Социалон сидзæрдзинад ма ‘руадзыны фарстатæ кæм æвзæрстой, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ видеобастдзинады руаджы архайдта, Уæрæсейы Президенты цур Сывæллæтты барты æххæстбарджын Мария Львова-Белова цы æмбырд скодта, уым.
Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй Цæгат Ирыстоны уыд социалон сидзæрдзинад ма ‘руадзыны æппæт-уæрæсеон инспекци. Рахас-тæуыд уавæр фæхуыздæр кæныны амынддзинæдтæ, фарон сæ царды уагътой. Бинонтæ æмæ сабитæн æххуыс фæбæрæг иумæ-йаг уавæрыл, ведомствæты ‘хсæн æмбарындзинад фæфидардæр, æххуысы ног фадæттæ фæзындысты.
Социалон æгъдауæй сæ цотмæ хуызæнæн цы бинонтæ нæ кæсынц, сæхи раст чи нæ дары, уыдонимæ куыст цæуы, сабиты бинонтæм фæстæмæ баздæхтой. Ахæм социалон сидзæрдзинад 21,5 проценты фæкъаддæр, ныййарджытæм чи æрбаздæхт, уыцы сывæллæттæ та 66 проценты фылдæр фесты. Сывæллæтты бинонтæн фæстæмæ раттыны бæрæггæнæн ссис 88 проценты.
Сылгоймаг æмæ сывæллон хæдзары æфхæрд куы æййафой, уæд сæ бон у сæрмагонд центры æххуыс исын, ахæм комплексон центртæ сты 12. Специалисттæ бинонты змæс-тытæ банывыл кæныныл архайынц. Уæлдай æргом здахынц бынтон къаннæг сабитæм, нырмæ уал æркастысты 34 цаумæ, сæ бон у сабийы паддзахады æвджид бакæнын. Федералон æххуысы мадзæлттæй уæлдай, Ирыстоны фæзынд хи авналæнтæ дæр. Фæзынд лæвар социалон лæггæдты тыххæй закъоны проект, уымæ гæсгæ, сывæллæттæ чи райста кæнæ уæззау царды уавæрты чи бахауд, уыдонæн æххуыс кæнынц.
Специалистты ахуыр кæнынц сæ дæсныйады æппæт сусæгдзинæдтыл. Фарон ахæм курсытæ фесты 160 специалисты. Æппæт уыцы нысантæ дарддæр дæр æххæстгонд цæудзыс-ты 2026-2030 азты. Тыхст-дзинæдтæ рагацау кæй рабæрæг кæнын хъæуы, уый æмбарынц бæрнон социалон кусджытæ, сывæллæтты бартæм сты къæрцхъус. РЦИ-Аланийы цур Сывæллæтты барты æххæстбарджын Плиты Тамарæ
радзырдта, уæззау социалон уавæрæй сывæллæтты куы ракæнынц, цавæр
æххуыс сын бакæнынц, бинонты ‘хсæн цы быцæутæ ‘рцæуы, уыдон куыд нывыл кæнынц, уыдæтты тыххæй.
Рæгъмæ рахастæуыд фондз сывæллоны хъысмæт, сæ мад тæрхондонмæ балæвæрдта йæ цоты фæстæмæ хæдзармæ æркæныны курдиат. Тæрхондон сразы ис мадимæ, æмæ ныртæккæ иумæ цæрынц. Фæлæ уæддæр бинонтæм Сывæллæтты барты æххæстбарджын йæ цæст дары.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ














