Рагагъоммæйы куыст

0
501

 

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады пресс-службæйы разамонæг Янæ ВОЙТОВА куыд хъусын кæны, афтæмæй ведомствæйы бавнæлдтой æрыгон бинонтæн субсидитæ дæттынмæ бацæттæ кæныны агъоммæйы куыстмæ. Министры хæдивæг БИТЕТЫ Раман фембæлд районты сæргълæуджытæ æмæ сæ финансон управлениты хицæуттимæ. Æрныхас кодтой, 2019 азы æрыгон бинонтæн цæрæнуæттæ дих кæныны хъуыддаг æххæстгонд куыд цæудзæн, ууыл.

 

Зындгонд куыд у, афтæмæй 2019 азы 1 февралы РЦИ-Аланийы Хицауад æмæ Уæрæсейы Арæзтад æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад бафыстой бадзырд, цæмæй программæйы мадзæлттæ æххæст кæныны охыл федералон бюджетæй радих кæной æхца.

«Хæстæгдæр рæстæг хъуамæ районты администрацитимæ бафыссæм разыйы гæххæттытæ, æмæ уымæ гæсгæ 2019 азы республикæйы бюджетæй районты бюджеттæн лæвæрд цæудзæн субсидитæ. Районтæ æрыгон бинонтæн цæрæнуæттæ балхæнынæн кæнæ саразынæн цы æхца радих кæндзысты, уымæй уæлдай ма хæрдзты иу хай йæхимæ исы республикон бюджет. Цæрæнуат райсыны тыххæй æвдисæндартæ æрыгон бинонтæн дæттын райдайдзысты дыккаг кварталы. Цæрæнуæтты аргъæн паддзахад фиды йæ 35 проценты. Æдæппæтæй 78 бинонтæ суыдзысты цæрæнуæттæ балхæныны кæнæ саразыны æвдисæндарты хицæуттæ», — афтæ зæгъы министрады бæрнон кусæг Гуыбаты Кристинæ.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here