0
162

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг фондз æфсымæры
Черменыхъæуы Точиты бинонты зонынц уæздан, æгъдауджын æмæ æфсармджынæй. Бинонты хистæртæ Валодя æмæ йæ цардæмбал ДЗАНÆГАТЫ Ритæ схастой фондз фырты. Уый дзургæйæ æнцон у. Фæлæ сæ æнæнизæй бахъомыл кæнынæн, царды раст фæндагыл сæ сæвæрынæн бирæ цæлхдурты сæрты ахизын фæхъæуы. Æмæ уыцы цæлхдурты сæрты, сæ хъæубæстæ, сæ сыхбæстæимæ фарн æмæ уарзонæй цæргæйæ, цыдысты Чермены психоневрологон интернат «Хæрззæрдæ»-йы медицинон хо Ритæ æмæ уыцы куыстуаты шофыр Валодя.
Дыууæ æрыгон адæймаджы, иумæ кусгæйæ, банкъардтой кæрæдзи зæрдæты ахаст. Сбастой сæ цард æмæ, мыдыбындзытау, фæллад ницæмæ даргæйæ, сарæзтой æнгом бинонтæ, схъомыл кодтой рæсугъд æмæ æгъдауджын кæстæрты. Зæнæджы хистæр Алексей æнтыстджынæй каст фæци Хæххон хъæууонхæдзарадон институты механикон факультет. Сæ фыд Валодя йæ цардæй ахицæн 2008 азы. Хæдзары уæз æрæнцад сæ мад Ритæ æмæ æфсымæрты хистæр Алексейыл. Дыууæ мин азты райдайæны, ССР Цæдисы фехæлды фæстæ, колхозтæ æмæ куыстуæттæ дæр хæлды фæндагыл куы ныллæу-уыдысты, уæд æнцон нæ уыд инженеры куыст ссарæн. Алексей службæйы фæстæ йæ цард сбаста æфсæддон хъуыддагимæ. Йæ цыппар кæстæр æфсымæрæн фыды бæсты дæр уый уыд. Æмбæрста йæ бæрнондзинад æмæ зæрдиагæй аудыдта йæ кæстæр æфсымæртыл.
Алексей, Хъазыбег æмæ Тимур Уæрæсе хъахъхъæныны службæ райдыдтой, Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты оргæнтæн Дачнæйы цы æфсæддон хайад уыд, уым. Уыцы рæстæг, уæлдæр ахуырад кæмæ уыд, уыдонæн сæ бон уыд контракт бафыссын. Æмæ æфсымæртæ дæр афтæ бакодтой. Алексей æмæ Хъазыбег архайдтой Цæцæны хæсты. Дачнæйы Алексейæн йæ хорз службæйы тыххæй бабар кодтой взвод, фæстæдæр та ссис командыгæнæджы хæдивæг техникон хъуыддæгты. Дачнæйы æфсæддон хай суæгъд кодтой æмæ йæ, Мидхъуыддæгты оргæнтæй Уæрæсейы Федерацийы нацгвардимæ раивгæйæ, æрбынат кодтой Чермены хъæуы. Уым дæр Алексей дарддæр службæ кодта командыгæнæджы хæдивæ-джы бынаты. Æртæ æфсымæрыл ма бафтыд Чермен.
Точиты Валодя æмæ Ритæйы цыппар фырты сыгъдæгзæрдæйæ службæ кодтой Фыдыбæстæйы нацгвардийы. Фæстæдæр, Уæрæсейы Федерацийы Нырыккон гуманитарон академийæн Дзæуджыхъæуы цы филиал уыд, уый æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ æфсымæрты кæстæр Дзантемыр дæр бацыд уырдæм, контракт бафысгæйæ.
Хистæр æфсымæр Алексейы йе ‘фсæддон фæндæгтæ акодтой Сиримæ. Ам дæр та йæхи равдыста тынг сæрæнæй. Йе ‘фсæддон хæстæ æнаипп æмæ зæрдиагæй кæй æххæст кодта, уый тыххæй, йæ разамындæй бирæ арфæтæ æмæ хæрзиуджытæ иста, уыдоны ‘хсæн ис Суворовы орден дæр.
Уалынмæ райдыдта сæрмагонд æфсæддон операци Украинæйы. Уæрæсейы Федерацийы æфсад бацыдысты, Украинæйы нацисттæ дæсгай азты Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæты зæрæдтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæтты пъадвæлттæй скæсын кæй нал уагътой, æнауæрдонæй сæ кæй цагътой, уыцы хъизæмæрттæй сæ фервæзын кæнынмæ.
Æмæ та ам дæр Точиты Валодя æмæ Ритæйы цот фæсте нæ фæлæууыдысты. Фыццаг — сæ хистæр, уый фæстæ йæ кæстæр дыууæ æфсымæры Хъазыбег æмæ Тимур æрлæууыдысты Уæрæсейы Федерацийы æфсады рæнхъыты. Æвдыстой хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад. Сæ хистæр афицер æфсымæр уым цыбыр рæстæгмæ райста Жуковы орден.
Чермен æмæ Дзантемыр кæд уырдæм нæ ацыдысты, уæддæр сæ зæрдæ æдзухдæр уыди се ‘фсымæртимæ тохы быдыры. Се ‘мхъæуккæгтимæ архайдтой æххуыс кæныныл сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Чермены хъæуы цæрджытæ гуманитарон æххуыс куы сæмбырд кодтой, уæд, Черменæн кæд йæхи машинæ саст уыд, уæддæр сбадт машинæ скъæрæгæй æмæ йæ фæхæццæ кодта бынатмæ. Уым фембæлд йе ‘фсымæртимæ дæр.
Точиты æфсымæртæм сæ æнæзæрдæхудт архайды фæдыл ис бирæ арфæйы гæххæттæ æмæ алыхуызон майдантæ. Хистæр æртæ æфсымæры рæстæгæй-рæстæгмæ æхсæзгай мæйты дæргъы фæархайынц сæрмагонд æфсæддон операцийы.
Ныртæккæ Чермен, йе ‘нæниздзинад кæй фæлæмæгъ, уымæ гæсгæ рацыд пенсийы. Се ‘ппæты кæстæр Дзантемыр кусы рес-публикæйы Мидхъуыддæгты министрады Горæтгæрон районы хайады. Хъазыбег æмæ Тимур архайынц хæдзарадон куыстыты. Æртæ æфсымæрæн дæр ис бинонтæ. Хъазыбег æмæ ма Черменмæ æнхъæлмæ кæсынц сæ царды амæндтæ. Дæлбулкъон Алексей та йе ‘фсæддон хæс нырма æххæст кæндзæн æртæ азы дæргъы, æмæ Уастырджийы уазæг уæд!
Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг Точиты фондз æфсымæры сæ сыхбæсты, сæ хъæубæсты, Ирыстон æмæ Фыдыбæстæйы раз сыгъдæгзæрдæйæ, æнæхинæй æххæст кæнынц се стыр æмæ кадджын хæс, Райгуырæн бæстæйæн лæггадгæнгæйæ. Чи сæ зоны, уыдон æдзухдæр арфæтæ æрвитынц сæрæнгуырдтæ схъомылгæнæг, сæ ныййарджытæ Точиты Валодя æмæ Точиты-Дзанæгаты Ритæйæн.
Хуыцау æмæ йе сконд зæдты хорзæхтæй хайджын уæнт, — ахæм та у мах арфæ!

КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here