Къамисы фыццаг æмбырд

0
65

Æрæджы Алагиры районы скодтой ногарæзт территорион æвзарæн къамисы фыццаг организацион æмбырд.

Æмбырд гом кæнгæйæ, къамисы сæрдар Габеты Зæлинæ загъта:

– Территорион къамисы уæнгты номхыгъдтæм кæй бахастой, уыцы адæмæн арфæ кæнын. Мæ зæрдæ уын æнæлаз куыст зæгъы. Районы территорийыл алыхуызон æмвæзады æвзæрстытæм цæттæ кæнын æмæ сæ аразыны фæдыл къамисмæ стыр бæрнондзинад хауы.

Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой организацион фарстатыл. Сусæг хъæлæскæнынады фæрцы Къалаты Беллæйы равзæрстой къамисы сæрдары хæдивæгæй, Хацъæты Еленæйы та – къамисы нымæрдарæй.

– Нæ хæс  у фидæны æвзæрстытæм нæхи биноныг бацæттæ кæнын. Къамисы æппæт уæнгты æнæкъуыхцы куысты фæрцы æвзæрстытæ закъон æвæрынадмæ гæсгæ, æнæкъуылымпыйæ кæй ацæудзысты, уый мæ уырны, – загъта Габеты Зæлинæ.

Алагиры районы территорийыл æппæт æвзарæн кампани æнæлазæй ацæудзæн æви нæ, уый аразгæ уыдзæн æвзарæн къамисы ахадгæ куыс-
тæй.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here