Боны фæткы – закъоны проекттæ

0
176

Нæ республикæйы Хицауады радон æмбырд амыдта йæ Сæрдар Дзанайты
Барис. Хицауады уæнгтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ бæрнон ныхас кодтой РЦИ-Аланийы социалон-экономикон рæзты фарстатыл.

Фыццаг уыд кадрты фарста. РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæгæй 2029 азы онг снысан кодтой Торчынты Эльвирæйы.

Физикон культурæ æмæ спорты министры хæдивæгæй дарддæр кусдзæн Санаты Аидæ 2029 азы февралы æмгъуыдмæ.

Ногъайты Аланы снысан кодтой РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæдивæгæй, Хæныкъаты Лилия та кусдзæнис æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæгæй.

РЦИ-Аланийы «Паддзахадон хæрзиуджытæ»-йы тыххæй закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй дзырдта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. «Фæсивæды сгуыхт зондамонæг» – ахæм кады нысан лæвæрд цæудзæнис, йæ куыст зæрдæйæ чи уарзы, æнтыстдзинæдтæ чи равдыста æмæ 15 азæй фылдæр чи фæллой кæны, уыдонæн.

Дарддæр дæр стыр æргом здæхт цæудзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæм, ахуырадон куыстуæтты сæ фиддонтæй суæгъд кæндзысты. Иудадзыг цæстдард уыдзæн ахуырдзаутæн хæрзхъæд æмæ лæвар сихоры хæрд цæттæ кæнынмæ.  Æппæт уыцы фарстатæ рæгъмæ рахаста министр.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон программæ «Ирон адæмы национ-культурон райрæзт»-æн цы ахадындзинад ис, цавæр нысантæ æвæры йæ размæ, уый тыххæй дæр дзырдтой æмбырды архайджытæ.

РЦИ-Аланийы Транспорты комитеты фарстатæ, стæй муниципалон æмæ æндæр маршруттыл бæлццæттæ æмæ сæ хæссинæгтæ ласыны тарифтæ сфидар кæныны фарстайыл ныхас кодта комитеты сæрдар Захъаты Алан. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй муниципалон маршрутты транспорты лæггæдтæн дзуапп дæтдзæн республикæйы Транспорты комитет. Уыцы фæтк сфидар кодтой Хицауады уæнгтæ.

– Архайæм транспортæн иумæйаг системæ скæныныл, цæмæй алы районмæ дæр уа иухуызон цæстдард æмæ æххуыс. Тарифтæ бирæ азты ивд не ’рцы-
дысты, æмæ ныр дæр ницы аивдзæн. Национ программæты архайынæн гæнæнтæ агурæм, – зæгъы Захъаты Алан.

Нæ республикæйы Фæндæгты фонд куыд æххæстгонд цæуы, фæндæгтыл æдасæй цæуыны фарстаты мадзæлттæ æмæ 2026 азы арæзт æмæ цалцæггонд кæцы автомобилон фæндæгтæ цæудзысты, уый тыххæй дзырдта РЦИ-Аланийы Фæндæгты хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль.

Æмбырды архайджытæ ма ныхас кодтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

 

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here