РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис архайдта Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады минæвæрттимæ, районты разамонджытæ æмæ аразæг куыстуæтты хицæуттимæ æмбырды. Рæгъмæ рахастой цæрджыты кæлæддзаг хæдзæрттæй раивыны фарстатæ.
Ныртæккæ программæйы архайынц Дыгуры, Мæздæджы, Рахизфарсы районтæ æмæ Дзæуджыхъæу. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн куыд радзырдта, афтæмæй 2019 азæй раивинаг уыдысты бирæфатерон 43 хæдзары, цæрынц дзы 1207 адæймаджы. Ныртæккæ уал 627 адæймаджы ног фатертæ райстой. Фарон республикон бæрæггæнæн уыд 107 проценты.
«Ацы аз хъуамæ ног фатертæм баивæм 580 цæрæджы. Программæйæн ис социалон ахадындзинад, адæмæн ахсджиаг у. Фарста вазыгджын у, йæ цæст æм æппынæдзух дары РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг. Æппæт куыстытæ скæнын хъæуы хæрзхъæдæй æмæ афойнадыл. Фарстамæ аздахын хъæуы стыр æргом», — фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.
Цæгат Ирыстон царды уадзы национ проект, уымæ гæсгæ хъуамæ кæлæддзаг хæдзæрттæй цæрджытæ раивой ног фатертæм. Проекты бындурыл сарæзтой республикон программæ, конд у 2019 азæй 2023 азмæ.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ














