Знон нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО дипломтæ æмæ æхцайы премитæй схорзæхджын кодта Цæгат Ирыстоны ахуырады къабазы æрыгон фæсивæды минæвæртты, наукæ æмæ техникæйы ныридæгæн æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафтыд, уыцы студенттæ æмæ скъоладзауты.
Сергей Меняйло лæппутæ æмæ чызджытæн зæрдæйæ-зæрдæмæ ныхасы дзырдта мысинæгтæ йæхи æрыгон азтæ æмæ студенты бонтæй, фылдæр йæ зæрдыл кæй бадардта, ахæм цаутæ, Советон Цæдисы наукæйæн цы стыр ахадындзинад уыдис æмæ куыд тырныдтой ахуырдзау фæлтæртæ бæрзонд æнтыстытæм.
— Сымах хуызæн кæстæртæ куы фенын, уæд ме ‘взонджы бонтæ мæ зæрдыл уайтагъд æрбалæууынц. Мах дуг амондджындæр уыд ныры рæстæгæй. Уæд æрыгон фæлтæрты хъомыл кодта Ленинон фæскомцæдис. Бæллыдыстæм хуыздæрты рæнхъыты лæууынмæ, наукæ æмæ техникæйы бæрзæндтæм схизынмæ. Æргом нæ хъуыдытæ дзырдтам, æмæ сымах дæр ма ‘фсæрмы кæнут уæ фæндтæ æргом кæнынæй. Ныридæгæн уæ къухы æнтыстдзинæдтæ бафтыд, æмæ уын фылдæрæй фылдæр кæнæнт. Мах та уын æххуыс кæндзыстæм, цæмæй уæ развæндагыл ныфсджынæй цæуат, — загъта Сергей Меняйло.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы преми лæвæрд æрцыд, наукæйы къабазы ног æнтыстджын проекттæ чи бацæттæ кодта, уыцы студенттæн: Оганесян Давид, медицинон академийы студент, йæ наукон проект у, промышленносты уæззау згъæртæ æвзæрырдæм куыд ахадынц адæймаджы æнæниздзинадыл, уый тыххæй; Дзбойты Станислав, Дзæуджыхъæуы наукон-иртасæн центры ахуырдзау, преми æмæ диплом райста, Уыналы хауæццæгты цад экологи æмæ адæймаджы æнæниздзинадыл æвзæрæрдæм куыд ахады, ахæм проекты тыххæй. Уалыты Азæмæт, Цæрикъаты Зауырбег æмæ Бирæгъты Данæйæн та Сæргълæууæджы преми æмæ дипломтæ лæвæрд æрцыдысты, хъæууон хæдзарады къабазы картофы хæрзмыггаг культурты ног хуызтæ ссарыны, Дзæуджыхъæуы сейсмологон бынæттæ раиртасыны æмæ зайæгойты химион скондыл бакусыны тыххæй проектты фæдыл.
САУТÆТЫ Тамилæ














