Зындгонд адæймæгты нывтæ

0
87

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады нымæрдар Сергей Меняйлойы фæндонæй нæ республикæ æххæст кæны патриотон проект «Хъæбатырты цæсгæмттæ».

Ивгъуыд азы дæргъы проект куыд æххæст кодтой, «Иугонд Уæрæсе»-йæн æхсæнадон æххуысы штабы арæзт æмбырды архайджытæ ууыл æрныхас кодтой.

– Фарон нæ бæстæ сбæрæг кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы юбилей. Ацы цау нын нæ зæрдыл нæ адæмы сгуыхтдзинады тыххæй хабар æрлæууын кæны. Сергей Меняйлойы бардзырдмæ гæсгæ, ивгъуыд азы райдайæны æххæст кæнын райдыдтам патриотон проект «Хъæбатырты цæсгæмттæ». Бындурон цалцæгкæнынады программæмæ хаст скъолаты раззаг къултыл фæзындысты Советон Цæдисы Хъæбатыртæ Остъаты Алексей æмæ Хъараты Алыксандры, Уæрæсейы Хъæбатыртæ Александр Даниловы, Геннадий Трошевы, Александр Стыцинайы, Андрей Днепровскийы, национ хъæбатыр-сылгоймаг Баситы Чабæханы, таурæ-
гъон сгарæг Мамсыраты Хаджумар æмæ æндæрты нывтæ. Ахуыргæнæндæтты къултыл кæй нывтæ конд æрцæудзысты, скъолаты коллективтæ сæхæдæг равзæрс-той уыцы адæймæгты. Горæтты æмæ хъæуты æддаг уындмæ ивддзинæдтæ хæсгæйæ, мидисджын проект «Хъæбатырты цæсгæмттæ» патриотон хъомыладæн ахъаз кæны, – æмбырды ныхас кæнгæйæ, загъта нæ республикæйы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Отарты Георги.

Нæ республикæйы Арæзтады министрад амынд проект æххæст кæны политикон парти «Иугонд Уæрæсе» æмæ Ахуырады министрады æххуысæй. Партийы регионалон хайады нымæрдары хæдивæг Едзойты Марат куыд загъта, афтæмæй, проект æххæст кæныны куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстон бахастой бæстæйы хуыздæр регионты номхыгъдмæ.

– Ацы æнтыстдзинады тыххæй проекты æппæт архайджытæн: нывгæнджытæн, скъолаты администрацитæ æмæ арæзтадон кусæндæттæн – бузныг зæгъын. Пат-
риотон хъомылад æмæ историон номарæн бахъахъхъæныны хъуыддаг нымад сты «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæйы ахсджиагдæр къабæзтыл. Ацы аз проект дарддæр æнæмæнг æххæст кæндзыстæм. Нæ зæрды ис бындурон цалцæгкæнынады программæмæ хаст скъолаты раззаг къултыл афæдзы кæронмæ зындгонд адæймæгты ноджыдæр ма дыууын æхсæз нывы скæнын, – загъта Едзойы-фырт.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here