Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры мидисджын, нуарджын æмæ хъæздыг сфæлдыстадон азфысты йæ ном зæрин дамгъæтæй цы артисттæн фыст æрцыд, аивадуарзджыты бирæ фæлтæртæ абон дæр зæрдæрухсæн æмæ æхсызгонæн кæй ном мысынц, уый у театр æмæ кинойы номдзыд актрисæ, ЦИАССР-йы æмæ УСФСР-йы адæмон артисткæ Хъæрджынты Савелийы чызг Варварæ.
Йæ алы рацыд дæр профессионалон театры сценæмæ уыд аивадуарзджыты бирæ фæлтæртæн стыр бæрæгбонау цин æмæ амондхæссæг. Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæ Варварæйы театры аивадæн раттой нæ дзыллæйæн, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд рæдыд нæ уыдзæн.
Фидæны номдзыд актрисæ райгуырд 1908 азы 28 декабры Цæгат Ирыстоны Садоны поселочы. Йæ фыд Хъæрджынты Савели уыд йæ рæстæджы ахуыргонддæр æмæ размæдзыддæр лæгтæй иу. Æнтыстджынæй каст фæци Æрыдоны дины семинар æмæ Харьковы паддзахадон университеты медицинон факультет. Ахуыр, чиныг уарзын æмæ адæмы æхсæн æгъдау æмæ уагыл цæрыны æмбарынад бауагъта йæ цоты, семæ та Варварæйы зонды æмæ зæрдæйы. Варварæйы мад Ханысиат дæр уыд ирон æгъдау æмæ намысыл æнувыд, æрдзон æмæ ахуыры зондæй хайджын сылгоймаг.
Хæрзæвзонг ма уыд Варварæ, уæд Садоны поселокæй рацыд Дзæуджыхъæумæ. Ам Уырыссаг театры (ныры Евгений Вахтанговы номыл академион театр) федта номдзыд уырыссаг поэт Александр Пушкины аргъæуттæм гæсгæ æвæрд спектакль. Сæхимæ куы ныццыд, уæд ыл хуыссæг нал хæцыд. Зæрдиагæй йæ бафæндыд йæ хæлар чызджытимæ хихъæппæрисадон театр саразын. Уымæн æм уæлæдарæсæй æмæ æндæр хъæугæ æрмæгæй фæкаст Ханысиат. Варварæ æмæ йе ‘мбæлттæ Хъæрджынты хæдзары (уый сын уыд сæ театры зал) цы сфæлдыстадон фæлтæрæнтæ кодтой, уыдоныл сыхы æмæ садойнæгтæ зæрдиагæй æмбæлдысты. Афтæ Варварæйы фыццаг сфæлдыстадон æнтыст зæрдæагайгæ рауад.
Рæстæг цыд. Варварæ куыд хъомыл кодта, афтæ йæ уд æмæ зæрдæйы тынгæй-тынгдæр сыгъд театралон аивадмæ æгæрон уарзты цæхæркалгæ арт. 1922 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы 5-æм скъоламæ. Ахуырæй уæлдай дзы йæхæдæг сарæзта скъоладзауты драмон къорд. Ахуыр ма кодта, афтæмæй Ирыстоны фыццаг профессионалон артист, режиссер, ЦИАССР-йы аивæдты сгуыхт архайæг Тотраты Бесæйы разамындæй Дзæуджыхъæуы байгом сты драмон аивады æхсæзмæйон курсытæ. Варварæ дзы зæрдиагæй ахуыр кæнын райдыдта. Бесæйы руаджы фæхæстæгдæр уд æмæ зæрдæйæ профессионалон театрмæ. Уый тыххæй дзы уыд арфæгонд æмæ бузныг йæ царды кæронмæ.
Варварæ скъола каст куы фæци, уæд кусын райдыдта Садон, Мызур, Уынал æмæ Ходы хъæуты ахуыргæнæгæй. Йæ рухстауæн куыстæй уæлдай зæрдиагæй архайдта Садоны æрзæткъахæнты кусæг фæсивæдæй арæзт драмон къорды. Садоны æмæ хæстæг хъæуты цæрджытæ кæд уыцы равдыстытæм æхсызгонæй кастысты, уæддæр сæ кæйдæрты нæ фæндыд, цæмæй Варварæ профессионалон артисткæ суа, уый. Фæлæ сын Ханысиат иуахæмы афтæ: «Мæ чызг йæ зæрдæ дæтты театры аивадæн æмæ йæ хъыгдарын нæ хъæуы».
Стыр сценикон курдиаты хицау Хъæрджынты Варварæйы фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæн хорз æххуысгæнæг æмæ йæ разæнгардгæнæг, Тотраты Бесæйæ уæлдай, уыд номдзыд ирон поэт æмæ ахуыргонд, прозаик æмæ драматург Дзанайты Иван (Нигер). Уый йын бæстондæр æргом кодта уырыссаг æмæ дунеон драматургийы, поэзи æмæ прозæйы сусæгдзинæдтæ. Арæх ныхас кодта йемæ стыр уырыссаг артистты сфæлдыстадыл æмæ курдиаты æрмдзæфыл.
1931 азы Мæскуымæ Центрон театралон аивады паддзахадон институтмæ (ГИТИС) æрвыстой ахуыр кæнынмæ æрыгон курдиатджын чызджыты æмæ лæппуты. Варварæйæн йæ бинонты бæлвырд уавæртæ нæ бæстæйы сæйраг горæты ахуыр кæныны фадат нæ раттой. Фæлæ нæ фæтыхст. Ахуыр кæнын райдыдта Дзæуджыхъæуы Уырыссаг драмон театры цур студийы. Ам ын чысыл рольтимæ æмæ адæмон сценæты спектакльты архайынæн уыд гæнæнтæ.
Ирон драмон театры æмбæрзæн фыццаг хатт куы байгом, уæд Варварæйы цинæн кæрон нæ уыд. Чысыл рæстæджы фæстæ йæ райстой Ирон паддзахадон драмон театры æххуысгæнæг къордмæ. Цыбыр рæстæгмæ дзы йæ курдиат зæринхурау сæрттывта. Йæ бар ын-иу кодтой куыд комедион, афтæ трагедион рольтæ дæр. Йæ фыццаг рацыд Ирон драмон театры сценæмæ уыд Александр Островскийы «Æрвнæрд»-ы Кабанихайы фæлгонцы. Уый уыд йæ фыццаг стыр æнтыст. Хиуыл фервæссыны æфсон ын нæ фæци! Островскийы пьесæтæм гæсгæ æвæрд спектакльты «Æнаххосæй аххосджынтæ»-йы æмæ «Бесприданница»-йы сарæзта Галчихæйы æмæ Огудаловайы сурæттæ. Уый фæстæ йын бахæс кодтой Максим Горькийы пьесæ «Васса Железнова»-йы сæйраг архайæг Васса Железновайы сурæт. Ам дæр йæ уд æмæ зæрдæйы сфæлдыстадон цæхæр тæмæн скалдта.
Номдзыд актрисæйæн йæ уд æмæ зæрдæйы фидар æмæ арф бынат скодтой ирондзинад, фыдæлты фарн æмæ æгъдау, намыс. Уыдонимæ йæ зонд æмæ мидхъарутæ лæвæрдта стыр уырыссаг культурæ æмæ нæ бæстæйы мидуаг бæлвырд базонынмæ, Рох дзы нæ уыд дунейы литературæ æмæ аивад дæр. Ирон театрдзауты размæ сæйраг æмæ фæрсаг архайджыты фæлгонцы руаджы стыр уырыссаг, хи ирон æмæ дунейы уæрæх æмæ мидисджын культурæ хаста. Ирон профессионалон театры дæснытæй Варварæйæн уыцы æппæт хорзæхты руаджы бантыст сæдæгай театрдзауты зæрдæты хуымæтæг цæхæрфæд нæ, фæлæ æрдхæрæны сценикон курдиаты æвдисæн фæд ныууадзын. Варварæйæн йæ алы фæлгонц дæр уыд ирон профессионалон театралон аивады æхсызгон цау, æнтыст æмæ хæзна – фæзынд. Æркæсæм дарддæр йæ сценикон фæлгонцты бирæвæрсыг æмæ сфæлдыстадон уагæй мидисджын номхыгъдмæ: Туаты Дауыты «Сидзæргæс» – Нуца, Акакий Цагарели «Ханума»-йы – Ханума, Уруймæгты Езетханы «Знæгтæ»-йы – Сæниат, Мамсыраты Дæбейы «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы – Госæма, Вильям Шекспиры «Къарол Лир »-ы – Гонерилья, Виктор Гусевы «Намыс»-ы – Мотылькова, Александр Островскийы «Митын чызг»-ы – Бобылиха, Фридрих Шиллеры «Мария Стюарт»-ы – Елизаветæ, Токаты Асæхы «Базырджынтæ» – Дзыллæ…
Ацы æмæ бирæ æндæр рольты иу æмæ дыууæ хатты нæ рахызт сценæмæ Хъæрджынты курдиатджын актрисæ Варварæ. Йæ алы фæзынды дæр уыд ныфс, театрдзауты алы фæлтæртæм дæр æгæрон æмæ сыгъдæг уарзт. Ахæм стыр уарзæгой ахаст уыд аивадуарзджытæй Варварæмæ. Никуы сæ ницæмæй фæсайдта, никуы сæ никæй фæхъулон кодта йæ бирæазон сценикон архайды. Буцæн æй «Нæхи Варя» дæр уымæн хуыдтой зæрдæхæлар æмæ хионхуызæй. Туаты Дауыты пьесæ «Пæсæйы фæндон»-ы Варварæ сарæзта хъæлдзæг, дамдумгæнаг сылгоймаг Мысырханы сурæт. Йæ фæлгонцы театры сценæмæ рахызт 400 хаттæй фылдæр! Æмæ-иу Мысырханы алы фæзынд дæр аивадуарзджытæн æрхаста ног æмæ ног цин, ног æмæ ног рухс æмæ æхсызгон æнкъарæнтæ.
Одессæйы æмæ Цæгат Кавказы киноисæн студи цы аивадон кинонывтæ иста, уыдонæй дæр цалдæры «Прощайте, коза и велосипед», (Марикъо), «Шарф любимой», (Хабиба) «За твою судьбу» (Шаниат) курдиатджын актрисæ Хъæрджынты Варварæ сарæзта сæйраг фæлгонцтæ.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæззау азты Варварæ, куыд Ирон драмон театры бирæ актертæ æмæ режиссертæ, техникон кусджытæ, афтæ зæрдиагæй архайдта фронты фæсчъылдымы. Зæрдиагæй æмбæлд заводты æмæ фабрикæты фæллойгæнджытимæ. Дзырдта сын æхсызгонæй йæ цард æмæ бирæвæрсыг сценикон æнтыстыты тыххæй. Ирон паддзахадон драмон театры цур цы скъола-студи уыд, уым дæр æхсызгонæй куыста суинаг артисттимæ, амыдта сын артисты сфæлдыстадон куысты сусæгдзинæдтæ. 1960 азы Мæскуыйы уыд Ирон аивад æмæ литературæйы декадæ. Уым дæр Варварæйы стыр сценикон курдиатæн аккаг аргъ скодтой нæ бæстæйы аивады дæснытæ æмæ театрдзауты сæдæгай фæлтæртæ. Лæвæрд æн æрцыд УСФСР-йы адæмон артисткæйы кадджын ном. Орден «Кады нысан», Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг 1941-1945 азты хъазуатон фæллойы тыххæй», «Кавказ бахъахъхъæныны тыххæй» майдантæ.
Йæ рæстæджы номдзыд режиссер, Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæ Брытъиаты Зариффæ афтæ загъта Хъæрджынты Варварæйы сценикон курдиаты тыххæй дзургæйæ: «Варвара Каргинова –гениальная актриса, но ее большой сценический талант не достаточно исследован и не достаточно оценен. Этот пробел нужно исправлять». Раст уыдысты Зариффæйы ацы хъуыдытæ. Хæрзгæнæг хорз хъуамæ йæ афоныл ссара. Фæлæ, фыдæлты æмбисондау, æрæджиауы хорзæх дæр хорзæх у. Æмæ йæ Варварæ дæр ары аивадуарзджыты алы фæлтæрты уарзæгой ахастæй, Хъæрджынты мыггагæй æмæ æхсæнады минæвæрттæй.
Номдзыд актрисæ Хъæрджынты Варварæ йæ цардæй ахицæн 1975 азы 10 ноябры. Зæрдæйы стыр хъыг æмæ кадимæ йæ бавæрдтой Дзæуджыхъæуы Караван сарайы уæлмæрды. Æрæджы Хъæрджынты мыггаджы хистæр Дзамболат равдыста арфæйаг хъæппæрис. Ногæй базылд æмæ саив кодта Варварæйы æнусон бынат. Дзæуджыхъæуы 1930-1975 азмæ йæ номдзыд æрвад — артисткæ цы хæдзары цард (Дзанайты Иваны номыл уынджы) уым 18-æм хæдзары къулыл кадджын уавæры 15 сентябры (дыццæджы) Варварæ æмæ йæ фыд Савелийæн байгом кодтой мемориалон фæйнæг.
Æрæджы та ма зындгонд этнограф, рухстауæг, дохтыр æмæ æхсæнадон архайæг Хъæрджынты Савелийæн æмæ йæ чызг, номдзыд актрисæ Варварæйæн сæ фыдæлты уæзæг Уæллаг Мызуры, Хъæрджынты Дзамболаты æхцайы фæрæзтæй, æвæрд æрцыд иумæйаг аив цыртдзæвæн.
Гасанты Валери














