Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы цы кадджын æмбырд сарæзтæуыд, уымæй Цæгат Ирыстоны байгом кодтой Скъолайы агъоммæ ахуырады азы мадзæлттæ.
Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты администрацийы пресс-службæ.
Æмбырды архайæг уыдысты РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Батырты Аслан, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Дзоблаты Зураб, муниципалитеты структурон дæлхайæдты бæрнон кусджытæ, сывæллæтты рæвдауæндæтты разамонджытæ æмæ специалисттæ, æхсæнадон организацитæ æмæ рæзгæ фæлтæры минæвæрттæ.
Фембæлды архайджытæн арфæ ракæнгæйæ, Дзоблаты Зураб куыд фæнысан кодта, афтæмæй Скъолайы агъоммæ ахуырады азы кадæн горæты администраци бацæттæ кодта алыхуызон проекттæ æмæ мадзæлтты пълан. Уыдонæн сæ сæйрагдæр нысан у ахъаз кæнын скъолайы агъоммæ ахуырады къабазы дарддæры райрæзтæн: хъомыладон кусæндæтты архайд хъомысджындæр кæнын, педагогтæ æмæ иннæ специалистты куыстæн зæрдæзæгъгæ уавæртæ аразын æмæ афтæ дарддæр.
Скъолайы агъоммæ ахуырады къабазы бирæазон зæрдиаг фæллойы тыххæй Кады гæххæттытæ æмæ Арфæйы фыстæ-
джытæй хорзæхджын æрцыдысты фæлтæрдджындæр хъомылгæнджытæ æмæ иннæ специалисттæ, стæй профессион дæсныдзинады конкурс «Азы ахуыргæнæг»-ы муниципалон къæпхæны уæлахиздзаутæ номинаци «Азы хъомылгæнæг»-ы уæлахиздзаутæ…
Бæрæгбон сæ аивадæй срæсугъд кодтой сфæлдыстадон коллективтæ æмæ хицæн артисттæ.
Зæгъын хъæуы, 2026 азы Скъолайы агъоммæ ахуырады аз расидыны тыххæй уынаффæ Уæрæсейы Федерацийы Рухсады министрад кæй рахаста, уый тыххæй дæр.
Дмитрий АСТАХОВ














