Ресы хъæбыс — йæ авдæн

0
643

Ацы бонты Ирыстоны музыкалон аивады зæрингуырд Плиты Христофоры райгуырдыл æххæст кæны 95 азы. Уыдонæй цæргæ фæкодта 72 азы æмæ дзы 55 азы фæлæггад кодта Ирыстоны музыкалон аивадæн.

Хæдзарвæндагæн егъау нысаниуæг ис. Канд Рукъгомы нæ, æгас Цъалагомы дæр Мандытæ (афтæ сæ хуыдтой сæ фыдæл Мандыйы номæй) нæргæ хæдзарвæндагыл нымад уыдысты. Дзæвгар бинонтæ кæд искæй хæдзары змæлыд, уæд уыдоны фыццæгтæй иу уыд Мандыйы хæдзарвæндаг.

Хæдзарвæндаджы нæлгоймæгтæ: Сослан, Сардо, Арчил, Петя, Геса æмæ Граф æрæджиауы онг дæр иумæ цардысты хæлар æмæ адджынæй, схъомыл кодтой цот, Ирыстон сæ цæст кæуыл æрæвæрдта, ахæмты. Сæ цоты цотыл куы дзурæм, уæд нæ ныхас адаргъ уыдзæн. Зæгъдзынæн дзы дыууæйы тыххæй — сæ иу Бэлæ — кардиолог, адæмæн уарзон дохтыр, Жаннæ — зындгонд ирон композитор, канд Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр.

Сæхи цæуæт та уыдысты: Иосиф — Хуссар Ирыстоны университеты математик; Валодя — Цхинвалы 2-æм скъолайы математик; Гаврил — завод «Эмальпровод» саразæг, инженер; Петр — горæххæстгомы кусæг; Ауызби — хæхбæсты боныхъæдты бæрæггæнæг станцæты сæргълæууæг; Уасил — ансамбль «Симд»-ы бындурæвæрджытæй иу; Женя — хими æмæ биологийы ахуыргæнæг æмæ Христофор, абон нæ ныхасы сæр кæуыл у, уый — композитор, музыкант, æхсæнадон кусæг, Советон Цæдисы Композиторты цæдисы уæнг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Уæрæсейы Федерацийы аивæдты сгуыхт кусæг.

Христофор уыдис Уæллаг Рукъæй, уым райгуырд 1923 азы рæстæмбис цæрæг лæджы хæдзары. Йæ фыд Сослан уыдис йæ дуджы куырыхон лæгтæй иу, Ирыстоны рæзгæ фæлтæры раз уырдыг бирæ чи фæлæууыд, ахуыр — хъомыладон куыстæн йæ цард чи снывонд кодта, ахæм адæймаг, ахæм ахуыргæнæг. Сосланы фырттæ Христофор æмæ Уасил сæ царды фæндæгтæ сæрысуангæй сбастой национ аивадимæ, ирон кæлæнгæнæг музыкæимæ. Хуссар Ирыстоны ансамбль «Симд»-ы историйыл чи дзура, уымæн нæй ахизæн Уасилы иувæрсты, Галаты Барисы фарсмæ æнгом чи æрбалæууыд, «Симд»-æн дзæвгар азты разамынд чи лæвæрдта, уый уыдис Уасил. Ахæм фæндæгтæ равзæрста Христофор дæр.

Плиты Христофор раздæр каст фæцис Ручъы скъола, стæй та, 1940 азы, Сталиниры педагогон техникум. Уым ахуыр кæнгæйæ, зæрдиагæй архайдта зарæггæнджыты æмæ кафджыты къорды. 1937 азæй та уыд Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды оркестры разæнгард архайæг.

Рæсугъд фæндтæ уыд æвзонг лæппумæ йæ дарддæры ахуыры фæндæгты тыххæй, фæлæ йын сæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты сæлæф зæй йæ быны фæкодта. Ралæууыд тугкалæн тохты дуг, фæраст уырдæм æвзонг Христофор дæр. Уым федта знаджы бæрзæйсастæй. Æфсæддон хъуыддæгты арæхстджын кæй уыд, уый тыххæй ма баззад уым фæсхæсты азты дæр.

Æрыздæхт 1947 азы. Æрыздæхт цардбæллон лæппу уæлахиздзауæй, æмæ дарддæр бавнæлдта ахуыры хъуыддагмæ, ныллæууыд ногæй музыкæйы рæсугъд фæндæгтыл æмæ фыццаг каст фæцис Мæскуыйы Чайковскийы номыл паддзахадон консерватори, стæй та — 1957 азы композиторты факультет. Уый дæр уыцы консерваторийы.

Йæ егъау æхсæнадон педагогон куыст Христофор райдыдта йæ ахуыры азты фæстæ. Уарзта йæ равзаргæ дæсныйад, цайдагъ ыл кодта Иры фæсивæды, архайдта Ирыстоны музыкалон скъолатæ сбирæ кæныныл. Райдыдта царды асинтыл хæрдмæ хизын. Ууыл дзурæг сты мæнæ ацы дæнцæгтæ:

1968-1984 азты уыдис Цæгат Ирыстоны Композиторты цæдисы правленийы сæрдар.

1973 азæй суанг йæ амæлæтмæ та уыдис Уæрæсейы Композиторты Цæдисы правленийы сæрдары хæдивæг.

Уæрæсейы музыкалон аивады æмрæнхъ Христофор бавнæлдта Иры зæлланггæнаг музыкалон аивадмæ. Уый тынг хорз зыдта йæ адæмон сфæлдыстады музыкалон æвæрæнтæ. Цъалагомы Иры хъæздыг фольклор кæд хорз исчи зыдта, уæд уыдонæй иу уыд йæ фыд Сослан. Уыцы хорз хæзнатæй схайджын кодта йæ фыртты дæр — Уасил æмæ Христофоры.

Ирон фольклорон музыкалон аивад Христофорæн ссис йе сфæлдыстадон фыццаг рахæцæн. Фидарæй зæгъæн ис уый, кæй уыд ирон адæмон сфæлдыстады музыкалон æвæрæнты дæсны иртасæг. Ууыл уал сæйраджы дæр дзурæг сты йæ фæллæйттæ: «Ирон сиютæ», «Зарæг Тауычейы темæйы фонтази», скрипкæ æмæ фортепианойæн цы мелодитæ ныффыста, уыдон.

Ацы хъуыддаджы Христофоры схонæн ис ирон адæмон зарджытæ æмбырдгæнæг. Афтæ кæй уыд, уый та бæлвырд у йæ чиныг «Народная музыка Северной Осетии в обработке для аккордеона или баяна».

Христофор нымад æрцыд ирон музыкалон аивады фыццаг ирон профессионалон опереттæйы авторыл дæр. Уый та уыд «Уалдзыгон зарæг». Фыццаг бынаты æрлæууыд Христофор, иуактон оперæ «Къоста» куы ныффыста, уæддæр. Ир æхсызгонæй сæмбæлдысты йæ опереттæтæ «Фатимæ», «Уалдзыгон зарæг», «Æртæ æрдхорды» æмæ «Нæ усгур алыгъди»- йыл дæр.

«Æрттив, мæ Ирыстон» йæ фæзындæй фæстæмæ нæ аивадуарзджыты зæрдæтæм уæрæх фæндаг ссардта. Стæй уæд фæзминагæн фæцис Кавказ æмæ æндæр нациты цæсты дæр.

Плиты Христофоры музыкалонаивадон бынтæ бæрзонд æмвæзадмæ систой Ирыстоны кæлæнгæнæг аивады. Уыдон та сты: «Дунейы уалдзæг»; «Колхозон фæсивæд»; «Зарæг Къостайыл»; «Авдæны зарæг», «Мæ Ирыстон»; «Ирыстон»; «Ногазон зарæг»; «Зарæг партийыл; Лениныл, Райгуырæн бæстæйыл».

Уæлдæр ранымад куыстытæ мыхуыр æрцыдысты алыхуызон музыкалон журналты. Христофорæн бантыст цалдæр чиныджы рауадзын. Уыдон сты: «Ирон зарджытæ», Орджоникидзе. 1978 аз; «Цины зарджытæ», Мæскуы. 1992 аз.

Ацы чингуытыл кусгæйæ, бирæ ахсджиаг хъуыддæгтæ бакодта Христофор. Æртымбыл кодта ирон зарджыты, сфæлыста сæ музыкæйæ, уымæй ирон зарæг æмæ оркестрты къух дзæвгар фæрæуæгдæр кодта.

Дыккаг та уый: Христофор бавдæлд æмæ æрæмбырд кодта Цæгат Ирыстоны композиторты зарджытæ, æркодта сæ бæрæг системæмæ. Уымæй стыр æххуыс бакодта музыкæйы ахуыргæнджытæн, музыкалон аивад нæ кæстæртæн чи амоны, уыдонæн.

Вазыгджын у йæ оперæ «Къоста» мидисæй æмæ гуырахстæй дæр. Конд у æхсæз эпизодæй. Либреттойы автортæ та сты Цæгæраты Максим æмæ И. Шороев. Христофор цæстуарзон куыст бакодта, цы фæндаг равзæрста, ууыл. Кæд йе ‘фсымæр Уасил дæр ацы хъуыддагыл хæст уыд, уæддæр Христофоры фæллæйттæ фылдæр æмæ зынаргъдæр сты. Уасилæн ансамблы егъау æххуыс уыдысты йе ‘фсымæры куыстытæ. Нæ ирон ном нын кæуылты ныхъхъæр кодта Уасилы чызг Жаннæ та! Уыцы хъуыддаджы дæр Христофоры æххуыс егъау уыд.

Хорз зыдтон ацы музыкалон хæдзарвæндаджы, зонын сæ абон дæр. Æцæг нæртон, номдзыд, куырыхон хæдзарвæндаг уыдысты æмæ уыцы фарн дарддæр хæссынц Жаннæ, Бэлæ, Анатоли æмæ уыдоны кæстæртæ. Жаннæйæн дзы цытæ бантыст, уыдон нымайæг нæ банымайдзæн.

Ирыстоны музыкалон аивад хæсджын у, цæмæй адæмы размæ хæссой Христофор, Уасил æмæ Жаннæйы нæмттæ. Лæггад нæ, сæ нæмттæ дæр сын нæ зонынц нæ абоны фæлтæрæй чидæртæ, уымæн æмæ сæ номыл ницы ис, нæдæр Хуссары, нæдæр Цæгат Ирыстоны, нæ телеуынынадтæ та сæ сæхи иуварс ласынц.

Уайдзæфы аккаг сты Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрад, Христофоры æдзæллаг бюстмæ куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы. Фарон газет «Рæстдзинад» фæдисы хъæргæнæгау фыста уый фæдыл, фæлæ цы?.. Абон Христофоры бюст афтæ нызгъæлæнтæ æмæ йын базонæн дæр нал ис. «Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ, цæмæй дын ратдзыстæм æгъдау?» (Къоста)…

 

ПЛИТЫ Гацыр, профессор,

Хетæгкаты Къостайы номыл

паддзахадон премийы лауреат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here