Зындгонд куыд у, афтæмæй 15-17 июлы горæт Грознайы йæ куыст кодта Кавказы инвестицион форум. Ацы дунеон равдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй архайдта Цæгат Ирыстоны официалон делегаци дæр. Уыимæ, республикæйы экспозицийы æвдыст æрцыдысты регионы цымыдисагдæр инвестицион проекттæ.
Цæгат Кавказы субъектты экономикæ хъомысджындæр кæны, инвестортæ фылдæр æргом здахынц регионмæ. Зæгъæм, 2020 азæй 2023 азмæ Цæгат Кавказы регионты егъаудæр инвестицион проектты нымæцыл бафтыд 47 проценты. Афтæмæй 2023 азы кæронмæ зылды регионты инвестицион проектты иумæйаг аргъ схæццæ 955 миллиард соммæ. Уыцы æвæрццæг фæзындтæ фæахадгæдæр кæнынæн, Цæгат Кавказы федералон зылды дарддæры æнæкъуыхцы райрæзтæн, æнæмæнг, ахъаз фæуыдзысты форумы мадзæлттæ дæр.
Зындгонд куыд у, афтæмæй амынд форум арæзт цæуы Уæрæсейы Президент Владимир Путины уынаффæйæ. Форумы сæйраг темæ уыд ахæм: «Стыр Кавказ — иу денджызæй иннæ денджызмæ».
Цалдæр боны дæргъы бирæ уæрæсейаг регионтæ æмæ 33 фæсарæйнаг бæстæйы минæвæрттæ се ‘ргом аздæхтой агропромышленнон комплексы, транспортон инфраструктурæйы, энергетикæйы, амалхъомады, финансон къабазы, дунеон æмгуыстады райрæзты проекттæм. Хуыздæр æмæ хъомысджындæр инвестицион проекттæн та саккаг кодтой сæрмагонд преми «Вершина».
Кæй зæгъын æй хъæуы, форумы цы фембæлдтытæ рауад æмæ, цавæр иумæйаг проекттыл бакусдзысты алы бæстæты минæвæрттæ, уыдон фæстæдæр фендзыстæм. Ныр ма та уал æрхæссæн ис ахæм дæнцæгтæ. Форумы архайджытæ бафыстой 100 инвестицион бадзырдæй фылдæр (сæ иумæйаг аргъ у 106 миллиард сомы бæрц). Ахæм нымæцтæ фехъусын кодтой Уæрæсейы Экономикон рæзты министрады. Ведомствæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, форумы бонты цы экспозицитæ куыстой, уыдоны иумæйаг фæзуат та уыд 10 мин квадратон метрæй фылдæр.
«Кавказ у Уæрæсейы æппæты æрыгондæр регион — уый бæрæг дары йæ хæдбындур климæтæй, алæмæты æрдзæй, удварны историон хæзнатæй. Цæгат Кавказы регионты экономикæ лæуд у рæзты фæндагыл. 2023 азы бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй амынд федералон зылды экономикæмæ инвестициты рæзт рауад 17 проценты», — форумæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, бафиппайдта УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Новак.
СЛАНТЫ Аслан














