Уыдис Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды цур Æхсæнадон советы ацы азы дыккаг æмбырд. Михаил Шаталовы разамындæй советы уæнгтæ æрдзырдтой горæты царды ахсджиаг фарстаты иу къордыл. Уыимæ, сæрмагонд æргом аздæхтæуыд, раздæры æмбырдты Æхсæнадон совет цы уынаффæтæ рахаста, уыдон царды рауадзынмæ дæр.
Зæгъæм, æрæджы советы уæнгтæ æрдзырдтой Дзæуджыхъæуы фæндагон хæдзарады нывылад æмæ горæты цæрджытæн транспортон лæггæдтæ кæныны фарстатыл. Уæд æхсæнады минæвæрттæ рæгъмæ рахастой, бынæттон цæрджыты цы фарстатæ тыхсын кæны, уыдон: сæйрагдæр æмæ фæрсыл уынгты фæлгонцад æмæ цалцæг, трамвайтæ æмæ æндæр æхсæнадон транспорты куысты фæтк æмæ афтæ дарддæр.
Уæд советы уæнгтæ горæты администраци æмæ структурон дæлхайæдты разамонджытæн бахастой бæлвырд фæндæттæ, уыимæ, сæрмагондæй сæм фæсидтысты, цæмæй горæты цæрджыты хъуыдытæ бæстондæр хыгъд цæуой, фæндæгты цалцæг æмæ æхсæнадон транспорты куысты графиктæ аразгæйæ.
Æмæ ныр администрацийы бæрнон кусджытæ дзуапп лæвæрдтой Æхсæнадон советы раз. Ныхасы архайдтой Дзæуджыхъæуы администрацийы фæлгонцад æмæ цъæхвæлысты управленийы хицау Махъоты Руслан, фæндагон арæзтад æмæ фæндагон змæлды организацийы управленийы хицау Гæтциты Артем, транспорты управленийы хайады хицау Перисаты Алан æмæ иннæтæ.
Æмбырды архайджытæ куыд баныхас кодтой, афтæмæй административон оргæнтæ æмæ Æхсæнадон совет се ‘мгуыстад фенгомдæр кæндзысты. Иумæйаг архайды пъланмæ уал ныридæгæн бахастой горæты уынгты 46 уадздзаджы цалцæгмæ, бæлвырд кæртыты тротуартæ аразынмæ, рагагъоммæ нысангонд фæндæгты былгæрæттыл уынгты цырæгътæ æмæ уæлдай зæрдæхсайгæдæр бынæтты ног светофортæ æвæрынмæ цæстдард … Уыимæ, ацы фарстатæм фылдæр æргом раздахдзæн Паддзахадон автоинспекцийы муниципалон хайад дæр.
Дарддæр æмбырды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой горæты уæлмæрдты фæлгонцад æмæ санитарон сыгъдæгдзинады фарстамæ. Хъуыддаг рæгъмæ рахæссыны размæ советы сæрмагонд къамисы уæнгтæ æрзылдысты горæты æппæт уæлмæрдтыл дæр, бæстон сын раиртæстой сæ уавæр. Æппæт уыдæттыл уыд йæ раныхас советы сæрдары фыццаг хæдивæг Æмбалты Барисæн.
Къамисы уæнгтæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй æппæты фылдæр фиппаинæгтæ ис уæлмæрдты сыгъдæгдзинадмæ. «Уæлмæрдты кусджытæн уæзласæн техникæ фаг кæй нæй, уый аххосæй бырæттæ бамбырд вæййынц. Уыимæ, горæты цæрджытæй бирæтæ сæ хиуæтты ингæнтæм куыдфæндыйы цæстæй акастысты, нæ сæм зилынц», — фæбæрæг кодтой раныхасгæнджытæ.
Уавæр банывыл кæныны фæдыл сæ хъуыдытæ загътой горæты администрацийы фæлгонцад æмæ цъæхвæлысты управленийы хицауы хæдивæг Кочиты Георги, горæты уæлмæрдты куыстуаты хицау Гæджиты Геннади æмæ иннæтæ.
Фарстайыл бæстон æрдзургæйæ, советы уæнгтæ бæлвырд фæндæттæ бахастой уавæр банывыл кæныны фæдыл.
Æхсæнадон советы æмбырды архайджытæ æркастысты горæты царды æндæр ахсджиаг фарстатæм дæр.
Хъайтыхъты Тамарæ,
Æхсæнадон советы
координатор














