Цомахъы ахаст Къостамæ

0
54

Къоста æнæкæрон зынаргъ у ирон адæмæн, кæд ыл кæддæрты нæ «мæнтæгрæмудзджытæй» чидæртæ цъыф калдтой, уæддæр нын баззад Къостайæ. Æмæ цалынмæ зæххыл фæстаг ирон уа, уæдмæ дæр нын Къоста уыдзæн разагъды лæг. Чи у Къоста, цы сарæзта æмæ радта йæ адæмæн, ууыл диссаджы æмæ хъуыддаджы ныхæстæ æрцыд загъд ирон литературæйы историйы, Абайты Васойæ райдайгæйæ.

Къостайыл революцийы фæстæ азты сæрыстыр æмæ буцæй чи фыста, чи дзырдта, уыдоны фыццæгтæй иу уыдис Гæдиаты Цомахъ. Йæ зынгæ куыст
«Хетæгкаты Къоста – мæгуыр хæххон адæмы зарæггæнæг» мыхуыры рацыд 1926 азы. Æнæ гуырысхойæ зæгъæн ис, уæдмæ йыл ахæм бæстон æмæ алывæрсыг куыст нæма федта ирон чиныгкæсæг.
Арф ныхъхъуыды кодта Цомахъ Къостайы удыхъæды хорз миниуджытыл, йæ саразгæ хъуыддæгтыл, нæ адæмы царды, ирон лæджы цæсты цы бынат æрцахста, уыдæттыл. Сæрбæрзондæй дзы зæгъы: «Ирон адæмы сæуæхсид», «Адæмы кады мæсыг», «Ирон литературæйы стъалы». Йæ рæстæджы Цомахъы ныхæстæ Къостайы тыххæй сты хъуыдыйаг: «Æвæццæгæн, Ирыстоны ахæм адæймаг нæ разындзæн, æмæ Къостайы тыххæй чи нæ зоны, «Нары бæрзонд хæхтæй» йæ сидты зарæг чи ныккодта, уыцы Къостайы кой чи нæ фехъуыста, кæнæ та йæ цæстысыг калгæ «Сидзæргæс»-ы зарæг чи нæ кодта».
Йæ рæстæгмæ гæсгæ, Цомахъ æмбæлгæ æмвæзадыл æрдзырдта Къостайы царды хабæрттыл, Леуан æмæ Марияйыл, Чендзе æмæ Хъызмыдæйыл, Къостайы сабибонтыл, йæ ахуыры фæндæгтыл. Кæд дзы абоны бон чысыл аипдзинæдтæ арæм, уæддæр йæ рæстæджы Цомахъ Къостайæ адæмы размæ цы рахаста, уыдонæн егъау нысаниуæг ис.
Цомахъ стыр аргъ кодта Къостайы зондахаст æмæ тохы фæндæгтæн. Зæгъы дзы: «Адæмы цардæй иппæрд чи у, ахæм сæрибары тохы бæсты, мах уымæ уынæм æфхæрдæй, æфхæрджытæй, æрцæ-
уæг тыхгæнджытæй куыд фервæзæн ис, уый, уымæ уынæм мæгуыр адæмы сæрыл, хæххон лæджы сæрыл тох: сидзæргæсты, æгад æмæ æнæбарджынты, чысыл, æдых, æфхæрд адæмы сæрыл тох».
Цомахъ хорз зонгæ уыд Къостайы уырыссаг сфæлдыстадон бынтимæ дæр, фæлæ, йæ уац фысгæйæ, уый йæ размæ сæвæрдта хæс, цæмæй æрдзура æмæ равзара Къостайæн йæ ирон æмдзæвгæтæ. Йæхæдæг афтæ зæгъы: «Хетæгкаты Къоста цы ирон литературон бынтæ ныууагъта, уырдæм бацыди «Ирон фæндыр»-ы æртиссæдз æмдзæвгæ æмæ зарæджы. Фæлæ уыцы æртиссæдз æмдзæвгæйы æмæ зарæджы бындур æрæвæрдтой ирон литературæйæн, сæ фынæйæ райхъал кодтой национ æнкъарæнтæ æмæ национ химбарынад, систы æцæг адæмон æмæ се сфæлдисæг поэты ном скодтой Ирыстоны номдзыддæр æмæ, чи зоны, æппæтæй уарзондæр».
Цомахъ бæстон ныккаст поэты миддунемæ æмæ рахаста рæгъмæ, цæуыл уыд Къостайы сагъæс, цы йын хордта йæ зæрдæ, цы хæстæ ‘вæрдта йæ размæ, цы йæ фæндыд саразын æмæ бакæнын йæ мæгуыр адæмæн.
Зæгъы Цомахъ: «Поэт бæллы æмæ хъуыды кæны, цæмæй йæ хæс сæххæст кæна адæмы раз. Мыййаг, йæ хæс куы нæ бафида, зæгъгæ, уыцы хъуыды йын дзаг кæны йæ зæрдæ æнкъарддзинадæй».
Гæдиайы-фырт хорз æмбæрста Къостайы дуджы мидис, йæ цæсгом æмæ йæ зæгъгæ дæр æргомæй кæны: «Дзырдхæссын, провокаци, ардауындзинад систы æхсæнады низы хуызæн. Адонмæ ма, хæххон адæм пырхытæ кæй уыдысты, уый, сæ гæвзыкк цард, сæ талынгдзинад æмæ æнæмбаргæдзинад куы бафтауæм, уæд уæды царды ныв уыдзæн æххæстдæр».
Къостайы зæрдæ, сæйрагдæр, цæуыл рыст, уый раст банысан кодта Цомахъ: «Поэтæн сæйрагдæр у – хæххон мæгуыр адæм, йæ уæды рæстæджы уæззау цард, йæ зындзинæдтæ».
Къостайы сфæлдыстдон бынтæн аргъгæнгæйæ, Цомахъ йæ хъуыды æргомæй зæгъы: «Йæ фыстытæ иууылдæр ахуырст сты йæ зæрдæйы тугæй», кæнæ: «Куыдфæндыйы» сфæлдыстад Къостамæ нæй. Уый фылдæр у лирик. Æнкъард кæна, кæугæ, гъе мæсты кæна, зæгъæм, афтæ æнæуи исты æвдисы, се ’ппæты тыххæй дæр цыма йæ зæрдæйы тугæй фыссы, афтæ у».
Дзырд «Къоста» цы бынат æрцахста ирон адæмы зæрдæты, ууыл дæр бирæ загъд æрцыд. Къостайы ном фехъусгæйæ, ирон лæгмæ цы алыхуызон хъуыдытæ сæвзæры, уыдон бахынцта Цомахъ æмæ йæ зæгъгæ дæр кодта: «Къоста!.. Алыхуызон æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ, ивгъуыд царды нывтæ æмæ ныфсытæ гуырын кæны ацы ном ирон адæймаджы зæрдæйы. Уым ис, хæдхæцæг паддзах æмæ бынæттон агенттæ адæмы куыд æфхæрдтой æмæ сын куыд фыдмитæ кодтой, уый, уым ис, чысыл, талынг æмæ æфхæрд адæмы национ бæллиц фервæзыны тыххæй, сæхи культурæ æмæ хи хицауады тыххæй, уым ис тохмæ æмæ баиу уæвынмæ сидт, уым ис зæрдæбын, ныр дæр æмбал кæмæн нæй, ахæм «Ирон фæндыр»-ы мотивтæ, уым ис поэт-тохгæнæджы æмæ æхсæнадон архайæджы æфхæрд сурæт, уым ис «йæ мæ-
гуыр адæммæ æмæ йæ райгуырæн мæгуыр хъæумæ» уарзондзинад.
Хетæгкаты Къоста йæ «Ирон фæндыр»-æй канд нæ нывæфтыд литературæйы бындурæвæг не ссис, уый ма фидар бындур æрывæрдта нæ литературон æвзагæн дæр, æмæ йæ абон дæр хъахъхъæнæм цæсты гагуы-
йау. Æниу нæм рæстæггай фæзынынц литературон æвзаджы «къуыдиппытæ», Къостайы æвзагыл иуварс ахæцынмæ чи хъавы, уадз, уыдон зоной, Къостайы ном кæй нæ фæтасын кæндзысты, уый.
Гæдиаты Цомахъ-поэт æмæ прозаик, драматург æмæ публицист, профессионалон революционер – уæззау æмæ зын фæндæгтыл рацыд, бирæ скъæрæнты бахауд, цæргæ-цæрæнбонтæм ын Сыбырмæ уыд тæрхонгонд. 10 азы талынг ахæстæтты чи арвыста, уый хорз æмбæрста Къостайы уавæр, Къостайы зæрдæрыстдзинад, æмæ йыл цы загъта, уыдон сты зæрдæйы бынæй ратæдзгæ. Махæй рох макуы хъуамæ уой ирон æвзаджы зæрингуырд Абайты Васойы ныхæстæ: «Англисæн ис Шекспир, Шотландийæн – Бернс, немыцæн – Гете, Италийæн – Данте, Уырысæн – Пушкин». Мах, ирæттæ та дзурæм: «Махæн ис Къос-
та». Æмæ уæд нæ зæрдæтæ байдзаг вæййынц сæрыстырдзинад æмæ уарзондзинадæй Къостамæ».
Цомахъ куыд уарзта Къостайы, афтæ йæ уарзын хъæуы мах дæр. Уый тыххæй та ахуыр кæнын хъæуы Къостайы. «Ирон фæндыр» цалынмæ мыхуыры нæ фæзынд (1859), уæдмæ йæ нæ адæм зыдтой æнæ кæсгæйæ.
Цы зæгъæн ис абон: нæ кæсæм, нæ зонæм Къостайы. Тыбылты Алыксандры загъдау, бирæтæ йын зонынц æрмæстдæр йæ ном.
«Иу бон æгъгъæд у мысынæн,
Иу бон кæндзыстут мæ дзырд.
Уый фæстæ ферох уыдзынæн,
Ничиуал зондзæн мæ цырт».
Цæмæй афтæ ма уа, уый тыххæй кæсын хъæуы Къостайы.

ПЛИТЫ Гацыр,
профессор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here