Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Адæмон программæ æххæстгонд куыд цæуы, амынд партийы уæнгтæ æмæ бæстæйы Хицауады минæвæрттæ ууыл æрныхас кодтой.
Паддзахадон Думæйы партион фракцийы уæнгтæ æмæ Хицауады кусджытæ закъонæвæрынадон куысты бæрæггæнæнтæ дæр бавдыстой. Парламенты дæллаг палатæйы дзуапдæттæн доклад кæныны агъоммæ фракци «Иугонд Уæрæсе»-йы депутаттимæ хъуыддаджы фембæлды рæстæг премьер-министр Михаил Мишустин куыд загъта, афтæмæй федералон бюджет цæттæ кæныны хъуыддаг нымад у
иумæйаг закъонæвæрынадон куысты сæйраг æвдисæныл.
Ахсджиаг социалон къабæзтыл уæлæмхасæн 174 миллиард сомæй фылдæр бахардз кæныны фадат кæй фæрцы уыд, Хицауады Сæрдар сæрмагондæй бафиппайдта фракци «Иугонд Уæрæсе»-йы ахæм пайдайаг ахадындзинад (амынд къабæзтæм хауынц сывæллонджын бинонтæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архай-
джытæ æмæ сæ хиуæттæн æххуыс, скъолаты цалцæгкæнынад, наукон кусæндæтты инфраструктурæйы рацарæзт, газ бауадзыны куыст дарддæр æххæст кæныны хъуыддаг, фæндæгты арæзтад æмæ хъæууон территориты нывылкæнынад).
– Адæмон программæ æххæст кæнгæйæ, аразæм хæрх хъуыддæгтæ. Адæмы царды хæрзхъæддзинад нывыл кæнынæн цæттæ кæнæм ахъазгæнæг дæсгай медицинон кусæндæттæ, скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ. Регионты разамындимæ æнгом æмгуыст кæнæм æмæ, ахæм уагæй архайгæйæ, æххæстæй бавдисæм адæмы интерестæ, – загъта Хицауады Сæрдар.
Михаил Мишустины ныхасмæ гæсгæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты социалон хъахъхъæнынад чи фæуæрæх кодта, «Иугонд Уæрæсе»-йы фæндонæй сфидар кодтой цалдæр ахæм закъоны.
– Зæгъæм, бахъуаджы рæстæг сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинойнæгтæн ис уæлæмхасæн отпуск райсыны фадат. Хицауад æфсæддон службæгæнджытæн æфсæддон-медицинон экспертизæйы бынатмæ лæвар ацæуыны тыххæй уынаффæйыл дæр сразы. Æстдæс азы кæуыл сæххæст уа, æфсæддон службæгæнджыты уыцы цотæн льготæтæ фидаргонд æрцыдысты, æрбаздæхæг æфсæддонтæн та раттой дыккаг астæуккаг профессион ахуырад лæвар райсыны бар. Миграцион закъонæвæрынад нывылгонд æрцыд, – зæгъы Михаил Мишустин.
Адæмæн хостæ æнцонæй балхæныны фадат цæмæй уа, уый тыххæй бацæттæ кодтой цæугæ афтекон бынæтты куысты тыххæй закъоны проект. «Иугонд Уæрæсе»-йы фракцийы разамонæг Владимир Васильевы ныхасмæ гæсгæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинойнæгтæн æххуыс раздæрау нымад у куысты сæйраг къабазыл.
– Паддзахадон Думæ вазыгджын экономикон уавæрты сфидар кодта федералон бюджет. Схъæлæс ыл кодтой æртæсæдæ цыппор фараст депутаты. Бюджет кæй сфидар кодтам, уый дзурæг у, æхсæнад æмæ ныл Хицауад кæй æууæндынц, ууыл. Нæ хæс у ацы æууæнк фæфылдæр кæнын, — загъта Владимир Васильев.
«Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайады нымæрдар, нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, партийы Адæмон программæ æххæстгонд кæй цæуы, уый фæрцы адæмы царды хæрзхъæддзинад нывыл кæны.
– Адæмимæ бастдзинадыл æнцайæг программæ арæзт у ахсджиаг фарстатæ лыг кæнынмæ. Нæ республикæйы æхсæнадон территоритæ нывылгонд цæуынц, скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ аразæм æмæ сæ цалцæг кæнæм, инфраструктурон проекттæ æххæст кæнæм. Хъæуты Культурæйы хæдзæртты цалцæгкæнынад, посты хайæдты нывылкæнынад æмæ æрдзон газ цæрæнуæттæм бауадзыны фæдыл куыст хауынц партийы Адæмон программæмæ æмæ ацы хъуыддæгтæ æххæст кæнæм. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинойнæгтæн æххуыс нымад у нæ куысты хицæн къабазыл. «Иугонд Уæрæсе» сæрмагонд операцийы архайджытæн æмæ ног регионты цæрæг адæмæн цалдæр хатты гуманитарон æххуыс барвыс-та. Ацы куыст æнæмæнг дарддæр æххæст кæндзыстæм, – загъта Сергей Меняйло.
Санаты Альбинæ














