Абхазаг театры гастрольтæ Ирыстоны

0
84

Æртæ боны Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры
цæуынц Республикæ Абхазы Самсон Чанбайы номыл паддзахадон драмон театры гастрольтæ. Хæлардзинады  тæгтæ рагæй бæттынц  дыууæ æфсымæрон республикæйы культурæ. Ирыстоны номæй уазджытæн зæрдæбын арфæ ракодта республикæйы культурæйы министр Гуыдиаты Батрадз.

– Нæ культурон бастдзинæдтæ абонæй не сты, арфæ кæнын Абхазы театры сфæлдыстадон къордæн, фыццаг аз нæ цæуынц дыууæрдæм гастрольтæ. Фæрсырдыгæй кæсгæйæ, æхсæнадæмон æмгуыстады фæдыл арæзт сты, фæлæ
Ирыстоны сымах уазджытæ не стут, цыма уæхимæ стут, афтæ æнкъарут уæхи. Раст афтæ фенкъарынц сæхи Ирон театры артисттæ дæр абхазаг сценæйы, – йæ раныхасы бафиппайдта Батрадз æмæ Цæгат Ирыстоны Культурæйы министрады Кады гæххæттытæ ратта Абхазы драмон театры генералон директор, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ Хибла Мукбайæн, театры режиссер-æвæрæг Мадина Аргун æмæ Абхазы адæмон артист Хагба Кесоуæн.

Ног театралон сезон уазджытæн юбилейон у, сæ гастролон цард райдыдтой нæ республикæйæ.

– Абон махæн уæлдай ахсджиаг бон у. Нæ театры номæй мæ фæнды раарфæ кæнын Ирон театры коллективæн, уæлдай буц нæ кæнынц. Цæгат Ирыстон æмæ Абхазы
театрты ‘хсæн хæлардзинад ныхасæй нæу, фæлæ арф, æнæхин, рæстæджы цыды чи нæ бамынæг, ахæм ахастдзинæдтæй. Абоны гастрольтæ сты æвдисæн, нæ хæлардзинад фидардæр кæй кæны, уымæн. Арфæ кæнын театрæн, уæлдайдæр – йæ аивадон разамонæг Уалыты Гивийæн, ногæй та таурæгъон сценæйы кæй лæууæм, уый тыххæй. Ацы аз нæ театрæн юбилейон у, æххæст ыл кæны 95 азы. Нæ юбилейон аз Ирыстонмæ гастрольтæй кæй райдыдтам, уый уæлдай æхсызгон у махæн. Бузныг зæгъын дыууæ республикæйы культурæйы министрадтæн, гастрольты цæуын нæ рæстæджы æнцон хъуыддаг нæу. Кæд дард стæм, уæддæр уæ циныл цин кæнæм, уæ хъыгыл – хъыг, – залы бадджыты зæрдæтæ йæ зæгъинæгтæй балхæдта Хибла Мукба æмæ театрæн балæвар кодта абхазаг театры нывгæнæджы куыст.

Спектаклы агъоммæ Абхазы æмæ Ирон театры разамонджытæ сарæзтой фембæлд республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн, бæстон радзырдтой, дыууæрдæм гастрольтæ стыр ахъаз кæй сты бастдзинæдтæ фидардæр кæнынæн. Театры аивадон разамонæг Уалыты Гиви фехъусын кодта, ацы аз сентябры кæй фæнд кæнынц дзуаппон гастрольты ацæуын Сухуммæ. Цавæр спектакльтæ æвдисдзысты абхазаг сценæйы, уый бæрæг нæма у. Æртæ спектаклы æрласта Абхазы театр –трагеди Федерико Гарсиа Лоркайы фæстаг пьесæмæ гæсгæ спектакль «Дом Бернарды Альбы», Евгений Шварцы аргъаумæ гæсгæ æвæрд спектакль, комеди «Голый Король» æмæ Алексей Гогуайы роман «Большой снег»-мæ гæсгæ æвæрд драмæ «Асцу». Абон, гастрольты фæстаг бон, театрдзауты тæрхонмæ рахæсдзысты, абхазаг адæмы уæззаудæр заман – 1911 азы тыхджын митуарды рæстæг, зындзинæдты сæрты ахизгæйæ, сæ ныфс кæй нæ асаст æмæ кæй бахъахъхъæдтой сæ традицитæ, культурæ æмæ зонд-ахаст.

– Национ театртæ кæрæдзийы хуызæн сты, нæ дыууæ адæмты рис æмæ дзы хъыг æвдисæг сты. Кæй æрластой, уыцы спектакльтæ хуыздæртыл нымад сты, алы театр дæр архайы, цæмæй арф фæд ныууадза театрдзауты зæрдæты се сфæлдыс-тад. Цымыдисæй æнхъæлмæ кæсæм, æмбæрзæн кæд байгом уыдзæн, уымæ, – загъта Ирон театры разамонæг Уалыты Гиви.

Спектакль «Дом Бернарды Альбы»- йы фæстæ нæ уацхæссæг ныхас кодта, чи йæм каст, уыдонимæ. Айстой йæ: актерты хъазт, режиссер- æвæрæджы, нывгæнæджы, спектаклы музыкалон фæлыст – æппæтæй дæр разыйæ баззадысты. Æмдзыхæй, цыма ныхас бакодтой, афтæ загътой, ног фембæлдмæ кæй æнхъæлмæ кæсдзысты.

 

ХУЫБИАТЫ Ларисæ, авторы ист къамтæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here