Ацы аз июны зындгонд ирон скульптор ТАУАСИТЫ Станиславыл хъуамæ сæххæст уыдаид 65 азы. Уый уыдис стыр курдиаты хицау, нывгæнæг, скульптор, йе ‘рмдзæф бæрæг дары, никæимæ йæ ис фемхæццæ кæнæн.
Нæ горæты цæрджытæ æмæ уазджытæ Станиславы сфæлдыстадимæ базонгæ вæййынц Дзæуджыхъæуы уынгты фæцæйцæугæйæ. Йæ аив цымыдисаг скульптурæтæ æмæ цыртдзæвæнтæй аив сты йæ уынгтæ æмæ
фæзтæ. Æвæццæгæн, Дзæуджыхъæу фидаугæ дæр нал скæнид горæты бындурæвæрæг Быгъуылты Дзæуæджы цыртдзæвæнæй.
Республикæйы цæрджытæ нæ, фæлæ ма, ардæм цы туристтæ цæуынц, уыдон дæр хорз зонынц Хохы Санибайы æвæрд скульптурон композици «Ирон пьета» – ацы хъæуæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй чи нал сыздæхт, уыцы хæстонты номарынæн. Сылгоймаг-мад лæууы сæркъулæй, йæ къухты – нымæт. Скульпторы куысты ис арф хъуыды: Мад – Райгуырæн зæххы символ, нымæт та – тохы быдыры, йæ цард кæмæн аскъуыд, уыцы хæстонтæ.
Дзæуджыхъæуы ма фæзындысты Станиславы æвæджиауы куыстытæ – Михаил Булгаков, Гæдиаты Секъа, Евгений Вахтангов, Тугъанты Махарбег, Цæрукъаты Алыксандр æмæ Саламты Къолайы сурæттæ скульптурæты хуызы.
Мастеры фæстаг куыст у «Æвзонгдзинад» («Юность») – диссаджы зæрдæмæдзæугæ композици. Уый у æрыгоны бонты гимн, алы адæймагæн дæр адджын чи у, йæ царды уыцы афонæн. Æвæрд ис Терчы был Красногвардейскаг хиды раз, фæлæ бирæтæ нæ зонынц, куыд хуыйны, æмæ йæ чи сарæзта, уый. Хорз уаид, йæ авторы номимæ фæйнæг ыл фидаргонд куы ‘рцæуид, уæд.
Татьянæ ШЕХОДАНОВА, авторы ист къам