«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонды цæгатирыстойнаг хайадмæ дыууæ аз æмæ фондз мæймæ æрхатыдысты 20 мин хаттæй фылдæр. Уыдонæй 19 мин курдиатæн рахастой раст уынаффæтæ, иннæтыл куыст цæуы.
Фонды бæрны сты сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ, архайджытæ, сæ бинонтæ, æдæппæтæй 5 мин адæймагæй фылдæр. Ацы ран сæ бон у юридикон консультацитæ райсын, хи сдзæбæх кæныны, низы фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл æххуыс, документтæ саразын, куысты бынæттæ ссарын, цæрыны фадæттыл фæцалх уæвын æмæ æндæр фарстатæ алыг кæнын.
Уымæй уæлдай ма социалон координатортæ хонынц алыхуызон культурон, спортивон, хиирхæфсæн мадзæлтты бацархайынмæ. Фонды кусы комкоммæ бастдзинады телефон: 8(8672) 54-88-89, специалисттæ зæрдиаг дзуапп ратдзысты æппæт фарстытæн. «Фыдыбæс-тæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонды цæгатирыстойнаг хайады кусджытæ æппæт гæнæнтæй бацархайдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты, ветеранты, сæ бинонты лыггæнинаг фарстатыл.
«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæ














