Сывæллæтты удæнцойæн

0
111

Мæздæджы сидзæрдон «Амонд»-ы хъомылгæнинæгтæ се ’мцеггæнæг Битарты Вячеславы хуындмæ гæсгæ бабæрæг кодтой парк «Альпинæ».

Фараст азы размæ Битары-фырты æххуысы фæрцы сидзæр сывæллæттæн фæзынд ног удæнцой хæдзармæ раивыны фадат. Сывæллæттæн ахуырады æнтыстдзинæдты фæдыл раарфæ кæнгæйæ, Битарты Вячеслав загъта:

– Нæ компани центр «Амонд»-ыл æмцегад кæны. Сидзæрдоны цæрынц ахуырадмæ стыр æргомздахæг лæппутæ æмæ чызджытæ. Адонæй иуæй-иутæ каст фесты  уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ ныртæккæ нæ бæстæйы фæрныгады сæраппонд фæллой кæнынц. Фæсивæдæн мæ зæрдæ зæгъы æнтыстдзинæдтæ. Центр «Амонд»-ы хъомылгæнинæгтæ ахуырадмæ кæй тырнынц, уымæй райгонд дæн.

Бирæ азты дæргъы «Амонд»-æн æххуыс кæныны тыххæй сидзæрдоны хъомылгæнинæгтæ сæ хиконд лæвæрттæ раттой Битары-фыртæн. Мидисджын наукон-ирхæфсæн программæ кæмæн бацæттæ кодтой, уыцы æвзонг уазджытæ фæстæдæр фембæлдысты Митын Дада æмæ Митæимæ.

Ныртæккæ амынд сидзæрдоны чи цæры, 6-17-аздзыд уыцы дыууын æртæ лæппу æмæ чызгæн ахуырад райсынæн æмæ сфæлдыстадон къордты архайынæн арæзт æрцыдысты нывыл уавæртæ.

– Бирæ азты дæргъы нын Битарты Вячеславимæ хæлар ахастдзинæдтæ кæй ис, уымæй райгонд стæм. Алы хатт дæр Битары-фырты зæрдæхæлар фæдзæхс-
тытæ æххæст кæныныл архайæм. Нæ хъомылгæнинæгты фæнды алыхуызон пайдайаг дæсныйæдтæ райсын. Цалдæр азы дæргъы Битары-фырт æмцегад кæуыл кодта, нæ уыцы раздæры хъомылгæнинаг Хамид Кузаков каст фæци Бетъырбухы æфсæддон институт æмæ ныртæккæ службæ кæны Махачкалайы æфсæддон хайы взводы командирæй. Нæ раздæры хъомылгæнинæгтæй фондз адæймаджы барвæндонæй архайынц сæрмагонд æфсæддон операцийы. Хъомыладон куыст æнæ-къуылымпыйæ æххæст кæныныл архайæм, – зæгъы центр «Амонд»-ы директор Наталья Насоновская.

Сидзæрдоны хъомылгæнинæгтæ парк «Альпинæ»-йы ирхæфсæн мадзæлттæй райгонд уыдысты.

 

Хуасдзауты Алинæ, къамтæ систа
Фæрниаты Константин

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here