Сæ куыстæн дзуапп дæттын

0
138

Дæ цард æнæмæтæй, сабырæй, æнæмастæй куы æрвитай, уæд æй зон: уыдæттæ сты дæ цæрæнбынатыл дзуапдæттæг пъæлицæйы æххæстбарджыны фæрцы, ома, участковыйы руаджы. Дæхæдæг дæр хъуамæ закъоны домæнтæм гæсгæ цæрай, макæй тыхсын кæнай, æмæ уæд дæ цард дæхи фæндиаг уыдзæн.

Алагиры районы пъæлицæйы æххæстбарджын участковыйтæн райдыдта дзуапп дæттыны рæстæг. Уыимæ сæ куысты тыххæй дзырдтой цæрджыты цур, районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы бæстыхаймæ æрбацыдысты мидхъуыддæгты хайады разамынд – хайады хицауы хæдивæг, пъæлицæйы дæлбулкъон Лолаты Зауырбег, паддзахадон автоинспекцийы хицау, пъæлицæйы капитан Гуырцъыты Сослан, лицензион-бардæттæг куысты разамонæг, пъæлицæйы капитан Атайты Аслан.

Раздæр уал Лолайы-фырт æрбацæуæг адæмæн бузныг загъта, ахæм æмбырдтæм кæй цæуынц, уый тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, фарон Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады разамынд фæтынгдæр кодтой фыдракæдтæ æмæ барадхæлдтытимæ тох. Сæ куыст 2025 азы куыд рауад, адæм цæмæйты тыхсынц, фыдракæндтимæ тох куыд цыдис, уыдæттыл дзырдтой пъæлицæйы хистæр лейтенант Мадзаты Ацæмæз æмæ пъæлицæйы лейтенант Сихъоты Игорь.

Æххæстбарджынтæ бæстон радзырдтой сæ куысты æппæт фæзилæнты тыххæй, уæлдай æргом аздæхтой фыдракæндтæ æмæ барадхæлдтытимæ тохы мадзæлттæм, фыдракæнд не ‘руадзыны хъуыддæгтæ нымад æрцыдысты сæйрагдæрыл. Ныхас рауад æнæхицау куиты уавæрыл дæр – адæмы тынг тыхсын кæнынц ацы æнæхæдзар цæрæгойтæ. Мадзаты Ацæмæз æмæ Сихъоты Игорь æрхастой сæ бæрæггæнæнтæ, цы хæстæ сыл æвæрд æрцыд, уыдон куыд бантыстысты, уыдоныл дзурæг хатдзæгтæ.

Наркотикон æмæ психотропон фæрæзтæ парахат кæнын стыр бæллæх кæй у, уый дæр зындгонд  у адæмæн, уымæ гæсгæ пъæлицæйы участковыйтæ фæсидтысты цæрджытæм, цæмæй æмхуызонæй слæууой ацы бæллæхи ныхмæ. Адæмы тыхстаг фарстатæ дæр рохуаты нæ баззадысты, куысты бынæтты кадавардзинад æмæ фосæн гæстæ ссарыны хъуыддаг ныртæккæ зын у. Афтæмæй хъæуты цæрджытæ æййафынц стыр къуылымпытæ, царды уæз æнкъарынц. Стыр æргом ацы ран аздахын хъæуы фæсивæдмæ, «рог æхца»-йы азары бахауынц, сæ раст фæндагæй рахизынц зылын фæндагмæ.

Районы автоинспекцийы хицау Гуырцъыты Сослан дзырдта ивгъуыд азы бæрæггæнæнтыл, фæндæгтыл æрцыд бирæ транспортон бæллæхтæ. Гуырцъыйы-фырт фæсидт, цæмæй хистæртæ сæ кæстæртимæ æмбарынгæнæн куыст кæной, сæ кæстæрты хизой фæндаггон бæллæхтæй. Æрбацæуæг адæммæ цы фарстытæ уыд, уыдонæн райстой æххæст дзуаппытæ. Сæ участковыйтæм равдыстой æууæнк, сæ куыстæй разыйæ баззадысты.

 

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here