Ӕрыдоны районы газет «Рухс»-ыл сӕххӕст 80 азы

0
378

Нӕ республикӕйы цы мыхуыры дзыллон фӕрӕзтӕ ис, уыдоны ‘хсӕн районты газеттӕ зынгӕ бынат ахсынц. Сӕ фӕрцы базонӕм, цӕмӕй цӕрынц канд районты центртӕ нӕ, фӕлӕ ма хъӕуты цӕрджыты цинтӕ, сагъӕстӕ ӕмӕ уавӕр. Уӕдӕ районты газетты зӕхкусджыты, ахуыргӕнджыты, дохтырты, хӕдзары ӕфсинты тыххӕй цал ӕмӕ цал ӕрмӕджы вӕййы, уыдонӕн банымайӕн дӕр нӕй. Уӕдӕ нӕ зындгонд журналисттӕй, йӕ фыццаг сфӕлдыстадон къахдзӕфтӕ район газетты редакцитӕй чи нӕ райдыдта, йӕ фыссӕн сисы фыццаг фӕлварӕнтӕ дзы чи нӕ мыхуыр кодта, ахӕм журналист кӕнӕ фыссӕг ӕвӕццӕгӕн нӕ разындзӕн.

Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ советон цардарӕзты фыццаг азты райгуырд ӕрыдоны районы газет «Рухс». Куы рацыд, уӕд йӕ фыццаг ном хуынд «Ленинон», ныр та йын кӕд ӕндӕр ном ис, уӕддӕр йӕ редакцийы кусджыты размӕ ӕрыдоны районы разамынды, цӕрджыты раз цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕнынц фӕзминагӕй. Ацы аз газетыл ӕххӕст кӕны 80 азы. Уыцы бӕрӕгбон, чи йӕ уадзы ӕмӕ йыл техникон ӕгъдауӕй чи кусы, уыцы журналистты ӕмӕ техникон специалистты нӕу, фӕлӕ йыл уал ӕмӕ уал азмӕ йӕ зӕрдӕ чи нӕ ивы, чи йӕ кӕсы, уыцы адӕмы иумӕйаг бӕрӕгбон.

Газет «Рухс»-ы редакци нӕ суазӕг кодта йӕ бӕрӕгбонӕй цалдӕр къуырийы раздӕр. Ӕмӕ нын йӕ сӕйраг редактор Быгъуылты Мӕдинӕимӕ цы ныхас рауад, уый уын уӕ размӕ хӕссӕм:

— Мӕдинӕ, фыццаг уал ма нын уӕ газеты историйы тыххӕй радзур.

— Нӕ районы рухстауӕн артдзӕстытӕн сӕ рагондӕр у газет «Рухс». Фыццаг азты хуынд «Ленинон», фӕстӕдӕр «Коммунизммӕ фӕндаг», ныр та — «Рухс». Рӕстӕг ӕмӕ цардарӕзтимӕ ивтой нӕ редакцийы кусджыты домӕнтӕ дӕр, уый та-иу зынд газеты ӕрмӕджыты хъуыдыйыл. Фӕлӕ нӕ газет йӕ кӕсджытыл уыд иузӕрдион. Уӕдӕ нӕ районы социалон-экономикон цард ӕвдисын кӕддӕриддӕр нымадтам ӕмӕ нымайӕм нӕ куысты сӕйрагдӕр хӕсыл. Газет «Рухс» рафыссы ӕмӕ йӕ иузӕрдионӕй кӕсы нӕ районы алы цӕрӕг дӕр (искуы иуӕй фӕстӕмӕ). Не ‘рмӕджыты сӕйраг архайджытӕ сты, фыццаджыдӕр, фӕллойгӕнджытӕ. Алы рӕстӕджыты газеты сӕйраг редактортӕй куыстой Бедойты Андрей, Хосроты Михал, Мсойты Ханджери, Гуытъиаты Аслӕнбег, Хапсӕты Никъала, Дзускаты Инал, Куыдзойты Гришӕ, Хъараты Тамарӕ, Бицъоты Таймураз, Хъӕрджынты Темырболат, Хуыгаты Валодя, Толпарты Сослан, Тлатты ӕмзор, Габысаты Азӕ, Хосроты Валодя, Боситы Ирбег, Калоты Иринӕ, Бокоты Зӕирӕ…

Ӕз мӕхӕдӕг ацы редакцимӕ кусынмӕ куы ӕрбацыдтӕн, уӕд мӕ куыстмӕ райста Калоты Иринӕ. Уый размӕ дзы редакторӕй куыста зындгонд журналист, поэт, уӕздан, зӕрдӕхӕлар, цӕстуарзон хистӕр Боситы Ирбег. Фӕлӕ кӕддӕриддӕр уый уыд нӕ редакцийы ӕмкусӕг, журналистикӕйы сусӕгдзинӕдтӕ амыдта не ‘ппӕтӕн дӕр. Иринӕ-иу ӕм исты фарстимӕ телефонӕй куы бадзырдта, уӕд ын-иу лӕмбынӕг дзуапп радта. Мӕхи ӕрмӕджыты тыххӕй дӕр мемӕ арӕх зӕрдиаг ӕмӕ разӕнгардгӕнӕн ныхас кодта. Уазӕгуаты дӕр ӕм йӕ хӕдзары уыдтӕн иу хатт. Бирӕ фӕныхас кодтам. Лӕмбынӕг мӕ ме студенты ахуыры азтӕй фӕфарста. Журналистикӕ уарзы сфӕлдыстадон куыст, иудадзыгдӕр, алы бон дӕр хъуамӕ кусай дӕхиуыл, афтӕмӕй куысты кӕй сфӕлтӕрдзынӕ, уый, фыццаджыдӕр, ӕз базыдтон Боситы Ирбегӕй. Уӕдӕ нӕ раздӕры сӕйраг редактор Калоты Иринӕ дӕр у, сфӕлдыстадон куысты ӕгъдауӕй бафӕзмыныны аккаг чи у, ахӕм адӕймаг. Уый дӕр кӕстӕртӕм каст аудӕг цӕстӕй, цӕстуарзонӕй нын-иу ӕххуыс кодта.

— Районы хъӕуты цард та уӕ газеты цас парахатӕй ӕвдыст цӕуы?

— Рӕстӕг куыд ивы, афтӕ — хъӕуты цард дӕр. Мах нӕ газеты иудадзыгдӕр архайӕм ӕрыдоны районы хъӕутӕн сӕ уавӕртӕ, рӕзт, цӕрджыты ӕнтыстытӕ ӕвдисыныл, цы сӕ тыхсын кӕны, уыцы хъуыддӕгты иувӕрсты дӕр нӕ ахизӕм. Уыдон та тынгдӕр баст сты социалон-экономикон рӕзты уавӕртимӕ. Рагӕй дӕр нӕм ис тематикон фарс «Куыд цӕрыс, хъӕу?» Адӕмы зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Нӕ газеткӕсджытӕй ис ахӕмтӕ, ӕмӕ нӕм ӕхсызгонӕй дисгӕнгӕ чи ӕрбадзуры, йе ‘мхъӕуккаг, зӕгъӕм, хорз хуыйӕг у, йемӕ иу хъӕуы чи цӕры, уыцы адӕймаг та йӕ базыдта нӕ газетӕй. Ӕмӕ нын уӕд бузныг фӕзӕгъынц. Нӕ газеты алы уацхӕссӕг дӕр, семӕ мӕхӕдӕг, хъӕутӕм фӕцӕуӕм иудадзыгдӕр. Ӕмӕ мӕ бон уый зӕгъын нӕу, ӕмӕ нӕ хъӕуты арӕзт ницы цӕуы, зӕгъгӕ. Ныртӕккӕ, мӕ нымадӕй, куыд ӕппӕт республикӕйы, афтӕ нӕ районы дӕр арӕзтады къабаз ис рӕзты фӕндагыл. Уӕдӕ нӕ редакцийы алы журналистмӕ дӕр ис, алы хъӕуы цардмӕ, цӕрджыты домӕнтӕм, суанг сӕ зӕрдӕйы уаг ӕмӕ удыхъӕдмӕ йӕхи объективон цӕстӕнгас. Уыдон зонгӕйӕ нӕ алчидӕр ныридӕгӕн ссардта йӕхи сӕрмагонд фӕндаг хъӕуты бынӕттон хиуынаффӕйӕдты администрациты сӕргълӕуджытӕм, ахуырадон, промышленнон, социалон куыстуӕтты разамонджытӕм, бынӕттон цӕрджытӕм. Куыд хъӕуты, афтӕ ӕрыдонӕн йӕхи мидӕг цы ӕнтыстытӕ ӕмӕ тыхстаг фарстытӕ ис, уыдонӕн бынат вӕййы нӕ газеты, куыд иронау, афтӕ уырыссагау фыст ӕрмӕджытӕн. Тынг ӕхсызгон нын вӕййы, раздӕр кӕлӕддзаг цы бӕстыхӕйттӕ уыдис, уыдоны бӕсты ног арӕзтӕдты тыххӕй ӕрмӕджытӕй газеткӕсджыты зӕрдӕтӕ барухс кӕнын. Зӕгъӕм, ахӕм ӕхсызгон цаутӕ ӕрцыд Мичурины, Красногоры, Къостайыхъӕуы. Ам бирӕ азты заууат цы объекттӕ уыдысты, уыдон ногӕй сарӕзтой. Уӕдӕ нӕ районы бынӕттон хиуынаффӕйады администраци ахуырады, культурӕйы, социалон, экономикон рӕзтыл куыд архайынц, уымӕ дӕр нӕ газет тынг лӕмбынӕгӕй йӕ хъус дары, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтыл дӕр тынг разӕнгардӕй фыссӕм. Суанг нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, куыд регионы разамонӕг, афтӕ нӕ адӕмы царды хорзыл куыд ӕнтыстджынӕй архайы, уый нӕ районыл дӕр ӕвӕрццӕгӕй кӕй зыны, уый тыххӕй нӕм редакцимӕ арӕх ӕрбадзурынц ӕрыдоны ӕмӕ хъӕуты цӕрджытӕ, уый тыххӕй нӕм фӕфыссынц сӕ писмоты. Ныртӕккӕ газет «Рухс»-ы алы азты подшивкӕтӕ куы рафӕлдахӕм, куы сӕм ӕркӕсӕм, уӕддӕр уӕ ӕхсызгонӕй бауырндзӕн мӕ ныхӕсты рӕстдзинад.

— Газеты редакцийы коллективы тыххӕй та цы зӕгъдзынӕ?

— Нӕ газет уыдис уацхӕсджыты цӕттӕгӕнӕн куырдадз. Ардыгӕй республикон газеттӕм алы азты кусынмӕ ацыд бирӕ хорз журналисттӕ. Ам алы азты ӕнтыстджынӕй куыстой, абон та сты газет «Рӕстдзинад»-ы уацхӕсджытӕ Дзуццаты Къоста, Гугкаты Жаннӕ, журналистикӕмӕ йӕ фӕндаг мах газетӕй райдыдта газет «Рӕстдзинад»-ы журналистты хистӕр фӕлтӕры минӕвар Цъебойты Сергей, Ирыстоны зындгонддӕр журналисттӕй иу — Татьянӕ Байбародова. Уымӕй уӕлдай ма нӕ редакцийы сфӕлдыстадон азфысты зынгӕ фӕд ныууагътой Дзугаты Хасан, дӕсны къамисӕг Александр Осташко. Ахӕм хистӕртӕ цы артдзӕсты уыдис, уым ныртӕккӕ дӕр нӕ хӕлы фӕлтӕрты бастдзинад.

Ныртӕккӕ нӕ редакцийы цы коллектив ис, уыдонӕй алчидӕр зӕрдӕйӕ уарзы йӕ куыст, газет, йӕ кӕсджыты, иумӕйагӕй та Ирыстоны. Махмӕ нӕй, йӕ куыстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй чи кӕсы, ахӕмтӕ. Компьютерон цехы нӕм кусынц фӕлтӕрдджын специалисттӕ: Кортиаты Тӕирӕ, Гугкаты Людмилӕ, Юлия Певная. Цӕсгомджынӕй сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц шофыр Денис Вишняков, кассир Плиты Циури, бухгалтер Бекъуырты Бэлӕ.

Йӕ цард хӕрзӕрыгонӕй нӕ газетӕн снывонд кодта бӕрнон секретарь, фӕлтӕрдджын журналист Биазырты Аллӕ. Не ппӕтӕн дӕр йӕ алывӕрсыг ӕмӕ арф зонындзинӕдтӕй никуы ницы бахӕлӕг кодта. Журналистикӕйы йӕм цы фӕлтӕрддзинад ис, уымӕй рӕдау хай кӕны ӕрыгон уацхӕсджытӕн дӕр. Уый хуызӕн адӕймӕгтӕ сты алы ран дӕр ныфс ӕмӕ стыр ӕууӕнчы ӕвдисӕнтӕ. Уыцы хуызы ма мӕ бон зӕгъын у нӕ раздӕры уацхӕссӕг Агънаты Розӕйы тыххӕй. Кӕд ныртӕккӕ немӕ нал кусы, уӕддӕр йемӕ кӕддӕриддӕр дарӕм бастдзинад. Нӕ газеты куысты нын уый дӕр, йӕ зондӕй, йӕ зӕрдӕйы ахастӕй у стыр ахъаз. Газет «Рухс» абон дӕр кӕсы тынг лӕмбынӕг, нӕ сӕрмагонд рубрикӕтӕм нын сӕйраг архайджыты дӕр бацагуры. Ӕрӕджы уыд йӕ райгуырӕн бон ӕмӕ йӕ цалдӕрӕй йӕ хӕдзары бабӕрӕг кодтам.

Кӕй ранымадтон, уыдонӕй ӕрыгондӕр уацхӕсджытӕ дӕр нӕм кусы абон. Уыдон та сты Гугкаты Аслан, Сихъоты Маринӕ, Дзугкойты Иринӕ, Дианӕ Квахаджелидзе. Алчидӕр сӕ архайы, цӕмӕй сӕ курдиатӕй ӕмӕ зонындзинӕдтӕй газет уа цымыдисаг ӕмӕ йӕ фылдӕр адӕм кӕсой. Ам ма мӕ сӕрмагондӕй зӕгъын фӕнды Сихъоты Маринӕйы тыххӕй. Кӕд редакцимӕ ӕрӕджы ӕрбацыд, уӕддӕр йӕхиуыл ӕнувыдӕй кӕй кусы, уый бӕрӕг у. Мах дзы стӕм райгонд.

— Цӕмӕй газет «Рухс» фылдӕр адӕм кӕсой, уый тыххӕй та уӕ архайд цы хуызы аразут?

— Газет «Рухс»-ы ӕрмӕг дӕр, канд, гӕххӕттыл фыстӕй нӕй бакӕсӕн, фӕлӕ нӕм ис Интернеты тыгъдады дӕр сӕрмагонд сайт, иннӕ хызты: Инстограммы дӕр сарӕзтам фарс. Уырдӕм ӕмӕ суанг нӕ сайты дӕр, канд нӕхи ӕрмӕджытӕ нӕ февӕрӕм, фӕлӕ ма газеткӕсджытӕ дӕр, уыцы хызты фӕрцы сӕ тыхстагдӕр фарстытӕ фервитынц. Уыдонӕй сӕ иутӕн кӕнӕ нӕхӕдӕг дзуапп радтӕм, кӕнӕ та сӕ районы администрацийы, куыстуӕтты, ведомствӕты сӕргълӕуджыты раз ӕрӕвӕрӕм. Цы дзуаппытӕ сын райсӕм, уыдоны бындурыл бацӕттӕ кӕнӕм ӕрмӕг газетмӕ дӕр. Уӕдӕ нӕм ис ЮТУБ-канал, уырдӕм та бацӕттӕ кӕнӕм, фылдӕр социалон нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм ӕрмӕджытӕ. Ацы ӕппӕт фӕрӕзтӕ нын фадат дӕттынц адӕмимӕ, хицаудзинады оргӕнтимӕ хуыздӕр бастдзинад дарынӕн. Ӕмӕ уый нӕ къухы ӕфты. Уӕдӕ нӕ редакци аразы комкоммӕ бастдзинад горӕт ӕрыдоны мэр Хӕмыцаты Игоримӕ. Дыууӕ сахаты дӕргъы йӕм алы адӕймагӕн дӕр бӕлвырд фарст йӕ бон раттын кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хъусынгӕнинаг ныммыхуыр кӕнӕм нӕ газеты. Уый фӕрцы адӕмӕн бастдзинад ис районы бынӕттон хиуынаффӕйады администрациимӕ.

Фӕлӕ мӕ зӕгъын фӕнды, нӕ газет бирӕ хъӕуты цӕрджытӕм ӕмбӕлгӕ хуызы кӕй нӕ хӕццӕ кӕны, уый тыххӕй. Уый у посты бастдзинады хайӕдты аххос. Махмӕ телефонӕй дӕр ӕрбадзурынц, уӕлдайдӕр хъӕуты цӕрджытӕ, газет сӕм алы бон кӕй нӕ хӕссынц, фӕлӕ зӕгъӕм, сабаты, кӕнӕ майрӕмбоны, уый размӕйы бонты номыртӕ иумӕ кӕй байуарынц. Афтӕмӕй та, газеткӕсӕг газет куы рафысса, уӕд ӕй постхӕссӕг хъуамӕ уыцы бон бахӕццӕ кӕна хъӕуты, сыхты цӕрджытӕм. Уымӕн ӕмӕ адӕймаг искӕцы мыхуыры фӕрӕз куы рафыссы, уӕд йӕ аргъы ис, постхӕссӕг ын ӕй йӕ хӕдзарыл кӕй ӕмбӕлын кӕны, уыцы фиддоны бӕрц дӕр. Ацы фарст, цӕмӕй лыггонд ӕрцӕуа, ууыл ныридӕгӕн нӕхӕдӕг архайӕм.

— Газет «Рухс» йӕ 80 азы юбилейыл куыд ӕмбӕлы?

— Нӕ юбилейыл ӕмбӕлӕм хорз зӕрдӕйы уагимӕ. Ныридӕгӕн сарӕзтам хъӕуты цӕрджытимӕ цалдӕр фембӕлды. Сӕ алкӕцыдӕр рауад тынг рӕсугъд. Уыдоны фӕрцы ноджы фӕразӕнгарддӕр стӕм нӕ куысты. Ӕрӕджы та нын уыд фембӕлд ӕрыдоны районы центрон библиотекӕйы. Уым архайдтой культурӕйы кусджытӕ, чиныгкӕсджытӕ, ахуыргӕнджытӕ… Фембӕлды рӕстӕг не ‘хсӕн уыд зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас. Алы хуызы фарстытӕ нӕм лӕвӕрдтой, чи фарста газеты равзӕрды, йӕ раздӕры ӕмӕ ныры кусджыты тыххӕй. Ӕмӕ сын сӕ фарстытӕн лӕмбынӕг дзуаппытӕ радтам. Уӕдӕ нӕ юбилей кӕй у, уый куыд нӕ хъуамӕ уа бӕрӕг газетӕн йе ‘рмӕджытӕй дӕр. Уымӕ гӕсгӕ иудадзыгдӕр мыхуыр кӕнӕм уацтӕ нӕ редакцийы раздӕры ӕмӕ ныры кусджыты тыххӕй. Газет «Рухс» сӕ царды куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй нӕм фыссынц ӕрыдоны ӕмӕ районы цӕрджытӕ. Нӕ юбилей, нӕ фарны лӕг Хетӕгкаты Къостайы юбилеимӕ кӕй баиу, уый ныл уӕлдай стырдӕр хӕс ӕвӕры. Ӕмӕ нӕ зӕрды ис, сӕрмагондӕй ацы кадджын цауы фӕдыл районы скъоладзауты ‘хсӕн нывӕцӕнты конкурс саразын. Нӕхи бӕрӕгбон та, цӕмӕй ӕмбӕлгӕ хуызы арвитӕм, уый тыххӕй сӕрмагонд куырдиатимӕ бацыдтӕн ӕрыдоны районы бынӕттон администрацийы сӕргълӕууӕг Тотраты Владиславмӕ. Ӕмӕ йын йӕ размӕ цы фӕндӕттӕ рахастон, уыдоныл ӕхсызгонӕй сразы. Ӕмӕ йын бузныг зӕгъын. Уымӕй уӕлдай ма мӕ арфӕ ракӕнын фӕнды Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн. Ӕрӕджы нын балӕвар кодта ног машинӕ. Нӕ республикӕйы мыхуыры ӕмӕ дзыллон бастдзинӕдты комитеты сӕрдар Фидараты Юрийӕн, нӕ республикӕйы ӕппӕт районты газетты сӕйраг редактортӕн — Суанты Дианӕйӕн, Къомайты Лидӕйӕн, Басаты Иринӕйӕн, Къорнаты Тамерланӕн, Дзоблаты Ларисӕйӕн, Сергей Телевновӕн, Дзебойты Регинӕйӕн, мӕ куысты мын кӕддӕриддӕр стыр ӕххуыс сты. Алы хъуыддаджы дӕр нӕ фарсмӕ сты ӕрыдоны районы сӕргълӕууӕг Тотраты Владислав ӕмӕ районы администрацийы разамонӕг Мӕхӕмӕтты Зауырбег.

Абон ӕрыдоны районы Культурӕйы галуаны газет «Рухс»-ӕн уыдзӕн юбилейон бӕрӕгбон. Ӕмӕ мӕ нӕ уарзон газет «Рӕстдзинад»-ы фӕрцы арфӕ ракӕнын фӕнды нӕ газеткӕсджытӕн. Мӕ зӕрдӕ сын зӕгъы амонд ӕмӕ фӕрныгад, зӕрдӕрухсӕй ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй бирӕ азты куыд фӕцӕрой!

— Бузныг, Мӕдинӕ!

Ныхас ныффыста Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here