Цӕгатирыстойнаг курорт «Мамысон»-ы арӕзтадон куыстыты фыццаг хай ацы азы декабры кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынмӕ ӕмӕ курорт фидӕны зымӕджы байгом кӕнынмӕ хъавынц.
Ныртӕккӕ ам парахатӕй аразынц дыууӕ рӕтӕн фӕндаджы (34 цӕджындзӕй 18 цӕджындзы фидаргонд ӕрцыдысты). Уӕвӕн ис, ӕмӕ 3,4 километры дӕргъӕн амынд рӕтӕн фӕндӕгтӕй иу нӕ бӕстӕйы нымад уыдзӕн ӕппӕтӕй даргъдӕрыл. Алфамбылай ӕрдзы уавӕртӕ нымайгӕйӕ, фӕндаг кӕуыл ӕнцайдзӕн, уыцы 21 цӕджындзы ‘хсӕн дыууӕрдӕм цӕудзысты 92 астбынатон кабинкӕйы. Ныридӕгӕн специалисттӕ фӕндаджы уӕллаг станцӕйы къултӕ бетонӕй аразынц.
17 километры дӕргъӕн дыккаг рӕтӕн фӕндаг ӕнцайдзӕн ӕртындӕс цӕджындзыл. Ацы фӕндаджы станцӕты арӕзтад кӕронмӕ ахӕццӕ уыдзӕн 20 сентябры. Уыцы-иу рӕстӕг 18,8 километры дӕргъӕн хӕххон-лыжон фӕндӕгтӕ нывыл кӕнынц, ӕмбӕлгӕ инфраструктурӕ аразынц.
— «Мамысон» чи аразы, ӕппӕт уыцы адӕм ныртӕккӕ цӕрынц арӕзтадон фӕзы территорийыл. Бирӕкъабазджын центры, инженерон коммуникацитӕ ӕмӕ хӕдтулгӕтӕн лӕууӕн бынӕтты арӕзтад ӕнӕкъуылымпыйӕ цӕуы. Митпырхгӕнӕн трактортӕн гараж рӕхджы сцӕттӕ уыдзӕн. Не ‘мгуыстгӕнӕг компани «Руслет» нын фӕззӕджы райдайӕны технологон кусӕнгӕрзтӕ кӕй ӕрбарвитдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, — зӕгъы «Кавказ. РФ»-йы генералон директоры хӕдивӕг Владимир Лапухин.
Нӕ уацхӕссӕг














