Кавказаг инвестицион форум: цæттæдзинады бæрзонд къæпхæн

0
52

Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаровы руаджы цы æмбырд сарæзтæуыд, уым видеоконференцийы бастдзинады фæрцы Цæгат Ирыстонæй архайдта республикæйы премьер-министр Дзанайты Барис. Ныхасы архайджытæ æркастысты Кавказаг инвестицион форуммæ цæттæдзинады фарстатæм.

Профилон ведомствæты минæвæрттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй Цæгат Кавказы ахсджиагдæр экономикон форуммæ цæттæгæнæн куыст рапарахат. Федералон зылды регионтæ æмæ профилон ведомствæтæ дарддæр бæлвырд кæнынц форумы куысты фæтк æмæ йæ архайджыты номхыгъдтæ…

Дзанайты Барис йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй респуб-
ликæ стыр æргом здахы инвестицион форуммæ аккаг хуызы бацæттæ кæныны фарстатæм. Регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйло хицаудзинады  оргæнты размæ сæвæрдта бæлвырд нысантæ, цæмæй амынд дунеон равдысты Цæгат Ирыстоны экономикон, инвестицион æмæ культурон хъомыс æппæтвæрсыгæй æвдыст æрцæуа.

– Абоны онг форуммæ цæттæдзинады организацион фарстаты иу хай лыггонд æрцыд. Фыццаджы-фыццагдæр, фидаргонд æрцыд, равдысты чи архайдзæн, уыцы
республикон делегацийы номхыгъд (йе сконды сты хицаудзинады оргæнтæ æмæ амалхъомадон-куыстадон компанитæ æмæ æндæр структурæты минæвæрттæ). Ныридæгæн цæттæ у Цæгат Ирыстоны экспозицийы макет. Республикæйы стендыл сæ бынат ссардзысты регионы ахсджиагдæр инвестицион-экономикон проекттæ. Уымæй уæлдай, рагагъоммæ бæлвырдгонд цæуы, республикæ æмархайды бадзырдтæ кæимæ бафысдзæн, уыцы паддзахадон структурæтæ æмæ амалхъомадон компаниты номхыгъд, – бафиппайдта Дзанайы-фырт.

Хицауады Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, хъæздыг уыдзæн форумы культурон-рухстауæн æмæ спортивон программæ дæр. Уый зæрдыл даргæйæ, республикæйы профилон ведомствæтæ сбæлвырд кодтой, культурæ æмæ спорты минæвæрттæй форумы чи архайдзæн, уыдоны номхыгъдтæ дæр.

Ахæм фæткы бындурыл архайд цæуы æппæт организацион фарстатыл дæр.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Кавказаг инвестицион форум ацы хатт цæудзæн 28-30 апрелы горæт Минеральные Водыйы. Уæрæсейы Президент Владимир Путины хъæппæрисæй цы форум арæзт цæуы, ууыл бакуыстой фонд «Росконгресс», Уæрæсейы Экономикон рæзты министрад æмæ Стъараполы крайы Хицауад.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг æмæ
Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here