Кæронмæ æрхæццæ æппæтуæрæсеон хъæлæскæнынад фыццаградон æгъдауæй цалцæггæнинаг æхсæнадон фæлладуа-дзæн бынæтты номхыгъд сбæлвырд кæныныл. Регионты цæрджыты хъуыды хынцгæйæ, ныр фидаргонд æрцæудзысты ахæм фæлладуадзæн тæлмыты рацарæзт æмæ фæлгонцады пълантæ 2026 азæн.
Ахæм дзыллон хъæлæскæнынад дыууæ мæйы бæрц цыд Цæгат Ирыстоны дæр. Ныр профилон ведомствæты минæвæрттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй акцийы зæрдиагдæрæй архайдтой Æрыдон æмæ Кировы районты, стæй Дзæуджыхъæуы цæрджытæ (сæ хъуыды загътой 90 мин адæймаджы бæрц).
Ныр бынæттон цæрджыты æвзæрстæй фидæн азы куыст цæудзæн рагагъоммæ бæрæггонд æхсæнадон фæлладуадзæн бынæтты нывыладыл. Афтæмæй ногæй сæ хуыз скалдзысты мæздæггаг кинотеатр «Юность»-мæ ’ввахс сквер, Æрыдоны Дзугаты æфсымæрты уынджы спортивон фæз, Дзæуджыхъæуы Китайаг фæзмæ ‘ввахс доны станцæ, æндæр горæтаг æмæ хъæууон дзыллон фæлладуагъды бынæттæ.
Куыстытæ æххæстгонд цæудзысты национ проект «Инфраструктурæ – цардæн»-ы фæткыл. «Хъæлæскæнынады чи архайдта, республикæйы æппæт уыцы цæрджытæн бузныг зæгъын. Иумæйаг уынаффæ æмæ хъарутæй архай-дзыстæм, цæмæй нæ горæттæ æмæ хъæуты алфамбылай хуыздæрæрдæм ива», – йæ телеграм-каналы ныффыста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Нæ уацхæссæг














