Дзæуджыхъæуы Китайаг фæзы егъау обелиск æвæрд æрцыд 1960 азы 9 апрелы, ис ын историон-культурон бынты федералон ахадын-
дзинад. Йæ автор – архитектор Бтемыраты Алыксандр. Цыртдзæвæн арæзт æрцыд нæ китайаг хæлæрттæн-бархионтæн, граждайнаг хæсты рæстæг советон хицаудзинады фарс большевиктимæ уæхски-уæхск чи æрлæууыд, уыдонæн.
1915-1916 азты китайаг эмигранттæ нæ бæстæмæ æрбацыдысты, уымæн æмæ фыццаг дунеон хæстмæ нæлгоймæгтæ куы фæцыдысты, уæд Уæрæсейы нал фаг кодта кусджытæ. Уæззау рæстæджытæ уыдысты, адæмæн нæ уыд мызд, æмæ китайæгтæ нæ бæстæйы егъаудæр горæттыл ныппырх сты куыстагур. Афтæмæй æрбафтыдысты Дзæуджыхъæумæ дæр. Куыстой здыйы-цинчы («Электроцинк») заводы. Октябры революцийы фæстæ 1918 азы китайаг кусджытæ, Терчы облæсты ВЧК кæй хуыдтой, уый хыгъды сарæзтой хицæн китайаг къорд 450 адæймагæй. Къордæн разамынд лæвæрдта, 1905 азы уырыссаг афицер Мукденæй Тифлисмæ кæй æрбаласта, ахæм сидзæр лæппу Пау Ти Сан, йæ коммунистон фæсномыг «Товарищ Костя», йæ къорд та йын хуыдтой «Красные каратели». Тифлисы Пау Ти Сан гимназы сахуыр кодта, коммунистон идеологийы хъуыдытыл фæцалх æмæ бацыд большевикты партимæ. Пау Ти Саны къорд тох кодта Дзæуджыхъæу, Астрахан æмæ Прохладнæйы урсгвардионты ныхмæ.
Граждайнаг хæсты фæстæ Пау Ти Сан дарддæр Туркестанмæ ацыд, басмачты дæрæн кæнынмæ, фæлæ йын 1926 азы йæхи амардтой. Большевикты нал хъуыд æмæ йæм азым ссардтой – контртеррористон организацийы архайы, зæгъгæ.
60-æм азты, Китайы Адæмон Республикæимæ хæлар ахастдзинæдтæ саразыны фæдыл Дзæуджыхъæуы æвæрд æрцыд цыртдзæвæн, граждайнаг хæсты чи фæмард, уыцы китайаг хæстонтæн. Абон дæр уыцы обелиск у нæ горæты рæсугъддæр бынæттæй иу, цымыдисаг архитектурон цыртдзæвæн йæхимæ æлвасы, канд уазджыты нæ, фæлæ нæхи цæрджыты дæр.
Саутæты Тамилæ