ЦГЪОЙТЫ Хъамболат æмæ ЦГЪОЙТЫ-САУТÆТЫ Маринæйæн

0
522

21 июны нæ уарзон сиахс Цгъойты Хъамболатæн уыд йæ юбилей. Уый фæдыл ын кæнæм зæрдæбын арфæтæ. Нæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад, бинонты амонд æмæ бирæ азты цæрæнбон. Хъамболат, Дунескæнæгæй курæг стæм, цæмæй дæ зæрдæйы цы бирæ хорз фæндтæ æмæ бæллицтæ ис, уыдон тагъд рæстæджы сæххæст уой. Иунæг кадджын Хуыцауы фæдзæхст у, æмæ дæ Уастырджи йæ рахиз базыры бын дарæд!

1 июлы дæ цардæмбал Маринæйæн дæр уыдзæн йæ юбилей æмæ нын сæдæ азы иумæ уæнгрог æмæ зæрдæрайæ, «А» æмæ «О»-йæ куыд фæцæрат, уыцы амонд Хуыцау раттæд. Фарн æмæ амонд уæд уæ къонайы!

Хъамболат æмæ Маринæ, сымах схъомыл кодтат æртæ фырыхъулы хуызæн лæппуйы. Уыдон лæуд сты ахуыры фæндагыл æмæ сæм цы хорздзинæдтæм æнхъæлмæ кæсут, уыдонæн æвдисæн хъæубæстæ æмæ Ирыстон дæр куыд уой, уыцы амонд уæ уæд! Кæстæр, дам, хуры къæртт, зæрдæ у, фæзæгъынц. Æмæ уæ зæрдæтæ царды фæрныгадæй рухс уæнт!

 

Ацы арфæтæ уын кæнынц САУТÆТÆ æмæ уæ бирæ чи уарзы, уыдон — Къостайы хъæуæй

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here