар райсгæйæ, 2008 азы йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы Культурæ æмæ аивады паддзахадон университеты хореографион факультеты адæмон кафты хайады. Фондз азы фæстæ профессионалон хореографæй сыздæхт йæ фыдыуæзæг Ирыстонмæ.

Кафынмондаг лæппу фæсахуыр хæдзары бирæ бадын нæ бафæрæзта. Райдыдта куыст агурын. Бацыд ансамбль «Алан»-мæ. Ансамблы уæды аивадон разамонæг, УФ-йы сгуыхт артист, абонРЦИ-Аланийы культурæйы министры хæдивæг Къубалты Эльбрус уым нæ разынд, æмæ фембæлд ансамблы сæйраг балетмейстер, Уæрæсейы Федерацийы, Хуссар Ирыстоны, Цæцæны республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг, РЦИАланийы адæмон артист, артистты æппæтдунеон комитеты сыгъзæрин майдан хæссæг, дзæнæты бадинаг Касаты (Габо) Хъасболатимæ. Габо йæм бакаст æмæ æнæ уæлдай фæрстытæ дæтгæйæ загъта: «Цæй, цы кусдзыстæм?»

Афтæ 2014 азы Радик кусын райдыдта ансамбль «Алан»-ы. Лæппу æмбæлгæ ахуырадимæ, профессионалон кафæг уæвгæйæ, цыбыр рæстæгмæ ссис солист. Иннæты æмрæнхъ кафын райдыдта ахæм кæфтыты, куыд «Фыййæуттæ», «Хъайтар», «Гандаган», «Хæххон», «Лезгинаг», Сой» æмæ æндæрты. Æрвылбон, йæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, куыста йæхиуыл. Йæ дæсны разамонджыты фæрцы йæ зонындзинæдтæ уæрæхæй-уæрæхдæр кодта.

Гуылæры-фыртимæ кæцыдæр фембæлдтытæй иуы, кафты аивадыл ныхас кæнгæйæ, афтæ загъта: «Исчи мæ иу фынддæс азы размæ куы бафарстаид, кафтмæ цы зæрдæ дарын, уымæй, уæд дзуапп раттаин, ницавæр, зæгъгæ. Ныр та афтæ куы зæгъон æмæ мæнæн кафт мæ цард у, уæд уый дæр раст нæ уыдзæн, уымæн æмæ кæйфæнды куы бафæрсай, уæд уый дæр афтæ зæгъдзæн. Мæнæн кафт у мæ уды хай. Ацы ныхæстæ уый тыххæй нæ зæгъын, æмæ мæхæдæг кафæг дæн, фæлæ уый тыххæй, æмæ кафты дæсныйад у аивады хуызтæй æппæты зындæр. Нæй дзы рæдийæн. Æркæсæм-ма. Поэт йæ зæгъинæгтæ, йæ зæрдæйы уаг æвдисы рæнхъыты хуызы. Йæ бон у æмæ кæсгæ-кæсын йæ фыст æмдзæвгæйы фæива дзырд кæнæ рæнхъ, æмæ йæ ничи бамбардзæн. Нывгæнæг йæ зæрдæйы уаг, йæ уæлмонцтæ хæссы кæттагмæ. Йæ фыст нывы йæ зæрдæмæ исты куы нæ фæцæуа, уæд æй иннæрдæм рацахордзæн, æмæ уый дæр уыдзæн ныв. Зынаргъ ныв. Поэтæн дæр æмæ нывгæнæгæн дæр сæ фæллоймæ сæ бон бавналын у, фæлæ кафæгæн ахæм фадат нæй.

Кафæгæн йæ поэзи дæр æмæ йæ ныв дæр сты йæ сæры магъзы, балетмейстер ын цы ныв скæны, уый хъуамæ æппынæдзух дара йæ сæры, æмæ, сценæмæ куы рахизы, уæд уыциу рæстæг хъуамæ равдиса йæ поэзи нывы хуызы. Дыууæ иумæ та хуыйнынц кафт. Артистæн адæм хъуамæ цæстмæйы æмдзæгъд ма кæной, фæлæ йæ лæггадæн адæмы раз…»

Арæх фехъусæн вæййы, зæгъгæ, кафаг лæппу хæдзар нæ кæны. Мæнмæ гæсгæ, ацы хъуыды раст нæу. Зæгъгæ та йæ, æвæццæгæн, кодта цавæрдæр гæвзыкк æмæ зивæггæнаг лæппу. Фæлæ сæрæн, ныфсхаст, артау цырд куы уа, уæд хæдзар дæр сараздзæн æмæ ма иннæтæн дæр баххуыс кæндзæн. Уый хыгъд, къуыдипп æмæ гæвзыкк куы уа, уæд цыфæнды хъæздыгæй дæр хæдзар нæ, фæлæ кæркдон дæр не скæндзæн… Гуырысхойаг нæу æппындæр уый, æмæ Гуылæры-фырт кæй схиздзæн аивады бæрзонддæр къæпхæнтæм. Йæ кафтæй адæмæн хæссы цин, æмæ адæмы фарнæй хайджын уæд.

МЗОКТЫ Аллæ, Сывæллæтты æмæ фæсивæды райрæзты республикон центр «Заря»-йы директор:

— Радиккы æз зонын гыццылæй, ансамбль «Терек»-мæ кафынмæ куы æрбацыд, уæдæй фæстæмæ. Уыд сæрæн æмæ цæрдæг сывæллон. Сæ ахуыртæм-иу сын куы бацыдтæн, уæд-иу æм кастæн, æмæ-иу ын цы амыдтой, уыдон-иу уайтагъд бахъуыды кодта. Цыбыр рæстæгмæ кафын райдыдта тынг хорз. Уый хыгъд дзырдта æрмæстдæр иронау. Абон та Радик у, кæддæр гыццылæй цы ансамблы райдыдта кафын, уый разамонæг. Зоны æрыгон фæсивæды йæхимæ æрбангом кæнын. Фæсивæд дæр æм сæхи ласынц. Йæ куыст зоны биноныг, бæлвырд. Абон дæр, кæддæр куыд дзырдта иронау, афтæ дзуры, айдагъ йе ‘мкусджытимæ нæ, фæлæ йæ хъомылгæнинæгтимæ дæр. Уый та абон, мæнмæ гæсгæ, у стыр ахъаззаг хъомыладæн дæр æмæ æхсæнадæн дæр. Тынг æхсызгон мын у, нæхи кæддæры хъомылгонд лæппутæ æмæ чызджытæ абон фæстæмæ нæхимæ кæй здæхынц æмæ ам кæй кусынц, уый. Гуылæры-фыртыл, куыд профессионалон хореограф, æцæг патриот, афтæ мæ зæрдæ тынг дарын, кæй йын бантысдзæн ансамбль фæстæмæ йæ раздæры кадмæ раздахын. Йæ кад та уыд тынг уæллоз.

КАСАТЫ Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here