«Бавари» – «ПродЭкспо»-йы

0
81

Мæскуыйы облæсты йæ куыст райдыдта хойраджы, нуазинæгты, кондадæн хъæугæ хомаджы «ПродЭкспо-2026»-ы дунеон равдыст. Уырдæм йæ продукци рахаста бæгæныфыцæн компаниты хæдзар «Бавари» дæр.

Куыддæр равдыст йæ куыст райдыдта, афтæ «Бавари»-йы бынатмæ цæуын райдыдтой уазджытæ, равдысты архайджытæ. «Бавари» ахсы стыр æртæ павильоны, стенд ис бæрæг бынаты. Уайтагъд æй цæст рацахсы, уæлдай æргом здахы стыр бæрцуат, авг – ис дзы ног нуазинаг –  Gallagher – бирæтæ сæ къамтæ йæ цуры исынц. Цы ног продукци нæм ис, уымæй уæлдай, немæ райстам нæ рагон классикон нуазинæгтæ, уазджытæ сæ фæлвæрдтой. Нæ павильонтæ бæрæг дарынц уазæгуарзондзинадæй», – зæгъынц компанийы уæнгтæ.

Дунейы 35 бæстæйы ардæм æрбаластой сæ уагъд продукци, уымæй уæлдай, уæрæсейаг регионтæ 48-æй, ис дзы 13 национ экспозицийы. Ацы равдыстыты «Бавари» архайы алы аз дæр, фадат ын вæййы йæ  гæнæнтæ æмæ авналæнтæ рæгъмæ рахæссынæн. Компанийы разамынд ныхас кæнынц фыдæбæстаг æмæ фæсарæйнаг дистрибьютортимæ, фæнды сæ æмгуыстады фадæттæ фæпарахатдæр кæнын.

«ПродЭкспо» ныр кæнынц 33-æм хатт.

 

Кочиты Альбинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here