Æрдз бахъахъхъæныны, хæдзардзинæй дзы пайда кæныны нысантæ

0
167

Парламенты аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты хъæппæрисæй уыд цæлхæмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Йæ архайджытæ – уыдон та Парламенты депутаттæй уæлдай уыдысты республикæйы хицаудзинад æххæстгæнæг оргæнты, стæй наукон æхсæнадты минæвæрттæ – æрбамбырд сты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æмæ æрныхас кодтой, сæрмагондæй хъахъхъæнинаг æрдзон фæзуæттæй хæдзардзинæй пайда кæныны фарстатыл. Уыцы хъуыддаджы, æмбырды архайджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй ахсджиаг у нымайын адæмы царды домæнтæ, цæмæй, уыцы зæххытæй пайда кæнгæйæ сын зиан хаст ма цæуа æмæ хъахъхъæд цæуой, уый тыххæй.

Æмбырд гом кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз бафиппайдта, цы фарс-
тайы фæдыл æрбамбырд сты, уымæн йæ ахсджиагдзинад, ныхасæй хъуыддагмæ рахизыны афон кæй у, уый æмæ загъта:

– Сæрмагондæй хъахъхъæнинаг æрдзон фæзуæтты фарстайы сæйраг хæс у, иуæрдыгæй, нæ алæмæты æрдз бахъахъхъæнын, иннæрдыгæй та хæдзарадон архайдæн фадæттæ аразын. Афтæ цæмæй уа, уымæн гæнæнтæ ис.

Республикæйы æрдзон фæрæзты æмæ экологийы министр Бæззаты Вадим куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ис, сæрмагондæй хъахъхъæнинаг федералон нысаниуæджы æртæ фæзуаты: Цæгат Ирыстоны паддзахадон фæдзæхст бынат, паддзахадон фæдзæхст бынат «Цъæййаг» æмæ национ парк «Алани». Ис ма нæм регионалон нысаниуæджы æртæ æрдзон бынаты: «Заманхъуйлаг», «Змейкæйаг-Николавскы» æмæ «Тырмойнаг», стæй æрдзон цыртдзæвæнты 216 объекты. Сæрмагондæй хъахъхъæнинаг æрдзон фæзуæттæн сæ иумæйаг фæзуат у 162  679 гектары. Уый у республикæйы æппæт зæххытæн сæ 20,3 проценты, æмæ бæрæггæнæн гыццыл нæу.

Ныхас цы фарстайыл цыд, уымæн йæ закъонæвæрынадон бындур у «Сæрмагонæй хъахъхъæнинаг æрдзон фæзуæтты» республикон закъон. Фарон æм хаст æрцыд ивд-
дзинæдтæ, æмæ, Парламенты профилон комитеты сæрдар Качараты Олег куыд загъта, афтæмæй уыдон ахъаз уыдзысты, цы фарстатæ дзы ис, уыдон алыг кæнынæн. Зæгъæм, экологон экспертизæйы разыйы дзуаппæй уыдзæн амынд зæххыты кæцыдæр хайæ хъæууонхæдзарадон нысанты спайда кæныны бар. Науæд, федералон закъон-
æвæрынад фехалгæйæ, æрдзон цыртдзæвæныл нымад чи æрцыд, уыдонæн сæ статус уыдзæн аивæн. «Афтæмæй, закъон фылдæр кæны æрдз бахъахъхъæныны фæрæзтæ. Фæлæ, уыимæ, бар дæтты, гæнæн кæмæй ис, зæххытæн сæ уыцы кæцыдæр хайæ экономикæйы рæзты нысантæн спайда кæнынæн», – загъта депутат.

Æмбырды архайджыты раныхæсты фæдыл хаст æрцыд хъуыддагæн ахъазгæнæг фæндæттæ æмæ уынаффæтæ. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй уыдон се ‘ппæт дæр суыдзысты æрдз ба-
хъахъхъæныны архайды бындурон мадзæлттæ.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here