Æвæдза, цард та диссаг æмæ цымыдисаг куыд нæ у. Фæлæ йын йæ цымыдисаг хабæрттæ æмæ нывтæ адæймаг бамбары, хъыгагæн, фылдæр хатт, йæ фæззæджы къуылдыммæ куы фæхæрд кæны, æрмæстдæр уæд. Уæлдай цымыдисагдæр лæгмæ фæкæсы, дæ хъæубæсты, комбæсты цы хистæрты æрæййæфтай, уыдон цардыуаг, сæ зондахаст, цардмæ сæ цæстæнгас æмæ сæ ахастдзинæдтæ сæ кæрæдзимæ, æхсæнадмæ. Нæ уарзон газет «Рæстдзинад»-ы ахæм темæтыл фыст æрмæджытæ куы фæзыны, уæд, цæмæндæр, зæрдæйæн уæлдай æхсызгондæр вæййынц. Уæлдай цымыдисагдæрæй сæ фæкæсы адæймаг, хистæр фæлтæры мысгæйæ. Уыцы заманы, рагзамантæ дæр сæ схонæм, цы дзырдтæй пайда кодтой, æмæ абон, хъыгагæн, рохуаты чи аззад, ахæм дзырдтæ дзы куы сарæх вæййынц, уæд адæймаджы йæ сабибонтæм аскъæфынц йæ сонт бæллицтæ.
Ахæм хæрзиуæг та мын ракодта газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг æмæ зæронд дзырдтæ «ноггæнæг» Абайты Эдуард, йæ уацхъуыд «Йæ гуырæнмæ хæстæг сыгъдæгдæр у дон», зæгъгæ, уым. Æмæ ма йæм Боциты Альбинæ Цæлыччы куырыхон хистæрты фæрныг хабæрттæ куы бафтыдта, уæд мæ цæстыты раз фæзындысты мæ зынаргъ райгуырæн Фаллагкомы хистæр фæлтæр, сæ дæллаг фарс сæ кæстæртæ уырдыг лæугæйæ.
Туалтæм Фаллагком, цыбыр æмæ нарæг, фæлæ рæсугъд æмæ аив ком у, фæлæ, хъыгагæн, фыдвадат, уæлдайдæр йæ хосы куыст. 1886 азы сфыстмæ гæсгæ дзы цардис 74 хæдзары. Фæлæ советон цардыуаг куы æрфидар, Ирыстоны дæр хæххон адæмæн бар æмæ фадат куы фæзынд быдыры хъæздыг зæххытæм ралидзынæн, уæд Фаллагкомы адæм дæр фæхæлоф кодтой æмæ алы хъæутæм фæлыгъдысты, æмæ ма дзы ивгъуыд æнусы 50-æм азтæм цæргæйæ баззад цыппæрдæс хæдзары. Уыдонæй алы хæдзары дæр — дæс бинойнаджы бæрц, уæдæ 18-19 æнусты та ноджы фылдæргæйттæ. Ныр, абоны царды уавæртæ хынцгæйæ æмæ ныры цæстæй кæсгæйæ куы абарæм уæды цæрджыты нымæц — 74 æмæ фæстæдæр — 14 хæдзары, уæд адæймаг дисы бацæуы. Ныры 14 хæдзарæн хуымзæхх, уыгæрдæн, хъæд дæр фаг куы нæ кодта, тыхтухитæ куы кодтой, уæд Фаллагкомы адæм 5-6 хатты фылдæр куы уыуысты, уæд цалдæргай æнусты дæргъы куыд фæрæзтой уыцы къуындæг, æлвæст уавæрты?
Адæймаг, зын æмæ къуындæг царды уавæрты бахаугæйæ, агуры хуыздæр фадæттæ æмæ гæнæнтæ, йæ зонд дæр ахæм уавæрты сфæлтæры. Йæ царды уæззау уавæртæ йæ хъуыды кæнын домынц. Хъуыдыгæнæг лæг та быхсон æмæ куырыхон кæны. Афтæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрдтой сæ рæсугъд æгъдау, сæ зонды бирæ æвæрæнтæ, быхсондзинад, кæрæдзийæн аргъ кæнын æмæ ныфс уæвын. Бæрæгбонтæ та нымадтой иумæйаг цины бæрæгбоныл, уымæн æмæ сæ бадт иумæ уыди. Ам ма иу фиппаинагмæ фæстæмæ цæмæй мауал аздæхон, уый тыххæй йæ ныр ской кæнон.
Фаллагком хуыдтой «Æмдзырд Фаллагком». Цæмæн? Раджы заманты-иу зæронд мæрдтæн фæззæджы хист кодтой. Уæд, дам, æрцæуæг адæм бадтысты хицæн мыггаггай, ома, алы мыггаг дæр хицæнæй. Фыдæбонгæнджытæ-иу сбæлвырд кодтой, алы мыггагæй дæр цал лæджы бады, уал лæгæн фынджы хай æвæрдтой. Фаллагкомы та цардис цып- пар мыггаджы: Мамиатæ, Джиотæ, Балатæ, Еналдытæ, æмæ бадгæ дæр кодтой хицæн мыггаггай нæ, фæлæ цыппар мыггагæй иумæ. Фыдæбонгæнæг-иу загъта: Фаллагкомы цыппар мыггагæн иумæ уал æмæ уал хайы æрæвæрут. Афтæмæй сыл сæ хæлардзинад æмæ уарзондзинады тыххæй æмæ бындурыл «Æмдзырд Фаллагком», зæгъгæ, сæ- вæрдтой адæм сæхæдæг. Абон кæд Фаллагком федзæрæг, уæддæр сæ байзæддаг, кæрæдзиуыл фембæлгæйæ, кæрæдзимæ «Æмдзырд фаллагкоймаг», зæгъгæ, дзурынц. Сæ хæлардзинад нæ сафынц.
Уæдæ цас диссаджы уæздан æмæ куырыхон хистæртæ уыд ацы гыццыл «Æмдзырд Фаллагкомы». Ныхас цæуы, ивгъуыд æнусы 50—60-æм азты ма дзы æз кæй æрæййæфтон, уыдоныл. Куыд хистæрæй уал сæ ранымайон: Джиоты Садуллæ æмæ Нане, Мамиаты (Дзæуыгты) Алыксандр, Джиоты Никъала, Джиоты Гаду æмæ Ахметка, Мамиаты Къоста æмæ Хетæг, Джиоты Гуыбе æмæ Хъамболат, стæй ацы фæлтæрæн кæстæриуæггæнæг — Гæдули.
Æвæдза, цас диссаджы зæронд хабæрттæ, таурæгътæ, куывдтытæ зыдтой æмæ дзырдтой, æмæ нæ куыд ничи фæцарæхсти сæ кæцыдæр иу хай сын ныффыссынмæ. Ацы ахсджиаг хабар, абон æй куыд æмбарын, 50—60-æм азты йæ æмбисы бæрц уæддæр куы æмбæрстаин, уæд абон мæнæй амондджындæр æмæ хъæздыгдæр адæймаг зын ссарæн уаид.
— Цас диссаджы зæронд рагон хабæрттæ ахастой семæ, æмæ сæ куыд æнæхай фестæм. Комбæсты хистæртæ Садуллæ æмæ Нане раздæр кæй ацыдысты се ‘цæг дунемæ, уымæ гæсгæ сæ бынтон бæлвырд, хорз нæ хъуыды кæнын. Садуллæ-иу куывды хистæрæн куы бадти, уæд фынджы æгъдау домаг уыд. Фæлæ домгæ кодта тызмæг хуызы нæ, фæлæ уæзданæй. Бадтæн йæ фылдæр хай таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ заргæйæ æрвыстой.
Нане кæд фæстагмæ цæсты рухсæй фæцух ис, уæддæр, æрыгонæй райдайгæйæ, Хуыцауы Дзуары кувæндоны дзæвгар рæстæг кувæг лæгæй фæлæггад кодта. Ацы дыууæ уæздан хистæры сæ зæххон цардæй куы ахицæн сты, уæд Фаллагкомы хистæртæй баззадысты Мамиаты Алыксандр æмæ Джиоты Никъала. Хистæрты уаргъ райстой сæхимæ. Алыксандр сидзæрæй, æнæфыдæй схъомыл. Æртæ æфсымæрæн сæ хистæр
Алыксандрыл фараст азы куы цыд, уæд амард сæ фыд Ростъом. Сæ мад Еленæ (Саутион) сидзæргæсæй баззад, фæлæ йæ Хуыцау куырыхон зондæй фæхайджын кодта, кувынмæ та — Нарты Сатана. Æвæццæгæн, нæлгоймаджы (фыды) бæсты дæр кæй уыди, уый тыххæй. Алыксандр та, сидзæрты хистæр уæвгæйæ, йæ мады фарсмæ лæугæйæ, ахуыр кодта æмæ дзы фæстагмæ рауайдзæн куырыхон æмæ кувæг хистæр æмæ дзуапджын лæг. Комбæсты адæм æй куыд фæзмыдтой, уымæ гæсгæ, кувгæйæ иу ныхас дыууæ хатты нæ дзырдта. Уæдæ йын мардæн бæх фæлдисынмæ та æппæт Туалгомы дæр æмбал нæ уыди. Къоста дæр йæ æнæмæлгæ поэмæ «Уæлмæрдты», æвæццæгæн, ахæм лæгты ныхæстæм гæсгæ ныффыста. Йæ фæлмæн, рæвдаугæ ныхас Алыксандр нæ фесæфта йæ фæстаг бонтæм дæр, уæлдайдæр кæстæртимæ.
Джиоты Никъалайы сурæт цæмæндæр мæ цæстытыл уайы. Йæ аив, дæргъæлвæст мыдхуыз рихитæ-иу куыд адаудта, ныхас кæныны размæ, уый йæхимæ дæр, æвæццæгæн, хорз каст, стæй ын уæлæмхасæн цыдæр фидауц лæвæрдта. Æртæ хистæры фæстæ, иннæтæ бирæ нал куывтой, фæлæ сæ цыбыр ракуывды дæр арф хъуыды æмæ рæсугъд æгъдау кæй уыди, уый фæстæдæр бамбæрстам. Никъала æрмæст куырыхон хистæр нæ уыди, фæлæ ма хæдахуыр дæндæгты дохтыр дæр. Дæндæгты хъизæмар низæй бирæты фервæзын кодта, йæ низæфхæрд дæндаг-иу ын куы фæцъортт ласта, уæд.
Мамиаты Хетæг — æнæкæрон хъаруйы хицау, фæлæ мæлæтхæссæг низ уæйыджы хъарумæ дæр нæ кæсы. Диссаг ма уый кæсы абон адæймагмæ æмæ ахæм уæйыгарæзт, дынджыртæ лæг æмæ-иу сывæллæтты йæхиуыл æрæмбырд кодта æмæ семæ хъазыди. Фæлæ йын Хуыцау цæрæнбонтæ радта æрмæстдæр 42 азы. Уæззау, вазыгджын операци ма йын куы кодтой, уæд ма дохтыртимæ ныхæстæ кодта. Уый фæстæ йæ стыр диссагæн дзырдтой дохтыртæ, ахæм хъаруджын, фæразон лæг, уынгæ нæ, хъусгæ дæр никуы фæкодтам. Мæлæт та æппæтæй дæр тыхджындæр у, хатыр дæр нæ зоны.
Уæлдæр æй куы загътон, хосы куыст Фаллагкомæй зындæр æмæ æвадатдæр никуы у. Уымæ гæсгæ мæкъуылтæ амадтой, цас гæнæн уыд, уыйас — рогдæр, зымæгон сæ ласгæйæ æнцондæр архайд куыд уой. Фæлæ Джиоты Ахметка æмæ Мамиаты Алыксандры амад мæкъуылтæ ласынмæ зымæгон, фæсивæд зивæггæнгæ цыдысты, мæхъийы фæрссагæттæ-иу стыдтой, æмæ йын уæд исæн нал уыди. Ацы дыууæ лæджы (Алыксандр æмæ Ахметка) фыргуыст æмæ фыдгуыст уыдысты, фæлæ хæларзæрдæ æмæ ирон æгъдауыл фидар хæст. Иу дæнцæг сæ дыууæйы цардæй, æгъдауыл хæст уæвгæйæ.
Цæвиттон, Ахметка Регахæй Зæрæмæгмæ цыдæр хъуыддаджы фæдыл рараст саргъы бæхыл. Мамиаты Алыксандр (мæ фыд) дæр уыцы рæстæг рараст Зæрæмæгмæ фистæгæй (бæх нæм нал уыди уыцы рæстæг). Мах комы дымæгмæ хæстæгдæр цардыс- тæм, комбæстæн сæ фæндаг мах рæзты уыд. Ахметка комы кæрон Алыксандры æрбаййæфта, кæстæрæн куыд æмбæлы, афтæ йæ бæхæй æрхызт, ома, хистæр сбада бæхыл, фæлæ хистæр нæ комы бæхыл бадын. Йæ дзуапп уыдис иугъæдон: «Бæхыл бадын дæ куы фæнда, уæд æй хæдзары дарын хъæуы». Ахметкайы лæгъстæтæй куы ницы уади, куы нæ йын бакоммæ каст йæ хистæр, уæд уый дæр нал сбадт йæ бæхыл. Афтæ дыууæ кар лæджы фæцыдысты фистæгæй Зæрæмæгмæ авд километры бæрц, бæхы сæ фæстæ ласгæйæ. Сæ хъуыддæгтæ сарæзтой дыууæйæ дæр, фæстæмæ дæр та иумæ рараст кодтой, фæстæмæ дæр та фистæгæй фæцыдысты дыууæ куырыхон хистæры. Алыксандр та уæддæр нæ бакуымдта бæхыл бадын, Ахметкайæн та йæ ирон æфсарм бар нæ лæвæрдта йæ хистæры разæй саргъы бæхыл сбадын. Афтæ дыууæ куырыхон хистæры, кæрæдзийæ æфсæрмы кæнгæйæ, фистæгæй фæцыдысты бирæ. Нæхимæ ма дзæвгар фæбадтысты, фæныхас, фæтаурæгътæ кодтой, стæй Алыксандр йæ уæздан кæстæры рафæндараст кодта. О, рухс дзæнæты фæбадат, нæ куырыхон, уæздан, æгъдауыл хæст хистæртæ. Цас æфсарм æмæ æгъдау уæм уыдис, цас!
Ныртæккæ, кæй зæгъын æй хъæуы, бæхтæ ничиуал дары. Фæлæ ныртæккæйы фæлтæрæй исчи цыппæрдæс километры йæ бæх йæ фæстæ фæласа, уый, хъыгагæн, зын бауырнинаг у. Æвæццæгæн зæгъид: «Загътон ын, сбад бæхыл, нæ бады, нæ разы кæны, йæ бар йæхи. Æз та ма фистæгæй цæмæн цæуон, ис бæхæй». Фæлæ нæ хистæртæ арф хъуыды æмæ дардмæ кæсаг уыдысты. Æрхъуыды, дам, царды æмбис у, фæзæгъынц. Æрхъуыды, æгъдау æмæ æфсарм та кæрæдзиуыл фидар æфсæн рæхысы цæгтау баст сты. Нæ куырыхон хистæртæ та ацы æртæ фидар царды цæджындзтыл æнцой кодтой. Уæдæ комбæсты хъæлдзæг, цыргъзонд ныхасгæнджытæ дæр куыд нæ уыди. Абоны фæлтæр, бæгуыдæр, æрхъуыды кæнынц Джиоты Гæду æмæ Гуыбейы хъæлдзæг хабæрттæ. Гæду Регахы Хуыцауы дзуары кувæндоны кувæг лæгæй бирæ фæлæггад кодта, йæ уæллаг фарс та ма Алардыйы номыл — кувæндон.
Джиоты Гуыбе — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, кæд йæ кармæ гæсгæ хистæртæй уыд, уæддæр кæстæрты бирæ кæй уарзта, уымæ гæсгæ йæхи æввахсдæр дардта фæсивæдмæ. Фæсивæд æй бирæ уарзтой æмæ-иу, фадат уæвгæйæ, йæ алыварс атыгуыр сты æмæ та-иу уайтагъд сæ худын райхъуыст. Тынг зæрдæхæлар æмæ хъæлдзæг лæг уыди. Кæстæртæн-иу арæх хъæлдзæг, худæг ныхæстæ кæй кодта, уымæ гæсгæ йын йæ аив куывдтытæ зæрдыл нæ бадардтам. Фæстæдæр Алагирмæ куы ралыгъдысты, уæд йæ ног сыхбæсты иууылдæр Гуыбейы агуырдтой кувæг лæгæй. Мамиаты Къоста хæстæй куы æрцыди, уæд кусын райдыдта ахуыргæнæгæй, фыццаг Чеселты комы, уый фæстæ та нæхи Фаллагкомы. Къоста уыдис, фыццаджыдæр, ирон æгъдау æмæ æфсармыл ахуыргæнæг. Сывæллæттæ-иу зымæгон арф миты лæгæрдгæйæ ныххуылыдз сты. Къоста-иу сын фыццаг сæ къахыдарæс бахус кæнын кодта, уый фæстæ та — уроктæ. Къостайы нæхи комы дæр, уæлдайдæр Чеселты комы фылдæр бауарзтой йæ хæларзæрдæ æмæ аив зарды фæрцы. Уæдæ колхозты рæзтыл зæрдиагæй чи архайдта, уыдонæй иу уыдис Джиоты Хъамболат. Фаллагком нымад уыдис Нары зылды колхозы хицæн бригадыл. Бригадирæй та — Хъамболат. «Бригадир — уый куыст у, ирон лæг уæвын та — цардыуаг у. Уый та домы фыццаджыдæр æгъдау æмæ æфсарм» — дзырдта-иу арæх Хъамболат. Уæдæ хистæртæн кæстæры лæггад чи фæкодта, хъæрæй дзурын дæр чи нæ зыдта, уыцы Гæдули Джиоты зæрдыл уæлдай хуыздæр лæууы. Æвæццæгæн, уæлдай фæлмæн æмæ рæвдаугæ ныхас кæй кодта махимæ, уæды сывæллæттимæ, уымæн. Уæлдай æхсызгондæр та нын-иу уыди, йæ хæрзконд, аив бæхуæрдоны-иу нæ куы байдзаг кодта æмæ-иу нæ Хацъейы хуымы кæронмæ куы фæласта, фæстæмæ та бæгъæмвадæй, хъазгæ сфардæг стæм. Бынтон сæрыстыр та-иу, бæхы рохтæ кæмæ радта Гæдули йæхæдæг, уый уыди. Уæлдæр ранымад, дзæнæты бадинаг хистæртæ, махмæ, уæды сывæллæттæм, кастысты стыр, арф кары зæрæдтæ. Фæлæ сын абоны цæстæй сæ кармæ куы æркæсы адæймаг, уæд дзы æцæг зæронды кармæ ничи фæцард. 80 азмæ дæр дзы ничи схæццæ, уæлдайдæр Мамиаты Хетæг æмæ Джиоты Гæдули — 50 азмæ дæр нæ бахæццæ сты. Дзæнæт уæ бынат уæд. Хæрзаудæн кæнут уæ фæстагæттыл, уыдон та уын уæ сыгъдæг ном мысынхъом уæнт.
МАМИАТЫ Таймура