РЦИ-Аланийы Хицауады радон æмбырд амыдта йæ Сæрдар Дзанайты Барис. Министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ се ’ргом аздæхтой нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтмæ, сæрмагондæй æрдзырдтой æндæр ахсджиаг фарстатыл.
Фыццаг уыд кадрты фарста. РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министры хæдивæгæй ног æмгъуыдмæ, 2029 азы мартъимæ, снысан кодтой Олег Быкадоровы. Нæ республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæгæй нысангонд æрцыд Ингæ Ковтун.
Хæсты, фæллойы, гæрзифтонг тыхтæ æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты ветеранты æппæтуæрæсеон æхсæнадон организациты архайдæн паддзахадон æххуысы фæтк республикæйы бюджетæй субсидийы хуызы 2026 азæн сфидар кодтой. Уыимæ, 2026 азы республикæйы бюджетæй æххуыс уыдзæн Æппæтуæрæсеон паддзахадон организаци «Сывæллæтты хъахъхъæныны фонд»-ы регионалон хайадæн йæ дарддæры архайдæн.
Уæрæсейы Экономикон рæзты министрадимæ бадзырд бафысгæйæ, фæхуыздæр уыдзысты, Беслæны 1-æм скъолайы хъыгдард чи баййæфта, уыдоны реабилитацийы уавæртæ. Ныр ныййарджытæ сæ сывæллæттимæ, сæхи дзæбæхгæнгæйæ, уæлæмхасæн хæрдзтæ нæ кæндзысты.
Ацы аз се ’нæниздзинадмæ базилдзысты 850 адæймаджы. Ацы æххуысы ахадындзинад фæнысан кодта Уæрæсейы Президент, нæ республикæйы Сæргълæууæгимæ фембæлгæйæ. Уый тыххæй æмбырды фехъусын кодта РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анджелæ.
Чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады рæзты республикон
программæмæ ивддзинæдтæ бахастой. Нæ республикæйы арæзт цæуы æппæт хъæугæ инфраструктурæ, цæмæй амалхъомты нымæц фылдæр кæна. Уый тыххæй радих кодтой 550 милуан сомы.
Паддзахадон исбонады приватизацийы бæрæггæнæнтæ рæгъмæ рахаста министр Тедеты Руслан.
Ныхас цыдис цæугæдæтты былгæрæттæ фидар кæныныл. Цæрджыты донивылдтытæй бахъахъхъæнынæн республикæйы ис 150 арæзтады.
Социалон æххуысы уæлæмхасæн гæнæнтæй спайда кæндзысты бирæсывæллонджын бинонтæ, колледжтæ æмæ техникумты æхцайыл кæй кæстæртæ ахуыр кæнынц, уыдонæн уыдзæн компенсаци райсыны фадат. Ахæм паддзахадон æххуыс уыдзæн 500 студентæй фылдæрæн.
Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой æндæр ахсджиаг фарстатыл.
ГУГКАТЫ Жаннæ














