Мæрзойты Ислам-Бег – генеалогийы дæсны

0
96

Йæ фæззыгон най ралæууыны æмгъуыдмæ нырма ис рæстæг, цы иртасæн куыст кæны, уымæн Ирыстоны иунæг фæлтæрдджын генеалог Мæрзойты Ислам-Бег – историон наукæты доктор, нæ республикæйы наукæйы сгуыхт архайæг æмæ Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты этиологийы хайады раззагдæр наукон кусæг, базыдта фæтк æвæрын.

Цы 55 азы рацард, уыдонæй, йæхи зонынхъом  куы фæцис, уæдæй абонмæ æвæллайгæйæ кусы Кавказы адæмты генеалогийы фарстатыл, уыимæ, ирон мыггæгты равзæрд, Кавказы афицерты истори, ирон интеллигенци æмæ йæ ахадындзинад ирон адæмы ‘хсæн рухс тауыны фарстатыл, ирон эмигрантты истори Турчы, Америкæйы, Канадæйы, Австрали æмæ æндæр рæтты. Генеалогийы лæггадгæнæгæн бантыст 100 наукон куыстæй фылдæр ныммыхуыр кæнын. Йæ удуæлдай архайды тыххæй хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы генеалогон федерацийы майданæй, йæ фæрцы та Кавказаг генеалогийы иртасæн куыст рахызт Дзæуджыхъæумæ. Цы кадджын нæмттæ хæссы, уыдон ранымайынæн дзæвгар рæстæг хъæуы.

– Фылдæр мыггæгты равзæрды фарстатыл архайын. Куыд дарддæр, афтæ мæм цымыдисдæр кæсы уыдоныл кусын. Хуыцауæй разы, нæ архивты æрмæджытæ фадат дæттынц уыдоныл лæмбынæг, бæстон архайынæн, уымæн æмæ, нæ сыхæгтæй уæлдай, архивон æрмæджытæ хъахъхъæд æрцыдысты. Нудæсæм æнусы æмбисæй фæстæмæ, Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уæдæй алцыдæр гæххæттыл фыст цыд: бинонты сконд, сæ кар, цæуыл хæст сты. Мыггæгты равзæрды фæдыл фондты ис æрмæг, æмæ уый стыр ахъаз у мæ иртасæн куысты. Нæ сыхæгтæ нæм тæхуды кæнынц, – зæгъы Ислам-Бег.

Хорз зоны ахуыргонд архивты æвæрæнтæ, зоны адæмимæ ныхас кæнын, у æрмæг æмбырд кæныны дæсны. Дзæу-
джыхъæуы архивæй уæлдай кусы Налцыччы, Гуырдзыйы, стæй Уæрæсейы центрон архивты. Æрмæг куы сæмбырд вæййы, уæд ын раргом  вæййынц  мыггаджы равзæрд æмæ йæ райрæзты хабæрттæ.

— Фæрсырдыгæй кæсгæйæ, уыцы иугæндзон куыст цымыдисаг  нæу, мæнæн та тынг цæуы мæ зæрдæмæ генеалогийы фарстаты фæдыл иртасæн куыст кæнын. Хъыгагæн, йæ мыггаджы равзæрды историйæ фылдæр базоныны зонд адæймагмæ зæры кары æрцæуы. Пенсийы куы рацæуынц, фылдæр уæд райдайынц уыдæттыл хъуыды кæнын. Æрыгæттæм дæр цымыдисдзинад æвзæры, бирæтæ мæм æрбацæуынц уый фæдыл. Ирыстоны алы мыггаг дæр архайы фæстагæттæн сæ фыдæлты тыххæй фылдæр зонындзинæдтæ ныууадзыныл. Хабæрттæ бæлвырд чи зыдта, уыцы хистæртæ ныр нал сты, йæ рæстæджы та мыггаджы тыххæй информаци мыхуыргонд не ‘рцыд, афтæмæй, сæ равзæрды фæдыл дзыхæйдзургæ цы хабæрттæ баззадысты, уыдон свæййынц мыггаджы историйы бындур. Егъау райхалинаг фарста у нæ æхсæнады, – йæ ныхас дарддæр хæццæ кæны Ислам-Бег.

Зæххыл адæмыхæттыты иу бынатæй иннæмæ рацу-бацу æркодта уымæ, æмæ сæмхæццæ сты, уымæй уæлдай, мыггæгтæй чи кæцæй рацыд, уый равзарын зын вæййы, науæд та йын æппындæр нал вæййы гæнæн. Йæ рæстæджы Гецаты Афæхъо бакуыста æмæ мыхуыры рауагъта дыгурон мыггæгты чиныг. Мæрзойты Ислам-Бег уырдыгæй рафыста æмæ раиртæста фондзсæдæ мыггагмæ ‘ввахс, æмæ, куыд сбæрæг, афтæмæй уыдонæй 150 мыггаджы сты Гуырдзыстонæй рацæугæ, иу уый бæрц – Балхъарæй, иннæтæ – Кæсæгæй, Дагестанæй, Цæцæн æмæ Мæхъхъæлæй. Æрмæст 50 мыггаджы баззадысты æбæрæгæй, кæцæй рацыдысты, уый нæй раиртасæн. Ахуыргонды хъуыдымæ гæсгæ, кæнæ аборигентæ сты, кæнæ,  кæцæй рацыдысты, уый нæй раиртасæн.

– Къуыдайраг, дыгурон, кæнæ ирон дæ, уый зын зæгъæн у, уымæн æмæ дæ уидæгтæ, гæнæн ис, æмæ кæцæйфæнды дæр уой, суанг Ирыстонæй дæр, – йæ хъуыды бæлвырд кæны ахуыргонд. «Уый хорз у, æви æвзæр» фарстæн ратта ахæм дзуапп, зæгъгæ, раздæр сыхаг адæмтæ зыдтой кæрæдзи æвзаг, культурæ, æгъдæуттæ. Уыд æвдисæн, Кæсæджы Лескены хъæуы Кучиты Гялæхан йæ сыхаг кæсгон устытимæ иронау куыд дзырдта, æмæ йæ уыдон дæр куыд æмбæрстой, кæд сæхæдæг иронау нæ дзырдтой, уæддæр. Фыдыус уыд хæдзары, бирæ цард ын ратта рафæлдисæг, æмæ  бинонты æртыккæгæм фæлтæры кæстæрты дæр ахуыр кодта иронау дзурыныл, сывæллæттæн амыдта нымайын, кæд ыл дзæвгар азтæ цыд, уæддæр.

Мæрзойты Ислам-Бег райгуырд Налцыччы, йæ ныййарæджы нæ хъуыды кæны. Афæдз æмæ йыл авд мæйы куы цыд, уæд ахицæн йæ мад а дунейæ… Мады ад банкъардта лескенаг Тайсауты Асиатæй. Цыдæриддæр, зæгъы, базыдтон, уый Налцыччы ацы сылгоймагæй. Абон дæр æм хъæбулы зæрдæ дары. Йе ‘мбæлттæ фылдæр кæсгæттæ æмæ балхъайрæгтæ уыдысты, цардысты, кæрæдзийæн аргъгæнгæйæ. Æртын азы атахтысты ацы горæты, стæй рацыд Ирыстонмæ, цыппæрæм курс фæуыны фæстæ раивта ЦИПУ-йы историон факультетмæ. Уыцы рæстæг уый уыд ахуыргæнæндоны иуыл хъомысджындæр хайад. Йæ фыццаг бакъахдзæфæй йыл куыд сæмбæлдысты, уый абон дæр хорз хъуыды кæны: чи дæ, кæцæй, зæгъгæ, фарстатæ йыл нызгъæлдысты. Мæрзойтæй дæн, зæгъгæ, сын  дзуапп дæттын куыд райдыдта, афтæ æнæнхъæлæджы «дыгурон дæ» куы айхъуыста, уæд фæуыргъуыйау ис. Цæрæнбонты йæхи ирон хуыдта, налцыккаг ирæттæй никуы никæмæй фехъуыс-
та, цæмæй ирæттæ, дыгурæттæ, кæнæ къуыдайрæгтыл дих кæной кæрæдзийы. Нæ дих кодтой кæрæдзи динмæ гæсгæ дæр. Бамбæрста, уый бынæттон традици кæй у. Æрымысыд, Налцыччы йе ‘мбæлттимæ рудзынгæй куыд кастысты, кæрты пысылмон æгъдаумæ гæсгæ кувыны фæстæ йæ мад кæсгон æмæ балхъайраг сылгоймæгтимæ куыд ныхас кодта, уый. Алчидæр дзы зыдта йæ мадæлон æвзаг, ныхас та кодтой кæрæдзийы æвзæгтыл. Куыд хорз фæкаст сывæллæттæм уыцы хабар!

Ныртæккæ нæ республикæйы нæй, генеалогийы фарстатыл чи кусы, ахæм специалисттæ. Ис æрмæст, ацы куыст цымыдис кæмæ кæсы, ахæмтæ. Налцыччы НИИ-йы уыд генеалог, историон наукæты кандидат Анатолий Максидов, йæ мæлæты фæстæ генеалогийы фарста бамынæг. Нæ æрмæджы хъайтары бæллиц у, цæмæй, зæрдиагæй цы хъуыддагыл кусы, уый йæ фæстæ ма баруайа. Генеалог бацæттæ кæнынæн рæстæг хъæуы, йæ куыст ын дарддæр чи ахæццæ кæндзæн, уыцы адæймагæн æнæвгъауæй ратдзæн йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. Цы йын бантыст, уый хи хъарутæй, суанг мыггæгты истори иртасыны методикæ дæр йæхи æрхъуыдыгонд у. 10-20 азы размæ дæр ма йæ куыст æндæр хуызы арæзт уыд. Чи йæ раива, уымæн суыдзæн фæндагамонæг: цæмæй райдайа, уый базонынæн ын уыдзæн хорз фадат. Уый ахуыргонды бæллицтæй иу у.

Дæ куыст нырыккон царды цы бынат ахсы, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд йæ дзуапп уыд ахæм:

– Алкæй фæнды базонын йæ уидæгтæ. Раздæр рæстæджыты алы адæймаг дæр хъуамæ бæлвырд зыдтаид йæ фыдæлты авд фæлтæры онг. Ууыл сæ ахуыр, амидин кодтой. Стæй ралæууыд ахæм рæстæг, æмæ генеалоги наукæйыл нал нымадтой. Бирæ азты йыл ничиуал куыста, сног ивгъуыд æнусы 90-æм азты, генеалогты куыстытæ райдыдтой мыхуыры уадзын. Ныр ралæууыд уыцы рæстæг, æмæ, цы информаци æрæмбырд, уый хъусын кæндзынæн интернеты фæрстыл, – йæ дзуринæгтæ нын æргом кæны Ислам-Бег. Цæмæ бæллы, дыккаг ахæм кæмæ нæй, уыцы фæлтæрдджын ахуыргонд? Уыцы хъуыддаг дæр нын раргом кодта: кусы ирон мыггæгты энциклопеди саразыны æмæ рауадзыны проектыл. Бахæсдзæн æм мыггæгты равзæрды тыххæй информаци цыбыртæгондæй. Уыцы хъуыды йæм хуымæтæджы нæ фæзынд. Интернеты ирон сайты сты ирон мыггæгты номхыгъдтæ, бирæ дзы ис, ирон мыггæгтæм чи нæ хауы, ахæмтæ. Дзырдæн зæгъæм, Зейналовтæ, Бадилатæ. Уыдæттæ парахатгонд цæуынц, æмæ адæм афтæ хъуыды кæнынц, раст кæй сты. Бирæ хæццæдзинæдтæ ис æрвадæлтимæ дæр, мыггæгтæй иуæй-иутæ фыст цæуынц æмхуызон, иу не сты, афтæмæй. Гæнæн ис, æмæ 2-3 мыггаджы сты, уырыссагау æмхуызон кæй фыссынц, сæ уидæгтæ та сты алыхуызон. Иуты фæдыл ис информаци, иннæтыл – нæй. Цас рæстæг æй бахъæудзæн йæ саразынæн, уый зын зæгъæн у, йæхæдæг дæр æй нæ зоны, фæлæ йыл кусын райдыдта.

Зæрдиагæй сæмбæлдзæн Мæрзойты Ислам-Бег, генеалоги цымыдисдзинад цы æрыгон адæймагмæ æвзæрын кæны, ууыл. Нæ рæстæджы фадат ис дыккаг ахуырад райсынæн, зонадон куыстмæ чи тырны, уыдонæн аспирантурæ фæуынæн æмæ наукон къæпхæн райсынæн. Уый у, генеалогон куыст кæнынмæ чи тырны, уыцы адæймагæн æнæмæнг  хъæугæ
хъуыддаг.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ,

 авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here