Уыд РЦИ-Аланийы Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ Сæрдар Дзанайты Барис. Хицауады уæнгтæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ, министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ се ’ргом аздæхтой нæ рес-
публикæйы социалон-экономикон рæзты фарстатæм, сæрмагондæй æрдзырдтой бирæ вазыгджын хъуыддæгтыл.
Ивддзинæдтæ хаст æрцыд РЦИ-Аланийы Хицауады цур эпидемиты ныхмæ санитарон къамисы скондмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов.
Республикæйы алы æмвæзады бюджетты ’хсæн ахастдзинæдтæ нывыл кæныны нысанимæ закъонæвæрынадмæ цы ивддзинæдтæ бахæсдзысты, ууыл ныхас кодта финансты министры хæстæ æстæгмæ æххæстгæнæг Оксанæ Карова.
Паддзахадон программæ «Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадæн æххуыс»-ы, стæй 2035 азы æмгъуыдмæ автомобилон туризмы райрæзты тыххæй фæндæттимæ æмбырды архайджыты базонгæ кодта экономикон рæзты министр Сокаты Марат.
Министры ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсейы Президенты фæдзæхст æххæст кæнгæйæ æмæ нæ республикæйы Сæргълæууæджы цæстдардæй туризмы ацы къабаз хъуа-
мæ зынгæ райрæза. Паддзахадон программæйы фыст æрцæудзысты йæ сæйраг нысантæ, стæй инфраструктурон объекты арæзтады фæтк.
– Автотуризмæн аккаг уавæртæ скæнын, туристон маршруттæ бæлццæттæн æхсызгондзинад куыд хæссой, бынæттон цæрджытæн ног куысты бынæттæ куыд фæзына – ахæм хæстæ æвæрæм нæ размæ, – фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.
Æрыгон бинонтæн цæрæнуæттæ дæттыны федералон проекты уагæвæрды бындурыл профилон ведомствæтæ бацæттæ кодтой сæрмагонд номхыгъд. Ныртæккæ рады лæууынц 1135 æрыгон бинонтæ. Ацы хъуыддаг къæпхæнгай алыг кæнынæн уал ныридæгæн радих кодтой 700 милуан сомы бæрц. Ацы фарстайыл ныхас кодта РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат.
РЦИ-Аланийы Хицауады уынаффæмæ ивддзинæдтæ бахæссыны курдиатимæ радзырдта нæ республикæйы физикон культурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан. Республикæйы спортивон кад чи бæрзонд кæны Уæрæсейы иугонд командæты, уыцы спортсментæ æмæ тренертæн стипендитæ фидыны тыххæй уыд йæ раныхас.
– Æппæт дунейы дæр зындгонд чи у, уыцы спортсментæй сæрыстыр у Ирыстон. Уæлахиздзаутæй 1500 адæймаджы райстой стипенди, ахæм æххуыс уыдзæн дарддæр дæр, – фæнысан кодта Дзанайты Барис.
Автомобилон фæндаг «Хохы Саниба – Хъæрмæдон»-ы арæзтад дарддæр ахæццæ кæн-
дзысты. Йæ хæрдзтæ æмæ æндæр фарстатыл дзырдта республикæйы Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль.
Ахсджиаг фарстайыл æрдзырдта РЦИ-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Йæ ныхасмæ гæсгæ, æрмæст Цæгат Ирыстоны ис ахæм ныллæг тариф бырæттæ ласынæн. Уый та къухы бафтыд, куыстуат йæ æфтиæгтæй хъалон кæй нæ фиды, уый фæрцы. Республикæйы Сæргълæууæджы фæдзæхст, тарифтæ фæкъаддæр кæнын цæрджытæн, æххæстгонд цæуы.
– Уыцы уынаффæйы ахадындзинад ныридæгæн бæрæг у. Регионалон оператор йæхи фæрæзтæй сарæзта, бырæттæ кæм æвзардзысты, ахæм нырыккон завод, – загъта Хъарайы-фырт. Æмæ бафтыдта, министрад, республикæйы разамынды уынаффæтæ æххæст кæнгæйæ, «Газпром»-ы хайадимæ дарддæр дæр æмгуыст кæндзæн рес-
публикæйы цæрджыты хæдзæрттæм æрдзон газ бауадзыныл. Афтæмæй, 2026-2028 азты дыргъдæтты 19 æмбалады 2 мин бинонтæн сæ царды уавæртæ фæхуыздæр уыдзысты. Ацы хъуыддагæн радих кæндзысты 1,5 миллиард сомæй фылдæр.
Æмбырды ма дзырдтой æндæр ахсджиаг фарстатыл.
Гугкаты Жаннæ














