Барадон фæтк хъахъхъæнынæн

0
87
A picture shows a surveillance camera in an underground passage in Moscow on January 27, 2020. - A vast and contentious network of facial-recognition cameras keeping watch over Moscow is now playing a key role in slowing the rapid spread of coronavirus in Russia. (Photo by Kirill KUDRYAVTSEV / AFP) (Photo by KIRILL KUDRYAVTSEV/AFP via Getty Images)

Дзæуджыхъæуы бирæ уынгтæ æмæ дзыллондæр бынæтты ныронг æвæрд æрцыд 800 видеокамерæйæ фылдæр. Видеоцæстдарды ахæм системæты сæйрагдæр нысан у барадон фæтк хъахъхъæнын æмæ горæтæгты сабыр цардæн уæлæмхасæн фадæттæ аразын.

Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты бынæттон хиуынаффæйады администрацийы пресс-службæ.

Ахæм нырыккон технологон фæрæзтæй пайда кæныны тыххæй дзургæйæ, горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй амынд æууæл, æнæмæнг, сахадыдта, Дзæуджыхъæу 2025 азы Уæрæсейы цардæн æдасдæр горæттæй иуыл нымад кæй æрцыд, уыцы хъуыддагыл дæр.

«Зæрдыл æрлæууын кæндзынæн: фæндæгтыл цы камерæтæ ис, фæндаггон змæлды фæткы хæлдтытæ регистраци чи кæны, уыцы техникон фæрæзты кой нæ кæнæм. Горæты администрацийы бæрны цы камерæтæ ис, уыдон æвæрд сты, адæм бирæгæйттæй кæм вæййынц, уыцы бынæтты. Сæ сæйрагдæр нысан у барадон æхсæнадон фæтк хъахъхъæнын, стæй алыхуызон æгъдаухæлдтытæ ма ‘руа-
дзын. 2025 азы ахæм техникон фæрæзты нымæц схæццæ 818 камерæйы бæрцмæ», – бафиппайдта Милдзыхы-фырт.

Администрацийы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, видеоцæстдарды сис-
темæтæ сифтонг кодтой æппæты нырыккондæр техникон фæрæзтæй. «Видеоцæстдарды системæйы æрмæджытæй спайда кæнæн ис барадхъахъхъæнæг оргæнтæ æмæ æндæр паддзахадон структурæтæн, – радзырдта Мил-
дзыхты Вячеслав. – Амынд системæйы куыст нывылдæр кæныныл архайд 2026 азы адарддæр уыдзæн».

Калманты Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here