Коррупцийы ныхмæ тохы тыххæй федералон закъонæвæрынад куыд æххæстгонд цæуы, уый фæдыл цæстдарæн мадзæлттæ аразгæйæ, РЦИ-Аланийы Прокуратурæ 2025 азы рабæрæг кодта 2 мин алыхуызон æгъдаухæлдæй фылдæр.
Уыцы æууæл хынцгæйæ, цæстдарæг ведомствæ алыхуызон уынаффæтæ аивыны фæдыл сарæзта 352 прокуророн домæны, тæрхондонмæ та барвыста 63 курдиаты. Амынд æгъдаухæлдтыты тыххæй дисциплинарон æфхæрд баййæфтой 1,2 мин адæймаджы. Уыимæ, прокуророн цæстдарды æрмæджыты бындурыл сарæзтæуыд 13 уголовон хъуыддаджы.
Прокуратурæйы кусджыты архайды фæрцы бæрæггонд æгъдаухæлдтытæ иуварсгонд æрцыдысты. Æгъдаухалджытæй паддзахады пайдайæн байстой, йæ балхæныны бындуртæ æргом кæмæн нæ уыдысты, ахæм исбонад 51 милуан сомы аргъæй. Уымæй уæлдай, ахст æрцыд æгъдаухалджыты исбонад 21 милуан сомы аргъæй.
РЦИ-Аланийы
Прокуратурæйы
пресс-службæ














