Есенаты Тебо — санибайаг, ацыд Кæсæгмæ йе ‘мбалимæ. Йе ‘мбалы йын кæсгон æлдар баурæдта. Ууыл Тебо æлдары амардта. Кæсæгæй ралыгъд æмæ Гуырдзыйы паддзахмæ алыгъд. Уый фæстæ кæсæг йæ фæдыл зилын байдыдтой, афтæмæй иухатт Санибагомы æрынцадысты.
Уыцы рæстæджы Тебо æрыздæхт Санибамæ, æмæ сæ куы базыдта, уæд сын сæ дыууæ нымæты, ехс æмæ цалдæр топпы адавта. Уæд кæсæг фæдис кодтой, ай хуымæтæджы лæг нæу, зæгъгæ, æмæ йæм æрæрвыстой бафидауыны тыххæй. Ноджы сæ Хъуысатæй иу уым цалдæр лæджы амардта. Сæ бон куы базыдтой, уæд фидауыныл ныллæууыдысты бынтондæр. Тебо дæр сын сæ нымæттæ ратта. Гуырдзыйы паддзах Тебойæн балæвар кодта ахæм стыр цырагъ, æмæ суанг фæсрагъмæ дæр рухс кодта. Кæсæг Тебойæ куырдтой уыцы цырагъ. Уый сын тугмæ ратта Есенаты кæвдæсард Хъалтуры, æмæ бафидыдтой.
Есенаты Тебо уыдис æнæнцой лæг. Иухатт Цымийæ фæцæйцыд. Рагъыл æй цавæрдæр урсдзаумаджын адæймаг федта æмæ йæм хъæр кодта: «Тебо, фæлæуу мæм, хуыздæр дын уыдзæн». Куы нæ йæм лæууыд Тебо, уæд æй ралгъыста: «Уæдæ, дæ номыл сылгоймагæй чи уа, уыдонæн зæнæг макуы рацæуæд! Тебо ус куы ракуырдта, уæд ын цот нæ уыд. Йе ‘рвадæлтæ йын дзырдтой: «Дæ ус зæнæг нæ кæны æмæ æндæр æрхæсс». Тебо сын загъта: «Мæ номыл цы сылгоймаг уа, уымæн цот ныккæнæн нæй. Уæдæ уæлæ нæ гадза мæ номыл фæуæд, кæддæра ма цот ныккæнид». Гадзайæн йæ къæбылатæ йæ гуыбыны бахус сты.
ХÆДЗАРÆГАТЫ Цыппуйы ныхæстæй йæ ныффыста ТОТРАТЫ Бесæ
1940 азы. ЦИГСИИ-йы архивæй