Хæлардзинады хидтæ

0
395

Æрæджы нæ республикæйы хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы Фæсивæдон парламенты сæрдары хæдивæг ХЪУЫСАТЫ Амырхан æмæ фонды уæнгтæ фембæлдысты Дагестаны республикæйы Фæсивæдон парламенты разамындимæ æмæ ацы республикæйы хæрзаудæн организациты уæнгтимæ. Фембæлд æрæзт æрцыд Дагестаны паддзахадон технологон университеты æмбырдтæ аразæн залы. Фембæлдæн уыд иумæйаг ном: «Хæлардзинады хидтæ». Архайдтой дзы Дагестаны Адæмон æмбырды сæрдары хæдивæг Еленæ ЕЛЬНИКОВА, Дагестаны фæсивæды хъуыддæгты министры хæдивæг Патимат ДАЛГАТОВА, Паддзахадон тенологон университеты ректоры хæдивæг Татьянæ ЕМЕЛЬЯНОВА, Дагестаны республикæйы Фæсивæдон парламенты сæрдар Сергей НИКИТИН.

— Ацы фембæлдæн стыр нысаниуæг ис, уымæн æмæ рагæй-æрæгмæ Ирыстон æмæ нæ республикæйы ‘хсæн ис фидар æхсæнадон-политикон, социалон-экономикон, культурон бастдзинæдтæ. Абон царды нæ размæ цы ахсджиаг фарстатæ лæууы, уыдон дæр иумæйаг хъарутæй лыг кæныныл кæй архайдзыстæм, уымæй мæ ныфс ис, — загъта фембæлды райдайæны Еленæ Ельникова.

Уый фæстæ раныхас кодта Хъуысаты Амырхан. Уый загъта, цы фонды сæргъы лæууы, уым адæмы æнæниздзинадæн цавæр куыст кæнынц, уый тыххæй. Стæй сыхаг республикæйы фæсивæдон организациты минæвæрттæн зæрдæ бавæрдта алывæрсыг æххуыс кæнынæй.

Уый фæстæ фысымты номæй раныхас кодтой Сергей Никитин, Патимат Далгатова. Сæ социалон проекты тыххæй фысымтæн бæстонæй æмæ мидисджынæй радзырдтой хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы уæнгтæ Хъуысаты Фатимæ æмæ Гуæздæрты Тимур. Дагестаны цæрджытæй йæ астæумагъз хъыгдард кæмæн у, уыдонæн медицинон æххуысы тыххæй радзырдта социалон проект «Скала»-йы разамонæг Карим Шехсаидов, Ирыстон æмæ Дагестаны ‘хсæн культурæ æмæ наукæйы цавæр бастдзинæдтæ уыд, уый тыххæй æмбырды доклад “Гамзат Цадаса æмæ йæ фырттæ Расул æмæ Гаджийы рухстауæн архайд” скодта газет «Рæстдзинад»-ы хистæр уацхæссæг, УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг Гасанты Валери.

Фембæлды рæстæг ма фысымтæ уазджыты базонгæ кодтой Махачкалайы зæрдылдарæн бынæттимæ. Дагестаны историон парк-музей «Россия — моя история»-йы наукон кусджытæ та сын ацы республикæйы цæрæг адæмты культурæйы тыххæй бакастыты цымыдисаг лекци.

КАСАТЫ Аслæнбег

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here