Сывæллоны ласыны рæстæг

0
175

Хæдтулгæйæ æнахъом бæлццæтты ласыны заман фæндагыл цыды фæткы хæлдæй адæмы бахизынæн æмæ сывæллæтты уромæнгæрзтæй æнæмæнг пайда кæнын кæй æмбæлы, уый хæдтулгæскъæрджыты зæрдыл æрлæууын кæнынæн цæгатирыстойнаг автоинспекцийы кусджытæ паддзахадон фæндагыл баххæст кодтой дзыллон мадзал «Фондз аххосаджы».
Хæдтулгæскъæрджытæ сывæллæтты ласыны домæнтæ æххæст кæнынц æви нæ, транспортон фæрæзтæ уромæг автоинспектортæ уый бæлвырд кодтой. Дзыллон мадзалы заман æмбарынгæнæн куыстæн фадæттæ арæзт æрцыдысты.
Ныййарджыты фылдæр хай, сæхи æмбаргæ адæмæй равдисгæйæ, сывæллæтты уромæнгæрзтæй пайда кодтой, амынд домæнфехалæг адæймæгтæн та пъæлицæйы кусджытæ бауайдзæф кодтой æмæ сын сæ зæрдыл æрлæууын кодтой æнахъомты архайдимæ æрцæуæг фæндаггон-транспортон фыдбылызты нымæц. Автоинспекторты ныхасмæ гæсгæ, хæдтулгæскъæрæджы хæс у сывæллæтты ласыны домæнтæ æнæмæнг æххæст кæнын (фæндаг дард кæд нæу, уæддæр). Барадхъахъхъæнджытæ куыд загътой, афтæмæй, сывæллоны уæз æмæ йын йæ бæрзæнд нымайгæйæ, уромæнгарз афоныл баивын æмбæлы.
Пъæлицæйы кусджытæ дзыллон акцийы алы арха-йæгæн дæр раттой сывæллоны ласыны æмæ фæндаггон æдасдзинады сæйраг домæнтимæ информацион гæххæттытæ.

РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады паддзахадон автоинспекцийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here