2024 азы фыццаг æмбисы санатори «Юность»-ы сæ фæллад суагътой æмæ се ‘нæниздзинад фæфидардæр кодтой 770 æнахъомы. Ацы нымæцтæ «Рæстдзинад»-æн фехъусын кодтой РЦИ-Аланийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады.
«Ахæм специализацигонд медицинон кусæндæттæ Уæрæсейы бирæ нæй. Цæгат Кавказы та у иунæг медицинон центр, стджытæ æмæ нуæртты низтæй хъыгдард сывæллæтæн санаторон-курортон лæггæдтæ кæм кæнынц, ахæм кусæндон», — загъта министрады пресс-службæйы минæвар. Йæ ныхасмæ гæсгæ, санаторийыл тагъд сæххæст уыдзæн 50 азы.
Сæрдæй-зымæгæй цы санатори кусы, уым уыциу рæстæг дзæбæхгæнæн мадзæлттæ фæкæнынц алы кары 100 сывæллонæн (уыимæ, уыдон медицинон кусæндоны вæййынц ныййарджытимæ иумæ). «Юность»-ы дæсны специалисттæ сæ куысты пайда кæнынц дзæбæхкæнынад æмæ реабилитацийы нырыккон мадзæлттæй: витаминтæ æмæ хосты, парафин æмæ судзинты терапийæ, физкультурæ æмæ массажæй… Уымæй уæлдай, сывæллæттæн санаторийы цæттæ кæнынц сæрмагонд дзæбæхгæнæн хойраг. Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, кусæндон ифтонг у æппæт хъæугæ медицинон техникæйæ.
Азы райдайæнæй нырмæ санаторийы лæггæдтæй цы 770 æнахъомы спайда кодтой, уыдоны нымæц азы кæронмæ дыууæ ахæмы кæй бауыдзæн, ууыл зæрдæ дарæн ис. Фылдæр æххуысхъуаг сывæллæттæ сæхиуыл банкъардзысты фæлтæрдджын дохтыртæ æмæ иннæ специалистты аудынад, се ‘гъатыр низты тæваг фæрогдæр уыдзæн…
КАЛМАНТЫ Аслан














