Не ’мтуг адæмæн Уæрæсейы алы регионты цы æхсæнадон иугæндтæ ис, уыдонæй иу у Тæтæры республикæйы ирон национ-культурон центр «Ирыстон». Хъазан æмæ регионы иннæ районты цæрæг ирæттæ аккаг бавæрæн хæссынц республикæйы райрæзтмæ, зæрдиагæй архайынц æхсæнады царды, иппæрд не сты ахадгæ культурон, хæрзаудæн æмæ æндæр ахæм дзыллон мадзæлттæй дæр…
«Ирыстон»-ы уæнгтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй нырмæ къæрцхъус сты, Фыдыбæстæйы сабырдзинад æмæ æдасдзинады сæраппонд тохы чи балæууыд, уыцы службæгæнджытæ æмæ бархионтæн æххуысы фарстатæм. Æхсæнады минæвæрттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ арвыстой гуманитарон уæзæгтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлммæ…
Æрæджы дæр та центр «Ирыстон»-ы уæнгтæ сæ сæрдар Цомайты Валерийы разамындæй самал кодтой хæсты быдыры хъæугæ техникон фæрæзтæ æмæ сæ бакодтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы чи службæ кæны, уыцы службæгæнджыты бæрны. Ирон æхсæнады минæвæртты фæндонæй хæстон ифтонггæрзтæ раттой горæттæ Хъазан æмæ Набережные Челныйы «ОМОН»-тæ æмæ Сæрмагонд оперативон нысаниуæджы мæздæггаг полкъæн.
«Æфсæддонтæм ахæм хæстон ифтонггæрзтæ фæхæццæ кæныны хъуыддаджы зæрдиагæй архайдта не ’мзæххон Дзестелты Батрадз (йæхæдæг дæр у тыхы структурæйы службæгæнæг). Нæ иугонды уæнгтæн ахæм акцитæ фæткон сты, æппæт фадæттæй дæр архайæм сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлммæ гуманитарон æххуыс æрвитыны акциты», – радзырдта нын Цомайы-фырт.
Ацы бонты та «Ирыстон»-ы разамонæджы номыл арфæйы фыстæг сæмбæлд Уæрæсейы Национ гвардийы мæздæггаг полчъы командæгæнынадæй. Æфсæддонтæ ирон диаспорæйы уæнгтæн зæрдиаг бузныг загътой, иудадзыгдæр сыл кæй баузæлынц, техникон ифтонггæрзтæ æмæ æндæр гуманитарон æххуысæй сæм кæй фæкæсынц, уый тыххæй…
КАЛМАНТЫ Аслан














