Редакцийы хъуыддæгты фæдыл райсомæй раджы фæраст кодтам Мæздæгмæ. Ныртæккæ дæрддзæф районмæ тагъддæр ныххæццæ уæвæн ис регионалон трассæ «Кавказ — Хурыхъæу – Малгобек – Мæздæг»-ыл. Фæндаг Бæтæхъойыхъæуæй Хурыхъæуы онг Сунжæйы æфцæджы хъæдтыл кæй айгæрстой, уый фæстиуæгæн дзы геологон уавæртæм гæсгæ арæх сæвзæры алыхуызон цæлхдуртæ – дон бахæры зæхх, æрлæбыры æмæ тæссаг вæййы фæндаджы уыцы уаццагыл ацæуын.
Кæд ма кусгæ боны райдайынмæ сахаты ‘рдæджы бæрц рæстæг уыдис, уæддæр ам уæззау техникæ æмызмæлд кодта. Куыд сбæрæг кодтам, афтæмæй куыстытæ фæдзæхст сты æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Нар»-ыл, разамынд та сын дæттынц прораб Гæззаты Хетæг æмæ бригадир Сæбанты Давид. Специалисттæ сбæрæг кодтой фæндаджы тæссаг уаццæгтæ 21 километрæй 29 километрмæ, æмæ сыл ныртæккæ арæзт цæуы уæлæмхасæн амаддзæгтæ автотранспорт æмæ бæлццæтты æдасдзинады тыххæй. Фæхсты уæлцъар фæлмæндæр кæм у, уым, куыд фæндаджы кæрæтты, афтæ йæ бынæй дæр æвæрынц быцæуын конструкцитæ.
Гæззаты Хетæг, æрыгон специалист, организацийы кусы иу афæдз, йæ бæрны цы участок ис, уый «сусæгдзинæдтæ» хорз зоны.
– Æрвылбон ам райсомæй изæрмæ архайы фондз æмæ ссæдз адæймаджы æмæ 15 иуæджы техникæ. Куыстытæ цæуынц национ проект «Инфраструктурæ – цардæн»-ы фæлгæты. Ныртæккæ цы æрмæгæй пайда кæнæм фæндаджы æдасдзинады тыххæй, уыцы технологи ног у, æрмæг æрæджы райдыдтой аразын Михайловскы æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «ДБС»-ы, йæ генералон директор – Торчынты Алихан. Уæлæмхасæн бустерон системæйы руаджы фæндæгтыл цы амаддзæгтæ аразæм æфсæнбетонæй, уыдоны фидардзинад тынг бæрзонд у, сæ быны æвæрд ис, сæ бæрзæнд фараст метры кæмæн у, ахæм сваятæ, уыдоныл – бындур, уымæ гæсгæ сын лæбырдтытæй тас нæу. Блоктæ монолитон не сты, фæлæ хæйттæй æмбырдгæнгæ. Уый дæр у уæлæмхасæн мадзал сæ бахъахъхъæнын æмæ фидардзинадæн, – радзырдта Гæззайы-фырт.
Æцæгæйдæр, лæмбынæг æркæсгæйæ, цыма амаддзæгтæ агуыридурæй амад сты, афтæ зынынц – блокты сæрæй ис хуынчъытæ, дзаг сæ кæнынц
каркастæ æмæ бетонæй. Хетæг куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы фæзуаты ахæм технологийæ спайда кодтой фыццаг хатт.
– Фæндаг куы байгом 2021 азы мартъийы, уæдæй, ныртæккæ куыстытæ кæм цæуынц, уым уыцы аст километры æрдзон уавæрты аххосæй къорд хатты хæлд æрцыдысты, æмæ афтæмæй сбæрæг сты тыхджын уарынтæ æмæ лæсæнты фæстæ. Куыстытæ цæуынц æртæ къæпхæнæй, фыццаг дыууæ хъуамæ кæронмæ ахæццæ уой ацы азы кæронмæ, – радзырдта Гæззаты Хетæг.
Ам ма фæбæрæг кæн-дзыстæм, объект цы фæндаггон-амайæн æрмæгæй аразынц, уыдонмæ лæмбынæг цæстдард кæй цæуы сæрмагонд фæндаггон лабораторийы ’рдыгæй. Иудадзыг куыстыты хæрзхъæддзинад бæлвырд кæнынц РЦИ-Аланийы Фæндаггон хæдзарады комитеты специалисттæ.
ГАПБАТЫ Алетæ авторы ист къамтæ














